Йеремиа 15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Дунедарӕг мын загъта: «Мӕ разы суанг Моисей ӕмӕ Самуел куы ӕрлӕууыдаиккой, уӕд дӕр Ӕз ацы адӕмӕн нӕ фӕтӕригъӕд кодтаин. Фесаф сӕ Мӕ цурӕй, цӕугӕ кӕнӕнт! 2 Кӕдӕм ацӕуӕм, зӕгъгӕ дӕ куы бафӕрсой, уӕд-иу сын ды Дунедарӕджы номӕй афтӕ зӕгъ: мӕлӕт кӕмӕ кӕсы, уый йӕ мӕлӕт ссарӕд; кард кӕмӕ кӕсы, уый карды цӕфӕй амӕлӕд; стонг бавзарын кӕй хъӕуы, уый стонгӕй мӕлӕд; уацар кӕмӕ кӕсы, уый уацары ацӕуӕд. 3 Цыппар хуызы сӕ бафхӕрдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — карды цӕфӕй мӕлдзысты, куыйтӕ сӕ фӕйнӕрдӕм тондзысты, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕ сӕ ныхъуырдзысты ӕмӕ сафдзысты. 4 Иудейы паддзах, Езекиайы фырт Менассиа, Йерусалимы цытӕ фӕкодта, уыдӕтты тыххӕй сӕ ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн Ӕз ӕвирхъау дӕнцӕг сараздзынӕн». 5 О Йерусалим, чи дын фӕтӕригъӕд кӕндзӕн, чи дыл скӕудзӕн? Куыд сты дӕ хъуыддӕгтӕ, зӕгъгӕ дӕм фӕрсӕг чи бацӕудзӕн? 6 «Ныууагътай Мӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — адард дӕ Мӕнӕй. Уый тыххӕй дӕм Ӕз Мӕ къух систон, ныппырх дӕ кодтон, нал зонын тӕригъӕд! 7 Ӕгас бӕстӕйы кулдуӕртты раз сагойӕ дымгӕмӕ ныддардтон Мӕ адӕмы, бындар сын нал ныууагътон! Мӕ фӕндонӕй сӕфынц, уымӕн ӕмӕ нӕ уадзынц сӕ фӕндӕгтӕ. 8 Сӕ идӕдзтӕ Мӕ фӕндонӕй денджызы змисӕй фылдӕр систы. Ӕмбисбон сын сӕ мадӕлтыл Ӕз абырджыты бафтыдтон, ӕвиппайды сыл стыр тас бахӕцдзӕн. 9 Авд сывӕллоны ныййарӕгмӕ ныр хъару нал ис, ӕмӕ йӕ уд исы, ӕмбисбон аныгуылди йӕ хур, сӕгад ӕмӕ фӕхудинаг ис. Чи ма аирвӕзт, уыдоны та Ӕз карды амӕттаг бакӕндзынӕн се знӕгты цӕстыты раз», — зӕгъы Дунедарӕг. 10 О, мӕ ныййарӕг, додойаг фӕдӕн, кӕй мӕ ныййардтай, уый тыххӕй, быцӕу чи кӕны, ӕгас дунеимӕ загъд чи кӕны, уыцы адӕймаджы! Ӕз ӕфстау ӕхца никуы радтон ӕмӕ хӕс никуы райстон, фӕлӕ мӕ уӕддӕр алчидӕр ӕлгъиты. 11 Дунедарӕг загъта: «Дӕ фарны сӕраппонд дын Ӕз ратдзынӕн сӕрибар. Бӕллӕх ӕмӕ фыдбылызы заман Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ дын де знӕгтӕ лӕгъстӕ кӕндзысты. 12 Искӕмӕн йӕ бон у цӕгатаг ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнаг ныссӕттын? 13 Дӕ мулк ӕмӕ дӕ хӕзнатӕ дын Ӕз абырджытӕн бастигъын кӕндзынӕн, дӕ алы зӕххы хайыл дӕр кӕй фӕкодтай, уыцы ’ппӕт тӕригъӕдты тыххӕй. 14 Де знӕгтимӕ дӕ, цы бӕстӕ нӕ зоныс, уырдӕм арвитдзынӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕ маст ссыгъди, пиллон артау судзы!» 15 О Дунедарӕг, Ды алцыдӕр зоныс! Ӕрымыс мӕ, ӕркӕс мӕм, мӕ сурджытӕй мын мӕ маст райс! Ды бирӕбыхсаг дӕ, ма мӕ фесаф; Дӕ сӕраппонд хынджылӕггаг кӕй сдӕн, уый зоныс. 16 Дӕ ныхас-иу сси мӕ хойраг, ӕз-иу ныццин кодтон Дӕ ныхӕстыл, мӕ зӕрдӕйӕн-иу циндзинад ӕрхастой, уымӕн ӕмӕ мыл сӕвӕрдӕуыд Дӕ ном — Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг! 17 Хынджылӕг чи кӕны, уыдоны ’хсӕн нӕ бадтӕн, мӕ рӕстӕг циндзинӕдты не ’рвыстон. Ӕруӕз мыл кодта Дӕ къух, ӕмӕ иунӕгӕй бадтӕн, мастӕй мӕ кӕй байдзаг кодтай, уый тыххӕй. 18 Цӕуылнӕ ӕрбайсӕфы мӕ рис? Цӕуылнӕ байгас ис мӕ хъӕдгом? Сдзӕбӕхы амал ын цӕуылнӕ ис? Ау, зӕрдӕ дарӕн кӕуыл нӕй, ахӕм суадон, мӕнг донгуырӕн мын фестадтӕ? 19 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Куы ӕрфӕсмон кӕнай, уӕд дӕ фӕстӕмӕ дӕ къӕхтыл слӕууын кӕндзынӕн, ӕмӕ Мын лӕггад кӕндзынӕ. Дӕ дзӕгъӕлдзырд куы ныууадзай ӕмӕ ахсджиаг ныхӕстӕ куы дзурай, уӕд Ме ’взагау суыдзынӕ. Адӕм дӕ сӕхӕдӕг агурдзысты, фӕлӕ-иу сӕм ды ма раздӕх. 20 Ацы адӕмӕн дӕ Ӕз фидар ӕрхуы сисӕй сӕвӕрдзынӕн. Уыдон дӕ ныхмӕ тох кӕндзысты, фӕлӕ дыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн ӕмӕ дыл Мӕ арм дардзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. 21 — Ӕз дӕ фыдгӕнджытӕй фервӕзын кӕндзынӕн, ӕнауӕрдонты къухтӕй дӕ ратондзынӕн». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia