Йеремиа 18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас: 2 «Ацу дурынгӕнӕджы хӕдзармӕ, ӕмӕ дын уым Мӕ ныхас фехъусын кӕндзынӕн». 3 Ӕз дурынгӕнӕджы хӕдзармӕ бацыдтӕн ӕмӕ йӕ баййӕфтон йӕ куысты уӕлхъус. 4 Ӕлыгӕй цы мигӕнӕн арӕзта, уый йӕ къухты ныппырх ис, ӕмӕ сарӕзта ӕндӕр, цавӕр ӕй бафӕндыд, ахӕм. 5 Дунедарӕг мын загъта: 6 «Израилы байзӕддӕгтӕ! Ау, сымахӕн Мӕ бон, дурынгӕнӕгӕг ӕлыгӕн цы бакуыста, уый бакӕнын нӕу? — зӕгъы Дунедарӕг. — Израилы фӕстагӕттӕ, дурынгӕнӕгӕн ӕлыгыл йӕ бар куыд цӕуы, афтӕ сымах дӕр Мӕ къухы стут. 7 Иуӕй-иу хатт Ӕз искӕцы адӕмы кӕнӕ паддзахады тыххӕй фӕзӕгъын: йӕ бындзарӕй йӕ срӕдувдзынӕн, басӕтдзынӕн ӕй ӕмӕ йӕ бабын кӕндзынӕн. 8 Фӕлӕ, афтӕ цы адӕмӕй загътон, уыдон сӕ фыдракӕндтӕ куы ныууадзынц, уӕд Мӕ фӕнд аивын, цы бӕллӕх сыл ӕруадзынмӕ хъавыдтӕн, уый сыл нал бафтауын. 9 Ӕз сфӕнд кӕнын искӕцы адӕм кӕнӕ паддзахад сфидар ӕмӕ ӕрбынӕттон кӕнын. 10 Фӕлӕ уыцы адӕм Мӕ разы фыдракӕндтӕ куы фӕкӕнынц ӕмӕ Мӕм куы нӕ фӕхъусынц, уӕд Мӕ фӕнд аивын, цы хорзӕх сын балӕвар кӕнынмӕ фӕхъавын, уый сын нал раттын. 11 Уӕдӕ зӕгъ Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз уын цӕттӕ кӕнын фыдбылыз, уӕ ныхмӕ аразын фыдвӕнд. Алчидӕр уӕ йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадзӕд, уӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнут“. 12 Фӕлӕ дын уыдон зӕгъдзысты: „Ӕдылы ныхӕстӕ! Цыдӕриддӕр нӕ фӕнды, уыдӕттӕ кӕндзыстӕм, нӕхи куыд фӕнды, афтӕ цӕрдзыстӕм“. 13 Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Бафӕрсут-ма адӕмты, ахӕм диссаг, цымӕ, искуы фехъуыстӕуыд? Израилы чызг ӕбуалгъ цъаммар митыл бафтыд! 14 Ливаны хӕхтӕй искуы мит фесӕфы? Хӕххон суадӕттӕ, уазал цӕугӕдӕттӕ искуы байсыстысты? 15 Мӕн та Мӕ адӕм ферох кодтой се ’ппӕт дӕр: ницӕйаг гуымирытӕн будсудзӕн кӕнынц! Сӕ цӕуӕнтыл фӕкалдысты, сӕ рагон фӕндӕгтӕ ныууагътой ӕмӕ ӕнӕцыд къахвӕндӕгтӕм рахызтысты. 16 Сӕ зӕхх адӕмыл ӕвирхъау тас ӕфтаудзӕн, мыггагмӕ сӕгад уыдзӕн! Сӕ рӕзты чи фӕцӕйцӕуа, уый-иу, йӕ сӕр ӕнкъусгӕйӕ, стыр дисы бафтдзӕн. 17 Ӕз сӕ се знӕгты раз скӕсӕйнаг дымгӕйау ныххӕлиу кӕндзынӕн, бӕллӕхы заман сӕм раздахдзынӕн Ме ’ргом нӕ, фӕлӕ Мӕ чъылдым». 18 Фӕлӕ уыдон загътой: «Цӕй ӕмӕ Йеремиайы ныхмӕ исты фыдвӕнд саразӕм, цӕмӕй сауджынты Ӕгъдау, куырыхонты уынаффӕтӕ ӕмӕ пехуымпарты ныхӕстӕ ма фесӕфой. Цӕуӕм ӕмӕ йыл хахуыртӕ ӕрымысӕм, ма йын байхъусӕм йӕ ныхӕстӕм». 19 О Дунедарӕг, фехъус мӕ! О, байхъус ме знӕгты ныхӕстӕм! 20 Ау, хорз ӕвзӕрӕй фидгӕ у? Мӕ фесафынӕн дзыхъхъ куы скъахтой! Ӕрхъуыды-ма кӕн: ӕз-иу Дӕ разы лӕууыдтӕн ӕмӕ сын хорзӕх куырдтон, цӕмӕй сӕ Дӕ маст аздахай. 21 Ныр Дӕ фӕндонӕй стонг бавзарӕнт, кардӕй сӕ фӕмар, уадз ӕмӕ сбирӕ уой идӕдзтӕ! Сӕ цот ӕмӕ сӕ лӕгтӕй ӕнӕхай фӕуӕнт, сӕ лӕппутӕ карды амӕттаг бауӕнт хӕсты! 22 Ӕвиппайды сӕм ӕнӕнымӕц ӕфсӕдтӕ куы ’рбакӕнай, уӕд сӕ хӕдзӕрттӕй хъуысӕд хъӕрзын, уымӕн ӕмӕ уыдон ме ’рцахсынӕн дзыхъхъ скъахтой, мӕ къӕхтӕн мын къӕппӕджытӕ сӕвӕрдтой! 23 О Дунедарӕг, Ды зоныс бӕлвырд: мӕ фесафынӕн аразынц фыдвӕндтӕ. О, ма сын сис сӕ фыдракӕндты азым, сӕ тӕригъӕдтӕ сын макуы ныббар! Уадз ӕмӕ бабын уой Дӕ разы, фесаф сӕ Дӕ масты бон! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia