Йеремиа 22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Иудейаг паддзахы галуанмӕ ацу ӕмӕ йын фехъусын кӕн: 2 «Иудейы паддзах, Давиды паддзахы бадӕны бадӕг, байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ! Дӕхӕдӕг, стӕй дӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ дӕ адӕм, ацы кулдуары уылты чидӕриддӕр бацӕуы, уыдон се ’ппӕт дӕр хъусӕнт!» 3 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Раст хъуыддӕгтӕ кӕнут, мӕгуыр лӕджы-иу йе ’фхӕрӕджы къухӕй фервӕзын кӕнут. Ма хъыгдарут ӕмӕ ма ’фхӕрут ӕндӕрбӕстаджы, сидзӕр ӕмӕ идӕдзы, ӕнаххосты туг ма калут ацы ран. 4 Ӕппӕт уыдӕттӕ куы сӕххӕст кӕнат, уӕд, Давиды бадӕны цы паддзӕхтӕ бадынц, уыдон, стӕй сӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ сӕ адӕм ацы галуаны кулдуары уылты бӕхтыл ӕмӕ бӕхуӕрдӕттыл цӕудзысты. 5 Ацы ныхӕстӕм куынӕ байхъусой, уӕд та, сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — ацы галуан хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн!» 6 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг иудейаг паддзахы хӕдзары тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Ды Галаад ӕмӕ Ливаны хӕхтау лӕууыс Мӕ разы, фӕлӕ дӕ Ӕз ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, дӕ сахарты цӕрӕг нал баззайдзӕн. 7 Дӕ ныхмӕ дын сафджытӕ сцӕттӕ кодтон, се ’ппӕтмӕ дӕр хӕцӕнгӕрзтӕ радтон. Дӕ хуыздӕр нӕзы бӕлӕстӕ дын акалдзысты ӕмӕ сӕ басудздзысты. 8 Бирӕ адӕмтӕ, сахары рӕзты цӕугӕйӕ, кӕрӕдзийы фӕрсдзысты: „Ацы стыр сахарӕн Дунедарӕг ахӕм тӕрхон цӕмӕн рахаста?“ 9 Ӕмӕ сын дзуапп ратдзысты: „Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгимӕ, сӕ Хуыцауимӕ, цы фидыд сарӕзтой, уый сӕ ферох ис, ӕндӕр хуыцӕуттӕм куывтой ӕмӕ сын лӕггад кодтой“». 10 Ма кӕут мардыл, ма йыл хъыг кӕнут! Уацары чи ацыди, ууыл дзыназут: нал раздӕхдзӕн фӕстӕмӕ, йӕ райгуырӕн бӕстӕ нал фендзӕн. 11 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Иудейы паддзах Шаллумы, йӕ фыд Иосиайы фӕстӕ хицау чи сси ӕмӕ ардыгӕй чи ацыд, уый тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Уый ардӕм нал раздӕхдзӕн. 12 Уацары йӕ кӕдӕм акодтой, уым йӕ мӕлӕт ссардзӕн, ацы зӕхх нал фендзӕн. 13 Додойаг у, галиу миты фӕрцы йӕхицӕн хӕдзар чи аразы ӕмӕ йӕ галуантӕ фыдракӕндты руаджы чи самадта, йӕ хионы лӕвар чи кусын кӕны ӕмӕ йын йӕ мызд чи нӕ фиды! 14 Уый зӕгъы: „Стыр хӕдзар, уӕрӕх галуантӕ сараздзынӕн мӕхицӕн“. Йӕ рудзгуытӕ йын нӕзыхъӕдӕй ӕмӕ сырх ахорӕнтӕй саив кӕны. 15 Цӕмӕй дӕ нӕзытӕй ӕппӕлай, уый тыххӕй сдӕ паддзах? Дӕ фыд дӕр хӕргӕ ӕмӕ нуазгӕ кодта, фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕ раст уыдысты! Рӕстдзинады фӕдыл цыд ӕмӕ ӕнӕмастӕй царди. 16 Мӕгуыр адӕмы хъаст кӕй ӕвзӕрста, ӕнӕмастӕй дӕр уымӕн царди! Хуыцауы чи зоны, уый уыдӕттӕй бӕрӕг вӕййы, — зӕгъы Дунедарӕг. — 17 Дӕуӕн та дӕ цӕстытӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕ бӕллынц ӕрмӕст ӕфтиагмӕ, ӕнаххосты туг калынмӕ, ӕфхӕрд ӕмӕ тыхмимӕ!» 18 Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Иудейы паддзах Иоакимы, Иосиайы фырты, тыххӕй афтӕ зӕгъы: ничи йыл ныхъхъарӕг кӕндзӕн: «Уӕ, додой, ме ’фсымӕр! Уӕ, додой, мӕ хо!» Нӕ йыл ныккӕудзысты: «Уӕ, додой, мӕ хицау! Уӕ, додойаг куы фӕци йӕ кад!» 19 Хӕрӕгау ӕй баныгӕндзысты: аласдзысты йӕ ӕмӕ йӕ Йерусалимы кулдуарӕй фехсдзысты. 20 Ливаны хӕхтӕм ссу ӕмӕ дзыназ! Башаны хъарӕг кӕн, ныхъхъӕр кӕн Аваримӕй: дӕ цӕдисонтӕ иууылдӕр бабын сты! 21 Фӕрнджынӕй куы цардтӕ, уыцы заман-иу демӕ дзырдтон, фӕлӕ ды загътай: «Нӕ Дӕм хъусдзынӕн!» Де ’взонджы бонтӕй абоны онг афтӕ кӕныс — нӕ Мын хъусыс Мӕ ныхасмӕ! 22 Дӕ фыййӕутты дын дымгӕ ахӕсдзӕн, дӕ цӕдисонты дын уацары акӕндзысты. Дӕ фыдракӕндты аххосӕй фӕхудинаг уыдзынӕ ӕмӕ ницӕйаджы бынатмӕ ’рхаудзынӕ! 23 О Ливаны цӕрӕг, нӕзы бӕлӕстыл ахстӕттӕ чи скодта, уый! Дӕ хъизӕмӕртты заман арӕг усау ныхъхъӕрздзынӕ! 24 Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — иудейаг паддзах Йехониа, Иоакимы фырт, Мӕ къухыл мыхуырӕвӕрӕн къухдарӕн куы фестадаид, уӕд дӕр ӕй срӕдывтаин! 25 Дӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы ӕмӕ кӕмӕй тӕрсыс, уыдоны Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕмӕ халдейӕгты къухтӕм ратдзынӕн. 26 Дӕ ныййарӕг мадимӕ дӕ ӕцӕгӕлон бӕстӕм фӕсурдзынӕн. Сымах уым нӕ райгуырдыстут, фӕлӕ уыцы ран амӕлдзыстут. 27 Ацы зӕхмӕ раздӕхынмӕ бӕллут, фӕлӕ уын уый нӕ бантысдзӕн. 28 Ау, Йехониа ницӕйаг саст дурын, ӕнӕхъӕугӕ мигӕнӕнӕн у? Йӕ байзӕддӕгтимӕ ӕцӕгӕлон зӕххыл уацайраг цӕмӕн сси? 29 О зӕхх, байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ! 30 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ацы лӕджы, цотӕй хай кӕмӕн нӕй, ахӕмыл банымайут, цӕрӕнбонты уыдзӕн ӕнамонд. Йӕ байзӕддӕгтӕй иу дӕр амондджын нӕ уыдзӕн, уыдонӕй Давиды паддзахы бадӕны ничи сбаддзӕн ӕмӕ Иудейы паддзахиуӕг нӕ кӕндзӕн». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia