Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Йеремиа 24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Навуходоносор, Вавилоны паддзах, Йерусалимӕй Вавилонмӕ уацары акодта Иудейы паддзах Йехониайы, Иоакимы фырты, стӕй иудейаг уӕздӕтты, куырдты ӕмӕ ӕрмдӕсныты. Уыцы заман мын Дунедарӕг фенын кодта цӕстылуайӕн: мӕнӕ Дунедарӕджы хӕдзары цур лӕууынц дыууӕ чыргъӕды, легъуи бӕласы дыргътимӕ.

2 Иу чыргъӕды — рагафон чи ӕрзади, ахӕм рӕсугъд дыргътӕ, иннӕйы та — хӕдӕвзӕрдтытӕ, фыр ӕвзӕрӕй бахӕрынмӕ нӕ бӕззыдысты.

3 Дунедарӕг мын загъта: «Йеремиа, цы уыныс?» Ӕз Ын дзуапп радтон: «Легъуи бӕласы дыргътӕ, сӕ дзӕбӕхтӕ сты диссаджы рӕсугъд, хӕдӕвзӕрдтытӕ та ахӕм ӕвзӕр сты, ӕмӕ сӕ бахӕрӕн нӕй».

4 Уӕд мын Дунедарӕг загъта:

5 «Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: ацы легъуитӕ куыд дзӕбӕх сты, ахӕм хӕрзтыл банымайдзынӕн, Иудейы бӕстӕй халдейӕгты зӕхмӕ уацары кӕй арвыстон, уыцы адӕмы.

6 Сӕ фарны сӕраппонд сӕм ӕркӕсдзынӕн ӕмӕ сӕ ацы зӕхмӕ раздахдзынӕн. Мӕ фӕрцы сфидар уыдзысты, ӕмӕ сӕ нал ныддӕрӕн кӕндзынӕн, куы сӕ байтауон, уӕд сӕ нал срӕдувдзынӕн.

7 Ӕмбаргӕ зӕрдӕтӕ сын ратдзынӕн, цӕмӕй Мӕ зоной, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый базоной. Уыдон суыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та — сӕ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ Мӕм зӕрдиагӕй раздӕхдзысты.

8 Ацы ӕвзӕр легъуиты, фыр ӕвзӕрӕй бахӕрӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыдоны хъысмӕт та, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз бавзарын кӕндзынӕн иудейаг паддзах Цедекиа ӕмӕ йӕ уӕздӕттӕн, Йерусалимы цӕрджытӕй ацы зӕххыл цӕргӕйӕ чи баззади, уыдонӕн, стӕй, Мысырмӕ чи ацыди, уыдонӕн дӕр.

9 Ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн суыдзысты стыр тас ӕмӕ бӕллӕхы ӕвирхъау дӕнцӕг, кӕдӕм сӕ фӕсурон, уыцы бӕстӕты ӕгад ӕмӕ фидиссаг суыдзысты, хынджылӕг сӕ кӕндзысты ӕмӕ сӕ ’лгъитдзысты.

10 Кардӕй сӕ ныццӕгъддзынӕн, стонг ӕмӕ сын рын бавзарын кӕндзынӕн, цалынмӕ, сӕ фыдӕлтӕн ӕмӕ сын сӕхицӕн кӕй радтон, уыцы зӕххӕй бынтондӕр фесӕфой, уӕдмӕ».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan