Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Йеремиа 23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Додойаг фесты, Мӕ фысты рӕгъау Мын чи сафы ӕмӕ сӕ чи ныххӕлиу кодта, уыцы фыййӕуттӕ! — зӕгъы Дунедарӕг.

2 Мӕ адӕмы Мын цы фыййӕуттӕ хизынц, уыдоны тыххӕй Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Мӕ фысты Мын ныххӕлиу кодтат, алырдӕмты сӕ фӕсырдтат, нӕ сыл аудыдтат, ӕмӕ уӕ Ӕз уӕ фыдракӕндты тыххӕй бафхӕрдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —

3 Мӕ фыстӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны Ӕз цы бӕстӕтӕм фӕсырдтон, уырдыгӕй фӕстӕмӕ сӕ цӕрӕнбынатмӕ раздахдзынӕн, ӕмӕ та ногӕй сбирӕ уыдзысты.

4 Сӕ сӕргъы сын, чи сӕ хиздзӕн, ахӕм фыййӕуттӕ сӕвӕрдзынӕн, нал тӕрсдзысты ӕмӕ нал сӕфдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.

5 Ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз бӕрзонд сӕвӕрдзынӕн Давиды байзӕддаджы, рӕстаг Ӕвзар. Йӕ бадӕны ӕрбаддзӕн паддзах, йӕ хъуыддӕгты архайдзӕн уӕлзондимӕ, раст тӕрхон кӕндзӕни зӕххыл.

6 Йӕ заманы Иудей фервӕздзӕн, Израил цӕрдзӕн ӕдасӕй, схондзысты йӕ «Дунедарӕг — нӕ растгӕнӕг».

7 Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ афтӕ ничиуал зӕгъдзӕн: «Цардӕгас у Дунедарӕг, Израилы фыртты Мысырӕй Чи ракодта, Уый!»

8 Дзурдзысты афтӕ: «Цардӕгас у Дунедарӕг, Израилы байзӕддӕгты цӕгатӕй ӕмӕ, кӕдӕм сӕ фӕсырдта, ӕппӕт уыцы бӕстӕтӕй Чи раздӕхта, Уый!» Ӕмӕ сӕхи зӕххыл цӕрдзысты.

9 Пехуымпарты тыххӕй. Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны, ӕмризӕджы ризын! Дунедарӕджы уаз ныхӕсты тыххӕй расыгау сдӕн, цыма мыл сӕн фӕтых ис, уыйау!

10 Хӕтаг адӕмӕй байдзаг ис зӕхх, богъ-богъӕй кӕуы ӕлгъыст зӕхх! Ӕдзӕрӕг быдыры сӕрвӕттӕ басыгъдысты. Адӕм фыдракӕндтӕм тырнынц, галиу хъуыддӕгты фӕрцы стыхджын сты;

11 сауджынӕй, пехуымпарӕй — цӕстмӕхъустӕ. «Суанг сын Мӕ Хӕдзары дӕр сӕ фыдракӕндтӕ уынын, — зӕгъы Дунедарӕг. —

12 Уымӕ гӕсгӕ сӕ фӕндаг талынг ӕмӕ бырынцъаг суыдзӕн; фесхойдзысты сӕ, ӕмӕ зӕхмӕ ахаудзысты, уымӕн ӕмӕ, сӕ тӕрхоны аз куы ралӕууа, уӕд сын фыдбылыз бавзарын кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —

13 Ӕз федтон, самариаг пехуымпартӕ зондцухтау Баалы номӕй пехуымпариуӕг куыд кодтой ӕмӕ Мын Мӕ адӕмы, Израилы, куыд фӕрӕдийын кодтой, уый.

14 Ӕз уынын: Йерусалимы пехуымпартӕ дӕр ӕлгъаг митӕ кӕнынц: хӕтынц, сӕ хъуыддӕгты рӕстдзинад нӕй. Фыдгӕнджытӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй дзы иу дӕр йӕ фыдракӕндтӕ ма ныууадза. Мӕ разы иууылдӕр Содомы хуызӕн систы, Йерусалимы цӕрджытӕ — Гоморрӕ».

15 Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг пехуымпарты тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Маргджын дон ӕмӕ скъӕлдзойӕ сӕ бафсаддзынӕн, уымӕн ӕмӕ ӕгас зӕхх дӕр фӕчъизи ис Йерусалимы пехуымпарты тыххӕй».

16 Уӕларвӕфсады Бардарӕг зӕгъы: ма хъусут пехуымпарты ныхӕстӕм, сӕ рагуацтӕм, сайгӕ уӕ кӕнынц уыдон. Дунедарӕджы ныхӕстӕ уын нӕ дзурынц, фӕлӕ, сӕ цӕстытыл цы ауад, уыдӕттӕ.

17 Ӕлгъ Мыл чи кӕны, уыдонӕн дзурынц: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: сабырдзинад уыдзӕн уӕ зӕххыл». Хивӕндӕй чи цӕры, уыцы адӕмы сайынц: «Фыдбылызтӕ уыл не ’рцӕудзысты».

18 Фӕлӕ чи уыди Дунедарӕджы ӕмбырды? Чи йӕ федта? Чи Йын фехъуыста Йӕ ныхӕстӕ?

19 Дунедарӕджы зилгӕ уад ӕрбабырсы, фыр мӕстӕй абухы, афтӕмӕй уыцы тыхдымгӕ фесафдзӕни фыдгӕнджыты.

20 Дунедарӕгӕн Йӕ маст не ’рсабыр уыдзӕн, цалынмӕ, Йӕ зӕрды цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ сӕххӕст кӕна, уӕдмӕ. Уый фидӕны ӕххӕстӕй бамбардзыстут.

21 Ӕз ацы пехуымпарты нӕ арвыстон, уыдон ӕрбазгъордтой сӕхӕдӕг! Ӕз семӕ нӕ дзырдтон, афтӕмӕй пехуымпариуӕг кодтой.

22 Уыдон Ме ’мбырды куы лӕууыдаиккой, уӕд Мӕ адӕмӕн фехъусын кодтаиккой Мӕ ныхӕстӕ, сӕ фыдбылызы фӕндагӕй сӕ раздӕхтаиккой ӕмӕ сын сӕ фыдракӕндтӕ ныууадзын кодтаиккой.

23 Ау, ӕрмӕст хӕстӕгмӕ дӕн Хуыцау? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, дардмӕ Хуыцау нал дӕн? —

24 Кӕм бамбӕхсдзӕн адӕймаг, цӕмӕй йӕ Ӕз ма фенон? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, арв ӕмӕ зӕхх Мӕнӕй йемыдзаг не сты? — зӕгъы Дунедарӕг.

25 Ӕз фехъуыстон, Мӕ номӕй мӕнг ныхӕстӕ цы пехуымпартӕ дзурынц, уыдоны ныхӕстӕ. Адӕмӕн фӕзӕгъынц: «Ӕз фын федтон! Ӕз фын федтон!»

26 Кӕдмӕ уыдзӕн афтӕ, стӕй, ӕрымысгӕ ныхӕстӕ цы пехуымпартӕ дзурынц, уыдон ахӕм зондыл хӕст кӕдмӕ уыдзысты?

27 Ӕнхъӕлынц ӕмӕ, кӕрӕдзийӕн цы фынтӕ дзурынц, уыдоны тыххӕй Мӕ адӕм ферох кӕндзысты Мӕ ном, кӕддӕр сӕ фыдӕлтӕ Баалы тыххӕй Мӕ ном куыд ферох кодтой, афтӕ.

28 Фын чи федта, уыцы пехуымпар-иу йӕ фын адӕмӕн фынау дзурӕд. Мӕ ныхас Мын чи фехъуыста, уый та йӕ раст хъусын кӕнӕд. Цы ис иумӕйагӕй мӕнӕу ӕмӕ зыгуыммӕ? — зӕгъы Дунедарӕг.

29 — Ау, Мӕ ныхас арты, къӕдзӕхсӕттӕг дзӕбуджы хуызӕн нӕу? — зӕгъы Дунедарӕг.

30 Ӕз сыстадтӕн пехуымпарты ныхмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — Мӕ ныхӕстӕ Мын давынц кӕрӕдзийӕ.

31 Пехуымпарты ныхмӕ сыстадтӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ уыдон ӕрмӕст дзӕгъӕлдзырд кӕнынц, афтӕмӕй та дзурынц Дунедарӕджы номӕй.

32 Ӕз, сӕ мӕнг фынтӕ цы пехуымпартӕ дзурынц, уыдоны ныхмӕ сыстдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Сӕ фынтӕй ӕмӕ сӕ къӕйных мӕнг ныхӕстӕй Мӕ адӕмӕн сӕ зонд сзгъуыммӕ кодтой, афтӕмӕй сӕ Ӕз нӕ арвыстон ӕмӕ сын ахӕм бардзырд нӕ радтон. Уыдон ацы адӕмӕн ницы пайда ӕрхӕсдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.

33 Адӕмӕй, пехуымпартӕй кӕнӕ сауджынтӕй дӕ исчи куы фӕрса, Дунедарӕг цавӕр рагуац рарвыста, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын зӕгъ: Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Уӕхӕдӕг уӕхицӕн рагуацтӕ систут, Ӕз уӕ ныууагътон».

34 Ӕмӕ пехуымпартӕй, сауджынтӕй кӕнӕ адӕмӕй исчи Дунедарӕджы номӕй пехуымпариуӕг куы кӕна, уӕд ын Ӕз йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронты дӕр бафхӕрдзынӕн.

35 Алчи кӕрӕдзийы ӕмӕ ӕфсымӕр ӕфсымӕры фӕрсӕд: «Цавӕр дзуапп радта Дунедарӕг?» кӕнӕ: «Дунедарӕг цы загъта?»

36 Дунедарӕджы рагуац, зӕгъгӕ, мачиуал сдзурӕд, уымӕн ӕмӕ сымахӕй алкӕмӕн дӕр йӕхи ныхӕстӕ рагуацтӕ систы, цардӕгас Хуыцауы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, уӕ Хуыцауы, ныхӕстӕ та сзыгъуыммӕ кодтат.

37 Пехуымпары-иу фӕрсут: «Цавӕр дзуапп дын радта Дунедарӕг?» кӕнӕ: «Дунедарӕг цы загъта?»

38 Дунедарӕджы рагуац, зӕгъгӕ, ма уӕ дзыхӕй куы ссӕуа, уӕд та Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: сымах Дунедарӕджы рагуац, зӕгъгӕ, кӕй дзурут, кӕд ӕмӕ уын Ӕз бафӕдзӕхстон, Дунедарӕджы номӕй пехуымпариуӕг мауал кӕнут, зӕгъгӕ,

39 уый тыххӕй уӕ Ӕз бынтондӕр ферох кӕндзынӕн, ныууадздзынӕн уын уӕхи дӕр ӕмӕ сымахӕн, стӕй уӕ фыдӕлтӕн цы сахар радтон, уый дӕр.

40 Ӕнусмӕ уӕ сӕгад кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ худинаг нӕ ферох уыдзӕн мыггагмӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan