Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Йеремиа 25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1-2 Иудейаг паддзах Иоаким, Иосиайы фырт, цыппӕрӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд вавилойнаг паддзах Навуходоносоры хицаудзинадыл цыди фыццаг аз. Уыцы заман пехуымпар Йеремиайӕн раргом ис ӕппӕт иудейӕгты фидӕн, ӕмӕ Йеремиа ӕгас Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн фехъусын кодта:

3 Дунедарӕг ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз азы дӕргъы ныхас кӕны мемӕ, иудейаг паддзах Иосиа, Амоны фырт, ӕртындӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕдӕй абонмӕ. Ӕмӕ ӕз ӕрвылбон уемӕ дзырдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстат.

4 Дунедарӕг уӕм ӕдзухдӕр ӕрвыста йӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, фӕлӕ сӕм нӕ хъуыстат, сӕ ныхӕстӕм сын уӕ хъус никуы ӕрдардтат.

5 Уыдон уын дзырдтой: «Алчидӕр уӕ йӕ фыдвӕндӕгтӕ ӕмӕ йӕ фыдракӕндтӕ ныууадзӕд, ӕмӕ цӕрут, Дунедарӕг сымах ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн мыггагмӕ кӕй радта, уыцы зӕххыл.

6 Ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл ма цӕут, ма сын кувут ӕмӕ сын ма лӕггад кӕнут; уӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ ма мӕсты кӕнут, ӕмӕ уыл уӕд фыдбылыз не ’руадздзынӕн».

7 Фӕлӕ Мӕм нӕ хъуыстат, — зӕгъы Дунедарӕг, — уӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ уӕхи фыдӕнӕн мӕсты кодтат.

8 Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Мӕ ныхӕстӕм Мын кӕй нӕ хъуыстат,

9 уый тыххӕй Ӕз фӕсиддзынӕн цӕгаты ӕппӕт адӕмтӕм, стӕй Мӕ цагъар Навуходоносормӕ, Вавилоны паддзахмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ ацы зӕххы, йӕ цӕрджыты ӕмӕ, сӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, ӕппӕт уыдоны ныхмӕ схӕцын кӕндзынӕн. Быныскъуыд сӕ фӕкӕндзынӕн, адӕмыл ӕвирхъау тас куыд бафтауой ӕмӕ хынджылӕггаг куыд суой, афтӕ; гӕныстонмӕ ӕрцӕудзысты мыггагмӕ.

10 Цин, хъӕлдзӕгдзинад ӕмӕ чындзӕхсӕвы уынӕр, куыройы хъыррыст нал фехъусдзысты, цырагъы рухс нал фендзысты.

11 Ацы зӕхх ӕгасӕй дӕр ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн ӕмӕ йӕ уындӕй алкӕй тасы ӕфтаудзӕн; ӕвдай азы дӕргъы ацы адӕмтӕ уыдзысты Вавилоны паддзахы уацары.

12 Ӕвдай азы куы рацӕуа, уӕд Ӕз сӕ фыдракӕндты тыххӕй Вавилоны паддзах ӕмӕ йӕ адӕмы, стӕй халдейӕгты бӕстӕ бафхӕрдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕнусмӕ йӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн.

13 Уыцы зӕххӕн рагацау цы снысан кодтон ӕмӕ ацы чиныджы цыдӕриддӕр фыст ис, Йеремиа ӕппӕт адӕмты тыххӕй рагуацы хуызы цыдӕриддӕр загъта, уыдон Ӕз иууылдӕр сӕххӕст кӕндзынӕн.

14 Сӕхи дӕр сын ӕнӕнымӕц адӕмтӕ ӕмӕ хъомысджын паддзӕхтӕ басӕтдзысты. Ӕз сын сӕ митӕм ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзынӕн».

15 Дунедарӕг, Израилы Хуыцау мын загъта: «Айс Мӕ къухӕй ацы кӕхц, йӕ мидӕг ис Мӕ масты сӕн. Цы адӕмтӕм дӕ арвитдзынӕн, уыдонӕн дзы се ’ппӕтӕн дӕр бадар.

16 Куы дзы бануазой, уӕд ныдздзой-дзой кӕндзысты, цы кард сӕм ӕрвитын, уый куы феной, уӕд сӕрра уыдзысты».

17 Ӕз Дунедарӕджы къухӕй кӕхц райстон ӕмӕ, цы адӕмтӕм мӕ арвыста, уыдонӕн дзы се ’ппӕтӕн дӕр бануазын кодтон:

18 Йерусалим ӕмӕ Иудейы сахартӕн, сӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ сӕ уӕздӕттӕн — цӕмӕй сафтид уой ӕмӕ сӕ уындӕй алкӕй тасы ’фтауой, хынджылӕггаг ӕмӕ ӕлгъыстаг фӕуой, ӕмӕ уыдӕттӕ ныридӕгӕн ӕвзарынц;

19 фараон — Мысыры паддзах, йӕ лӕггадгӕнджытӕ, йӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ йе ’ппӕт адӕмӕн,

20 стӕй, се ’хсӕн ӕцӕгӕлонӕй чидӕриддӕр цӕры, уыдонӕн; Уцы бӕстӕйы паддзӕхтӕн се ’ппӕтӕн дӕр; филистимаг зӕххы ӕппӕт паддзӕхтӕ — Ашкелон, Газӕ ӕмӕ Екрон, стӕй, Ашдоды цӕрджытӕй ма чи аирвӕзт, уыдонӕн;

21 Едом, Моав ӕмӕ Аммоны фырттӕн;

22 Тир ӕмӕ Сидоны паддзӕхтӕн се ’ппӕтӕн дӕр;

23 Дедан, Тема ӕмӕ Бузы цӕрджытӕн, стӕй, сӕ къӕмисӕнтӕ цы адӕмтӕ дасынц, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр;

24 Аравийы ӕппӕт паддзӕхтӕ ӕмӕ, ӕдзӕрӕг быдыры хицауиуӕг чи кӕны, уыцы паддзӕхтӕн се ’ппӕтӕн дӕр;

25 Зимри, Елам ӕмӕ Мидийы ӕппӕт паддзӕхтӕн;

26 цӕгаты дард ӕмӕ хӕстӕг паддзӕхтӕн, иуӕн иннӕйы фӕдыл — зӕххыл цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Шешахы паддзах та уыцы кӕхцӕй ӕппӕты фӕстаг бануаздзӕн.

27 Зӕгъ сын: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: нуазгӕ кӕнут ӕмӕ ныррасыг ут, сбухъ кӕнут ӕмӕ ахаут зӕххыл, кӕй уӕм ӕрвитын, уыцы карды раз уӕ бон сыстын куыннӕуал суа, афтӕ!»

28 Дӕ къухтӕй дын кӕхц куынӕ исой ӕмӕ дзы нуазын куынӕ комой, уӕд-иу сын зӕгъ: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: бануаздзыстут дзы ӕнӕмӕнг!

29 Мӕ ном кӕуыл сӕвӕрдӕуыд, уыцы сахарӕн Ӕз бӕллӕхтӕ куы ’взарын кӕнон, уӕд сымах, ау, ӕнӕфхӕрдӕй баззайдзыстут? Нӕ, ницы хуызы, уымӕн ӕмӕ Ӕз ӕппӕт зӕххон цӕрджыты карды амӕттаг бакӕндзынӕн», — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.

30 Ацы ныхӕстӕ сын иууылдӕр фехъусын кӕн, зӕгъ сын: «Дунедарӕг бӕрзондӕй ныннӕрдзӕн, Йӕ уаз цӕрӕнӕй райхъуысдзӕн Йӕ хъӕлӕс! Ныннӕрдзӕни Йӕ дзугыл, сӕндуцӕгау ныхъхъӕр кӕндзӕн ӕппӕт зӕххон цӕрджытыл!

31 Гыбар-гыбур зӕххы кӕрӕттӕм айхъуысдзӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг адӕмтӕн тӕрхон кӕны. Уый алкӕмӕй дӕр дзуапп ӕрдомдзӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.

32 Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Мӕнӕ иу адӕмӕй иннӕмӕ фыдбылыз цӕуы, зӕххы кӕрӕттӕй стыр тымыгъ сыстад».

33 Уыцы бон, Дунедарӕг кӕй амардзӕн, уыдоны мӕрдтӕ ӕгас зӕххыл лӕзӕрдзысты. Ничи сыл скӕудзӕн, ничи сӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, ӕмӕ ныгӕд не ’рцӕудзысты, фаджысау зӕххыл баззайдзысты.

34 Фыййӕуттӕ, кӕут ӕмӕ дзыназут! Рӕгъауы фӕтӕгтӕ, уӕхиуыл рыг ӕркалут, уымӕн ӕмӕ уе ’ргӕвдыны рӕстӕг ӕрхӕццӕ; ныххӕлиу уӕ кӕндзысты, ӕмӕ зынаргъ мигӕнӕнау ныппырх уыдзыстут.

35 Фыййӕуттӕн бамбӕхсын нӕ бантысдзӕн, рӕгъауы фӕтӕгтӕ нӕ фервӕздзысты.

36 Хъуысы фыййӕуты кӕуын, дзыназынц рӕгъауы фӕтӕгтӕ: Дунедарӕг сын бабын кодта сӕ сӕрвӕттӕ!

37 Сабыр фосдӕттӕ Дунедарӕджы судзгӕ мастӕй сӕфынц!

38 Цыма домбай йӕ лӕгӕтӕй рацыд, уый хуызӕн сси, ӕмӕ ӕгъатыр мастӕй, Йӕ судзгӕ мастӕй ӕдзӕрӕг быдыр фестади зӕхх!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan