Йеремиа 21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас. Уый уыди, паддзах Цедекиа Йеремиамӕ Малкиайы фырт Пашхур ӕмӕ сауджын Софониайы, Маасеайы фырты, куы арвыста, уыцы рӕстӕг. Паддзах сын бафӕдзӕхста афтӕ зӕгъын: 2 «Дунедарӕгӕн мах тыххӕй балӕгъстӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ Вавилоны паддзах Навуходоносор нӕ ныхмӕ схӕцыди. Чи зоны, ӕмӕ нын Дунедарӕг, раздӕры заман куыд уыдис, афтӕ ӕмбисонды хъуыддаг сараза, ӕмӕ Навуходоносор ардыгӕй йӕхи айса». 3-4 Йеремиа сын дзуапп радта: «Зӕгъут Цедекиайӕн: „Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: сымах Вавилоны паддзах ӕмӕ халдейӕгты ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕй хӕцут, уыдон уын Ӕз уӕхи ныхмӕ сараздзынӕн. Халдейӕгтӕ систы алыварс ӕрхъула кодтой, фӕлӕ сӕ Ӕз сахары астӕу ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. 5 Ӕз Мӕхӕдӕг хӕцдзынӕн уӕ ныхмӕ Мӕ хъомысджын къухӕй, фыр мӕстӕй пиллон арт уадзгӕйӕ! 6 Ацы сахары чидӕриддӕр цӕры, адӕмӕй, цӕрӕгойӕ, — се ’ппӕты дӕр бабын кӕндзынӕн! Иууылдӕр ӕбуалгъ рынӕй фесӕфдзысты! 7 Уый фӕстӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — Иудейы паддзах Цедекиа ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты, стӕй ӕппӕт адӕмы — ацы сахары кард, рын ӕмӕ стонгӕй чидӕриддӕр аирвӕзти, уыдоны — иууылдӕр вавилойнаг паддзах Навуходоносоры ӕмӕ, сӕ мӕлӕтмӕ цы знӕгтӕ бӕллынц, уыдоны къухтӕм ратдзынӕн. Паддзах сӕ карды амӕттаг бакӕндзӕн, нӕ сыл бацауӕрддзӕн, нӕ сын ныббардзӕн ӕмӕ сын нӕ батӕригъӕд кӕндзӕн“. 8 Ацы адӕмӕн та зӕгъ: „Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз сымахӕн дӕттын цард ӕмӕ мӕлӕты фӕндӕгтӕ. 9 Ацы сахары чидӕриддӕр баззайа, уыдон кард, стонг ӕмӕ рынӕй фесӕфдзысты. Уӕ алыварс цы халдейӕгтӕ ӕрхъула кодтой, уыдонӕн сӕ размӕ чи рацӕуа ӕмӕ йӕхи сӕ къухтӕм чи ратта, уыдон иууылдӕр удӕгасӕй баззайдзысты, хӕрзиуӕгӕн цард айсдзысты. 10 Уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы сахармӕ Ме ’ргом раздӕхтон йӕ фарнӕн нӕ, фӕлӕ йӕ фыдбылызӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Вавилойнаг паддзахы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн ӕмӕ йӕ уый саусыгъд бакӕндзӕн“». 11 Иудейаг паддзахы хӕдзаронтӕ! 12 Давиды байзӕддӕгтӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Сӕумӕйӕ-иу раст тӕрхон кӕнут, мӕгуыр лӕджы-иу йе ’фхӕрӕджы къухтӕй фервӕзын кӕнут, науӕд, уӕ фыдракӕндтӕм кӕсгӕйӕ, Мӕ маст ссудздзӕни пиллон артау, ӕнӕ ахуысгӕ зынгирвӕзтау. 13 О тъӕпӕны цӕрӕг, о дӕлвӕзы къӕдзӕх! Ныр Мӕхӕдӕг сыстадтӕн дӕ ныхмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. — Сымах дзурут: „Нӕ ныхмӕ чи рацӕудзӕн? Нӕ хӕдзӕрттӕм нын чи бабырсдзӕн?“ 14 Ӕз уын уӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Уӕ хъӕдыл уын арт бандзардзынӕн, ӕмӕ уыцы арт, йӕ алыварс цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр аныхъуырдзӕн». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia