Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Йеремиа 19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ацу ӕмӕ дурынгӕнӕгӕй иу ӕлыг дурын балхӕн. Демӕ адӕмы хистӕртӕй, стӕй хистӕр сауджынтӕй цалдӕры рахон

2 ӕмӕ ацу Хинномы фырты дӕлвӕзмӕ, Дурынгӕнӕджы кулдуары фалемӕ. Уыцы ран Мын Мӕ ныхӕстӕ фехъусын кӕн:

3 «Иудейы паддзӕхтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ!» Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Ӕз ацы зӕххыл ахӕм бӕллӕх ӕруадздзынӕн, ӕмӕ, йӕ кой чидӕриддӕр фехъуса, уыдонӕн фыр дисӕй сӕ хъустӕ ныззӕлланг кӕндзысты.

4 Уымӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ Мӕн ныууагътой, ацы бынат фӕчъизи кодтой ӕмӕ дзы буд судзынц ӕндӕр хуыцӕуттӕн — нӕдӕр сӕхӕдӕг, нӕдӕр сӕ фыдӕлтӕ, нӕдӕр иудейаг паддзӕхтӕ кӕй нӕ зыдтой, уыдонӕн. Ацы бынат ӕнаххос адӕмы тугӕй байдзаг кодтой!

5 Баалӕн кувӕндӕттӕ сарӕзтой, цӕмӕй йын иууылсудзинаг нывондӕн сӕ сывӕллӕтты арты судзой! Ӕз ахӕм бардзырд никуы радтон! Уый Мӕнӕн Мӕ хъуыдыйы дӕр нӕ уыди!

6 Уымӕ гӕсгӕ ралӕудзӕн ахӕм заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ ацы зӕхх Тофет кӕнӕ Хинномы фырты дӕлвӕз нал хондзысты, фӕлӕ Ӕргӕвдӕн тӕрф.

7 Ӕз ацы ран Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн сӕ фӕндтӕ ӕнӕпайда фӕкӕндзынӕн, се знӕгты раз сӕ кардӕй ныццӕгъддзынӕн, сӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыдоны къухтӕй. Сӕ мӕрдтӕ сын уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холыйӕн ратдзынӕн.

8 Ӕз ацы сахар сафтид кӕндзынӕн ӕмӕ йӕ худинаджы бын фӕкӕндзынӕн. Йӕ цурты чидӕриддӕр ацӕуа, уый-иу, йӕ цӕфтӕм кӕсгӕйӕ, стыр дисы бафтдзӕн ӕмӕ ныкъкъуыззит кӕндзӕн.

9 Ӕз ацы сахары цӕрджытӕн сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты фыдтӕ бахӕрын кӕндзынӕн. Сӕ мӕлӕтмӕ цы знӕгтӕ бӕллынц, уыдон сыл куы ’рхъула кӕной ӕмӕ уынгӕджы ранмӕ куы бахауой, уӕд дзы алчидӕр йӕ сыхаджы буар хӕрынмӕ ӕрцӕудзӕн.

10 Демӕ чи ӕрбацыди, уыдоны раз дӕ дурын ныппырх кӕн

11 ӕмӕ сын зӕгъ: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: дурынгӕнӕджы дурын куыд ныппырх ис ӕмӕ йӕ ӕрӕмбырдгӕнӕн куыннӕуал ис, афтӕ Ӕз ацы сахар ӕмӕ ацы адӕмы ныззыгуым кӕндзынӕн. Ӕмӕ Тофеты сӕ мӕрдтӕ ныгӕнынӕн бынат дӕр нал фаг кӕндзӕн.

12 Ацы бынатӕн, стӕй, чи дзы цӕры, уыдонӕн Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Ацы сахар Тофетау фӕчъизи кӕндзынӕн.

13 Йерусалимы хӕдзӕрттӕ ӕмӕ иудейаг паддзӕхты галуантӕ сӕ уӕлхӕдзӕрттыл ӕппӕт стъалытӕн буд кӕм сыгътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн сӕн кӕмдӕриддӕр калдтой, уыцы хӕдзӕрттӕ иууылдӕр Тофетау фӕчъизи уыдзысты“».

14 Йеремиа, Дунедарӕг ӕй пехуымпариуӕг кӕнынмӕ кӕдӕм арвыста, уыцы Тофетӕй куы ’рбаздӕхти, уӕд Дунедарӕджы хӕдзары кӕрты ӕрлӕууыд ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн загъта:

15 «Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Ӕз ацы сахарӕн ӕмӕ, йӕ дӕлбар цы сахартӕ ис, уыдоны цӕрджытӕн цы бӕллӕхтӕ снысан кодтон, уыдон бавзарын кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ хивӕнд сты, Мӕ ныхӕстӕм Мын нӕ хъусынц».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan