Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Йеремиа 20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Сауджын Пашхур, Иммеры фырт, фехъуыста Йеремиайы рагуацтӕ. Уый уыди Хуыцауы хӕдзары сӕйраг уагдар.

2 Пашхур Йеремиайы фӕнадта ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы хӕдзары кӕрты, Бениамины кулдуары цур, хъадаманты сбадын кодта.

3 Дыккаг бон Пашхур Йеремиайы йӕ хъадамантӕй суӕгъд кодта, ӕмӕ йын Йеремиа загъта: «Дунедарӕг дыл Пашхуры бӕсты сӕвӕрдзӕн ӕндӕр ном — Магор-Миссавив,

4 уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: дӕхиуыл дӕр ӕмӕ де ’ппӕт ӕрдхӕрдтыл дӕр Ӕз ӕвирхъау тас бафтаудзынӕн, дӕ цӕстыты раз знаджы кардӕй сӕ мӕлӕт ссардзысты. Ӕгас Иудей Ӕз Вавилоны паддзахы къухтӕм ратдзынӕн: иуты дзы акӕндзӕн Вавилонмӕ, иннӕты кардӕй ныццӕгъддзӕн.

5 Ацы сахары исбон ӕгасӕй дӕр: йе ’ппӕт ӕфтиӕгтӕ, зынаргъ дзаумайӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон, Иудейы паддзӕхты ӕппӕт хӕзнатӕ, Ӕз ратдзынӕн знӕгты къухтӕм. Уыдон бӕстӕ сафтид кӕндзысты ӕмӕ се ’фтиӕгтӕ Вавилонмӕ аласдзысты.

6 Ды та, Пашхур, де ’ппӕт хӕдзаронтимӕ Вавилонмӕ уацары ацӕудзынӕ ӕмӕ уым амӕлдзынӕ. Дӕхи дӕр ӕмӕ, рагуацты хуызы мӕнг ныхӕстӕ кӕмӕн дзырдтай, дӕ уыцы ’мбӕлтты дӕр дын уым баныгӕндзысты».

7 О Дунедарӕг, асайдтай мӕ ӕмӕ сайд дӕн. Фӕуӕлахиз мыл дӕ, уымӕн ӕмӕ Ды тыхджындӕр дӕ. Хъазинаг сдӕн ӕрвылбон, алкӕмӕн — хынджылӕггаг!

8 Мӕ алы ныхас — хъӕрахст, ӕрдиаг кӕнын стыгъд ӕмӕ тыхмийыл! Дунедарӕджы ныхас кӕй хъусын кӕнын, уый тыххӕй сӕгад дӕн, алы бон — хынджылӕггаг.

9 Ӕз загътон: «Сӕ зӕрдыл сын Ӕй нал ӕрлӕууын кӕндзынӕн, нырӕй фӕстӕмӕ Йӕ номы сӕраппонд нал дзурдзынӕн!» Фӕлӕ цыма мӕ зӕрдӕйы арт ссыгъд ӕмӕ ме стджыты мидӕг ахст уыди, уыйау сфӕлмӕцыдтӕн, мӕ бон ӕй бауромын нал уыд.

10 Мӕ алыварс хъуыстон цъыфкалӕн ныхӕстӕ, алырдыгӕй — ӕртхъирӕнтӕ: «Бахъаст ыл кӕнут! Цӕй ӕмӕ йӕ банымудзӕм!» Хӕларӕй кӕимӕ цардтӕн, уыдон ныр, кӕд фӕкӕлдзынӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц: «Кӕд истӕмӕй фӕрӕдиид — уӕд ыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм ӕмӕ дзы нӕ маст райсдзыстӕм».

11 Фӕлӕ Дунедарӕг тыхджын ӕфсӕддонау мемӕ ис ӕдзухдӕр. Уымӕ гӕсгӕ, мӕ фӕдыл чи зилы, уыдон фӕкӕлдзысты, нӕ мыл фӕуӕлахиз уыдзысты. Худинаджы бын фӕуыдзысты, цӕмӕ бӕллынц, уый сӕ къухы нӕ бафтдзӕн, сӕ худинаг нӕ ферох уыдзӕн мыггагмӕ.

12 Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Ды рӕстгӕнӕджы фӕлварыс, уд ӕмӕ зӕрдӕ уыныс! Уадз ӕмӕ ӕз Дӕ мастисӕн тӕрхон фенон, Дӕ бар куы бакодтон мӕ хъуыддаг!

13 Зарут Дунедарӕгӕн! Стаут Дунедарӕджы! Уый мӕгуыр лӕджы фыдгӕнджытӕй фервӕзын кӕны!

14 Мӕ гуырӕнбон ӕлгъыст фӕуӕд! Мӕ мад мӕ цы бон ныййардта, уый арфӕгонд ма уӕд!

15 Мӕ фыдмӕ, фырт дын райгуырди, зӕгъгӕ, хӕрзӕггурӕггаг чи фӕци ӕмӕ йӕ уымӕй амондджын чи скодта, уый ӕлгъыст фӕуӕд!

16 Уыцы адӕймаг, Дунедарӕг ӕгъатырӕй цы сахартӕ ныззыгуым кодта, уыдоны хъысмӕт бавзарӕд! Сӕумӕрайсом хъусӕд хъарӕг, ӕмбисбон — тохы хъӕртӕ;

17 мады гуыбыны мӕ нӕ амардта, цӕмӕй мӕ ныййарӕг мад суа мӕ ингӕн, йӕ гуыбын ӕнустӕм баззайа ӕнхъӕлцауӕй!

18 Цӕмӕн рацыдтӕн мады гуыбынӕй? Ӕрмӕстдӕр тухӕнтӕ ӕвзарынмӕ ӕмӕ ӕгадӕй амӕлынмӕ?

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan