Йеремиа 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Дунедарӕг мын фехъусын кодта Йӕ ныхас: 2 Ацу ӕмӕ Йерусалимы хъӕлӕсыдзагӕй фехъусын кӕн: афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Ӕз хъуыды кӕнын, де ’взонджы бонты Мыл куырдуаты бадӕг чызгау ӕнувыд кӕй уыдтӕ, уый, ӕдзӕрӕг быдырмӕ, ӕнӕконд зӕхмӕ, рацыдтӕ Мӕ фӕдыл. 3 Израил Дунедарӕгӕн Йӕ уаз хай, Йӕ хоры сӕр уыди! Чи-иу ӕм фӕныхылдта, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ касти тӕрхон, фыд азар-иу сӕ баййӕфта», — зӕгъы Дунедарӕг. 4 Йаковы байзӕддӕгтӕ, Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕ! Уе ’ппӕт дӕр Дунедарӕджы ныхасмӕ байхъусут! 5 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Уӕ фыдӕлтӕ Мӕм цавӕр азым ссардтой, цӕмӕн адард сты Мӕнӕй? Уыдон мӕнгдзинады фӕдыл ацыдысты ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр смӕнг сты. 6 Дунедарӕджы не ’рцагуырдтой ӕмӕ афтӕ нӕ загътой: «Уый нӕ ракодта Мысыры зӕххӕй; ӕдзӕрӕг быдыры, ӕнӕдон ӕмӕ саудалынг бӕстӕйы, лӕджы къах кӕм никуы ’рлӕууыд ӕмӕ цӕрӕг кӕм нӕ уыди, уым-иу нӕ размӕ кодта». 7 Ӕз уӕ бакодтон сойджын зӕхмӕ, цӕмӕй йын бафсӕдат йӕ хор ӕмӕ йӕ фарнӕй, сымах та Мын Мӕ зӕхмӕ бацыдыстут ӕмӕ йӕ фӕчъизи кодтат, сӕлгъаг Мын кодтат Мӕ исбон! 8 Сауджынтӕ Мӕ нал агурынц, Ӕгъдау амонджытӕ Мӕ нал зонынц. Уӕ фӕтӕгтӕ Мӕ ныхмӕ сыстадысты, пехуымпартӕ сӕ рагуацтӕ дзурынц Баалы номӕй, ӕнӕпайда гуымирытӕн лӕггад кӕнынц. 9 Уыдӕтты тыххӕй Ӕз сымахмӕ — зӕгъы Дунедарӕг, — уӕ цот ӕмӕ уӕ цоты цотмӕ фӕсиддзынӕн тӕрхонмӕ. 10 Ацӕут-ма киттимӕгты сакъадӕхтӕм ӕмӕ фенут, басгарут-ма Кедары зӕхх ӕмӕ базонут, цымӕ ацы зӕххыл цы хъуыддӕгтӕ цӕуы, ахӕмтӕ искуы ’рцыди? 11 Искӕцы адӕм ма сӕ хуыцӕуттӕй аздӕхтысты, кӕд ӕмӕ уыдон хуыцӕуттӕ не сты, уӕддӕр? Мӕ адӕм та сӕ кадджын Хуыцауы ӕнӕпайда гуымирытыл баивтой. 12 Тӕрсут, уӕлӕрвтӕ, фыр тӕссӕй нырризут! — зӕгъы Дунедарӕг. — 13 Мӕ адӕм ракодтой дыууӕ фыдракӕнды: ныууагътой Мӕн, цардӕгас доны Суадоны, ӕмӕ сӕхицӕн донуӕттӕ скодтой. Фӕлӕ уыдон пырх сты, дон уромын нӕу сӕ бон. 14 Ау, Израил цагъар у? Ӕви, ахстуаты чи райгуырд, ахӕм лӕггадгӕнӕг? Цӕмӕн сси ӕфтиаг? 15 Ӕвзонг домбӕйттӕ йыл рыхынц, хъӕрӕй йыл ныррыхыдысты ӕмӕ йын йӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кодтой; цӕрӕг дзы нал ис, басыгъдысты сахартӕ. 16 Ноф ӕмӕ Тахпанхесы цӕрджытӕ дын ныппырх кодтой дӕ сӕр! 17 Дӕхи аххосӕй не ’рцыд уый дӕуыл? Ды ныууагътай Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, афтӕмӕй дын Уый фӕндагамонӕг уыди! 18 Цӕмӕн цӕуыс ныр Мысырмӕ, Нилы донӕй нуазынмӕ? Цӕмӕн лидзыс Ассиримӕ, Евфраты донӕй нуазынмӕ? 19 Дӕхи фыдракӕнд бафхӕрдзӕни дӕу, дӕ гадзрахат дӕ азымджын кӕндзӕни. Уӕдӕ ахъуыды кӕн ӕмӕ бамбар: Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, дӕ маст ӕмӕ дӕ фыдбылызӕн ныууагътай. Нӕй дӕм тас Мӕ разы, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — 20 Рагзаманы дын Ӕз ныппырх кодтон де ’фсондз, аскъуыдтон дын дӕ бӕндӕнтӕ. Ды загътай: «Ӕз гуымирытӕн нал лӕггад кӕндзынӕн». Фӕлӕ алы бӕрзонд къуыбырыл, алы къабузджын бӕласы бын хъахбай митӕ кодтай! 21 Хуыздӕр сӕнӕфсирау, ӕвзӕрст нӕмыгау дӕ ныссагътон, ды та Мын фестадтӕ ӕцӕгӕлон, сӕнӕфсиры хъӕддаг тала! 22 Дӕхи фӕныкдоны куы цӕхсай, уӕд дӕр Мӕ разы не ссыгъдӕг уыдзынӕ! Дӕ тӕригъӕды къӕм — Мӕ разы! — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. 23 Куыд у дӕ бон афтӕ дзурын: «Сыгъдӕг дӕн ӕз, Баалты фӕдыл нӕ цыдтӕн!» Тъӕпӕны куыд цардтӕ, уый-ма ӕрымыс, цытӕ фӕкодтай, уыдӕттӕ ӕрӕмбар! Ӕвзонг сыл теуайау дыууӕрдӕм кодтай ӕдзухдӕр! 24 Сыл хӕрӕг ӕдзӕрӕг быдыры куы схъомыл уа ӕмӕ йын фыр монцӕй уӕлдӕф дӕр куынӕуал фаг кӕна, уӕд ӕй кӕй бон суыдзӕн бауромын? Кӕй хъӕуа, уый йӕ ӕнцонӕй ссардзӕни йӕ хъазын афон. 25 Дӕхи бахъахъхъӕн — бӕгъӕввадӕй куы аззайай, мыййаг, куы бахус уа дӕ ком! Фӕлӕ ды загътай: «Уыдон сты ӕнӕпайда ныхӕстӕ! Ӕз ӕцӕгӕлӕтты уарзын ӕмӕ сӕм цӕудзынӕн». 26 Хуыснӕджы давгӕйӕ куыд ӕрцахстой, уыйау ныр фӕхудинаг ис Израил — йӕ адӕм, йӕ паддзӕхтӕ, йе ’лдӕрттӕ, йӕ сауджынтӕ ӕмӕ йӕ пехуымпартӕ. 27 «Мӕ фыд», зӕгъгӕ, бӕласмӕ дзурынц, «ныййарӕг мад» схонынц дур. Се ’ргом нӕ, фӕлӕ Мӕм сӕ чъылдым раздахынц! Бӕллӕхы заман та зӕгъдзысты: «Фӕзын-ма, фервӕзын нӕ кӕн!» 28 Кӕм сты уӕ хуыцӕуттӕ, уӕхӕдӕг кӕй сарӕзтат, уыдон? Ӕрцӕуӕнт ӕмӕ уӕ уыдон фервӕзын кӕнӕнт уӕ фыдбылызы заман, кӕд сӕ бон у, уӕд! О Иудей, дӕ сахартӕ цӕйбӕрц сты, дӕ хуыцӕуттӕ дӕр — уый бӕрц! 29 Тӕрхон кӕнын уӕ Мемӕ фӕнды? Уе ’ппӕт дӕр аххосджын куы стут Мӕ разы! — зӕгъы Дунедарӕг. — 30 Уӕ фыртты уын Ӕз дзӕгъӕлы ӕфхӕрдтон: уӕддӕр Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕм нӕ хъуыстой. Ӕгъатыр домбайау уӕ кард уӕ пехуымпарты аныхъуырдта! 31 О абоны фӕлтӕр! Дунедарӕджы ныхас бамбарут! Мыййаг, Ӕз искуы Израилӕн ӕдзӕрӕг быдыр, саудалынг зӕхх фестадтӕн? Уӕдӕ цӕмӕн зӕгъынц Мӕ адӕм: «Кӕдӕм нӕ фӕнды, уырдӕм цӕудзыстӕм, нӕ Дӕм раздӕхдзыстӕм?» 32 Ау, ӕнӕцыд чызг йӕ фӕлындӕнтӕ ферох кӕны, кӕнӕ чындз — йӕ чындздзон дарӕс? Мӕн та Мӕ адӕм ферох кодтой раджы. 33 Ды уарзт домынмӕ арӕхстджын вӕййыс, хъахбайты дӕр ма ацахуыр кӕндзынӕ! 34 Дӕ дарӕсы фӕччитыл — ӕнаххос мӕгуырты тугтӕ! Хуыснӕджытау сӕ давгӕйӕ нӕ баййӕфтай! 35 Уӕддӕр зӕгъыс: «Ӕз аххосджын нӕ дӕн, мӕ рӕзты ацӕудзӕн Йӕ маст». Тӕригъӕдджын нӕ дӕн, зӕгъгӕ, кӕй дзырдтай, уый тыххӕй дӕ Ӕз дзуапп ӕрдомдзынӕн. 36 Ӕппынӕдзух цӕмӕн тындзыс кӕдӕмдӕр, дӕ фӕндӕгтӕ цӕмӕн ивыс? Ассири дӕ сӕгад кодта, Мысыр дӕр дӕ фӕхудинаг кӕндзӕн, 37 дӕ сӕрыл хӕцгӕ, лидздзынӕ Мысырӕй. Дӕ зӕрдӕ кӕуыл дардтай, уыдонӕй Дунедарӕг Йе ’ргом аздӕхта, ӕмӕ семӕ ӕнтыстджын нӕ уыдзынӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia