Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Йеремиа 13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг мын загъта: «Ацу ӕмӕ дӕхицӕн гӕн хъуымацӕй рон балхӕн. Дӕ астӕуыл ӕй ӕрбабӕтт, ӕцӕг-иу ӕй ма ныххуылыдз кӕн».

2 Ӕз Дунедарӕджы ныхас сӕххӕст кодтон: рон балхӕдтон ӕмӕ йӕ мӕ астӕуыл ӕрбабастон.

3 Дунедарӕг мын ногӕй загъта:

4 «Райс, кӕй балхӕдтай, уыцы рон, Евфраты доны былмӕ ацу ӕмӕ йӕ айнӕджы скъуыды бамбӕхс».

5 Ӕз Евфраты доны былмӕ ацыдтӕн ӕмӕ мын Дунедарӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ рон айнӕджы скъуыды бамбӕхстон.

6 Дзӕвгар рӕстӕг куы рацыди, уӕд та мын Дунедарӕг загъта: «Ацу Евфраты доны былмӕ ӕмӕ дын кӕй бамбӕхсын кодтон, уыцы рон райс».

7 Ӕз ацыдтӕн Евфраты доны былмӕ ӕмӕ рон, кӕм ӕй бамбӕхстон, уырдыгӕй скъахтон, фӕлӕ бамбыди, ницӕмӕнуал бӕззыд.

8 Ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта:

9 «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: раст афтӕ басӕтдзынӕн Иудейы хъалдзинад ӕмӕ Йерусалимы ӕгӕрон сӕрыстырдзинад дӕр.

10 Ацы ’взӕр адӕмы Мӕ ныхӕстӕм хъусын нӕ фӕнды, хивӕндӕй цӕрынц, ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувынц, лӕггад сын кӕнынц ӕмӕ ацы ронау ницӕмӕнуал сбӕздзысты.

11 Ацы рон адӕймаджы буармӕ куыд хӕстӕг у, афтӕ Ӕз Израил ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгты ӕрбаввахс кодтон Мӕхимӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — цӕмӕй суой Мӕ адӕм, Мӕ цыт ӕмӕ Мӕ кад, фӕлӕ Мӕм нӕ байхъуыстой.

12 Зӕгъ сын: „Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: алы сӕны мигӕнӕн дӕр сӕнӕй байдзаг кӕнынц“. Уыдон дын дзуапп ратдзысты: „Ау, ӕмӕ йӕ нӕхӕдӕг нӕ зонӕм, алы сӕны мигӕнӕны дӕр сӕн кӕй ныккӕнынц, уый?“

13 Уӕд-иу сын зӕгъ: „Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ацы зӕххӕн йе ’ппӕт цӕрджыты — Давиды бадӕны чи бады, уыцы паддзӕхты, сауджынты, пехуымпарты ӕмӕ Йерусалимы ӕппӕт цӕрджыты — се ’ппӕты дӕр Ӕз байдзаг кӕндзынӕн сӕнӕй, куыд ныррасыг уой, афтӕ.

14 Кӕрӕдзиуыл сӕ ныппырх кӕндзынӕн, фыдӕй, фыртӕй, — зӕгъы Дунедарӕг. — Нӕ сыл бацауӕрддзынӕн, нӕ сын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн ӕмӕ нӕ ныббардзынӕн, ныццӕгъддзынӕн сӕ“».

15 Байхъусут лӕмбынӕг, сӕрыстыр ма ут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг дзуры.

16 Сыстаут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, цалынмӕ Уый нӕ баталынг кодта дуне ӕмӕ саудалынджы нӕ фӕкалдыстут, уӕдмӕ. Рухсмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсдзыстут, фӕлӕ йӕ Уый тар ӕмӕ саудалынг фестын кӕндзӕн.

17 Ацы ныхӕстӕм куынӕ байхъусат, уӕд ӕз сусӕгӕй кӕудзынӕн, сӕрыстыр кӕй стут, ууыл. Нал бахус уыдзӕн Мӕ цӕссыг, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы дзуг уацары бахаудзӕн.

18 Паддзах ӕмӕ йӕ мадӕн зӕгъ: «Сӕрныллӕгӕй ӕрбадут зӕххыл, уымӕн ӕмӕ уӕ кады худтӕ ӕрхаудысты».

19 Знӕгтӕ Негевы сахартыл ӕрхъула кодтой, ӕмӕ сӕ чи фервӕзын кӕна, уый нӕй! Ӕгас Иудейы уацары фӕкӕнынц, фӕстаг лӕджы онг уацайраг сси!

20 «Акӕсут-ма, цӕгатӕрдыгӕй чи ӕрбацӕуы, уыдонмӕ! Кӕм ис дӕ рӕгъау ныр, дӕ диссаджы рӕсугъд фосы дзуг цы фӕци?

21 Цы зӕгъдзынӕ, дӕхицӕн хицауиуӕг кӕнын кӕй сахуыр кодтай, уыдон дӕм куы фӕзыной, уӕд? Арӕг усау хъизӕмар кӕндзынӕ,

22 хинымӕр фӕрсдзынӕ, ӕппӕт адӕттӕ цӕмӕн ӕвзарын, зӕгъгӕ. Ӕнӕнымӕц тӕригъӕдтӕ фӕкодтай, ӕмӕ дын ныр сфӕлдӕхтой дӕ фӕччи, фӕхынджылӕг дӕ кодтой.

23 Ау, эфиопаг йӕ царм аивдзӕн, науӕд фыранк? Уӕдӕ сымахӕн дӕр уӕ бон хорз хъуыддӕгтӕ кӕнын нӕу, уымӕн ӕмӕ фыдракӕндтӕ кӕныныл сахуыр стут.

24 Ӕдзӕрӕг быдыры дымгӕ рыг куыд фӕхӕссы, афтӕ уӕ Ӕз ныххӕлиу кӕндзынӕн.

25 Дӕ хал у уый, Ӕз дын ахӕм хъысмӕт снысан кодтон, — зӕгъы Дунедарӕг, — кӕй Мӕ ферох кодтай ӕмӕ дӕ зӕрдӕдарӕн мӕнгдзинад кӕй сси, уый тыххӕй.

26 Дӕ фӕччи дын дӕ цӕсгоммӕ сфӕлдахдзынӕн, цӕмӕй фӕхудинаг уай!

27 Быдыры цы къуыбыртӕ ис, уыдоныл дын Ӕз де ’нӕуаг митӕ, дӕ чъизи монцтӕ ӕмӕ дӕ хъахбай митӕ уыдтон. О, додойаг фӕдӕ, Йерусалим! Дӕ чъизитӕй кӕд ссыгъдӕг уыдзынӕ?»

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan