Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Йеремиа 16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг мын загъта:

2 «Ус ма ракур, уадз ӕмӕ дын ацы зӕххыл ма уа нӕдӕр фырттӕ, нӕдӕр чызджытӕ».

3 Уымӕн ӕмӕ, ацы ран чи райгуырди, уыцы фырттӕ ӕмӕ чызджыты, стӕй сӕ мадӕлтӕ ӕмӕ сӕ фыдӕлты тыххӕй Дунедарӕг афтӕ зӕгъы:

4 «Хъизӕмӕрттимӕ амӕлдзысты, цӕссыг дӕр сыл ничи ӕркалдзӕн ӕмӕ сӕ ныгӕнгӕ дӕр нӕ бакӕндзысты, фаджысау баззайдзысты уӕлӕуыл. Кард ӕмӕ стонгӕй бабын уыдзысты, сӕ мӕрдтӕ уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холы суыдзысты».

5 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Хист кӕм кӕнынц, ахӕм хӕдзармӕ хъарӕг ӕмӕ тӕфӕрфӕс кӕнынмӕ ма бацу, уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы адӕмӕн сӕ сабыр цард байстон, Мӕ хорзӕх ӕмӕ Мӕ тӕригъӕдӕй ӕнӕхай фесты.

6 Номджынӕй, мӕгуырӕй, ацы зӕххы адӕм иууылдӕр амӕлдзысты ӕмӕ ӕнӕныгӕдӕй баззайдзысты. Ничи сыл скӕудзӕн, уыдоны тыххӕй йӕ буар ничи ныллыгтӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕ сӕр ничи адасдзӕн.

7 Зӕрдӕсастыты барӕвдауынӕн уыцы мӕрдты номыл кӕрдзын ничи асӕтдзӕн; сӕ ныййарджыты куы мысой, уӕд сын сӕ зӕрдӕтӕ фӕфидар кӕнынӕн нуазӕн кӕхц ничи ратдзӕн.

8 Куывд кӕм кӕнынц, уыцы хӕдзармӕ дӕр ма бацу ӕмӕ семӕ иу фынгыл ма ’рбад, ма хӕр ӕмӕ ма нуаз».

9 Уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау: «Уӕ цӕстыты раз, уӕ заманы, Ӕз ацы зӕххыл цин, хъӕлдзӕгдзинад ӕмӕ чындзӕхсӕвы уынӕр бамынӕг кӕндзынӕн.

10 Ды адӕмӕн ацы ныхӕстӕ куы фехъусын кӕнай, уӕд дӕ фӕрсдзысты: „Дунедарӕг нын рагацау ахӕм стыр бӕллӕхы кой цӕмӕн кӕны? Цӕй мидӕг ис нӕ азым? Цавӕр тӕригъӕд ракодтам Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы раз?“

11 Уӕд-иу сын дзуапп ратт: уӕ фыдӕлтӕ Мӕ ныууагътой, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн куывтой ӕмӕ сын лӕггад кодтой, Мӕн та ныууагътой ӕмӕ Мын Ме ’Гъдау не ’ххӕст кодтой.

12 Фӕлӕ сымах уӕ фыдӕлтӕй фыддӕр фестут, алчидӕр уӕ йӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕдыл цӕуы ӕмӕ Мӕм нӕ хъусы.

13 Уый тыххӕй уӕ Ӕз ацы зӕххӕй, нӕдӕр уӕ фыдӕлтӕ, нӕдӕр уӕхӕдӕг кӕй зыдтат, уыцы бӕстӕм фӕсурдзынӕн. Ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕм кувдзыстут, уымӕн ӕмӕ уын Ӕз нӕ ныххатыр кӕндзынӕн.

14 Фӕлӕ ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ афтӕ ничиуал зӕгъдзӕн: „Цардӕгас у Дунедарӕг! Уый ракодта Израилы фыртты Мысырӕй“.

15 Дзурдзысты афтӕ: „Цардӕгас у Дунедарӕг! Уый раздӕхта Израилы фыртты цӕгатаг зӕххӕй, кӕдӕм сӕ фӕсырдта, ӕппӕт уыцы бӕстӕтӕй“. Уымӕн ӕмӕ сӕ Ӕз, сӕ фыдӕлтӕн сын кӕй радтон, уыцы зӕхмӕ раздахдзынӕн.

16 Ӕз арвитдзынӕн бирӕ кӕсагахсджыты, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ уыдон кӕсӕгтау ахсдзысты. Уый фӕстӕ арвитдзынӕн бирӕ цуанӕтты, ӕмӕ сӕ уыдон алы хох ӕмӕ алы къуыбырӕй, къӕдзӕхты алы лӕгӕтӕй сурдзысты.

17 Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз сӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр уынын. Нӕ бамбӕхсдзысты Мӕнӕй, сӕ фыдракӕндтӕ Мӕ цӕстытӕй нӕ басусӕг кӕндзысты.

18 Сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сын сӕ фыдракӕндтӕ Ӕз бафиддзынӕн дывӕрӕй, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ зӕхх ӕнаккаг мӕрдтӕй фӕчъизи кодтой, Мӕ зӕххы хай Мын се ’лгъӕгтӕй байдзаг кодтой».

19 О Дунедарӕг! Ды — мӕ тых, мӕ мӕсыг, бӕллӕхы заман ме ’мбӕхсӕн Ды дӕ! Цӕудзысты Дӕм зӕххы кӕрӕттӕй адӕмтӕ, зӕгъдзысты Дын: «Нӕ фыдӕлтӕн сӕ бынтӕ — ӕнӕпайда гуымирытӕ, мӕнгдзинад.

20 Ау, адӕймаг йӕхицӕн скӕндзӕни хуыцӕутты? Ӕниу, кӕд уыдысты хуыцӕуттӕ?»

21 «Мӕнӕ сын Ӕз Мӕ хъомысджын къух равдисдзынӕн, ӕмӕ базондзысты, Мӕ ном Дунедарӕг кӕй у, уый.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan