Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Йеремиа 12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 О Дунедарӕг, Ды дӕ раст Хуыцау, ӕмӕ Дӕумӕ хӕссын мӕ хъаст! Ӕз Демӕ дзурдзынӕн рӕстдзинадыл! Ӕнӕхуыцӕуттӕ ӕнтыстджын цӕмӕн сты, мӕнгардтӕ — амондджын?

2 Ныссагътай сӕ, ӕмӕ сӕ уидӕгтӕ арф ауагътой, сырӕзтысты, ӕмӕ сыл дыргътӕ фӕзынди. Ӕдзух Дӕ кой кӕнынц, фӕлӕ сӕ зӕрдӕтӕй дард дӕ.

3 Дунедарӕг, мӕн та зоныс, цы зӕрдӕ Дӕм дарын, уый уыныс. Фыстау сӕ ӕргӕвдӕнмӕ акӕн, фӕхицӕн сӕ кӕн ӕргӕвдынӕн!

4 Кӕдмӕ дзыназдзӕн зӕхх, быдырты кӕрдӕг кӕдмӕ хус кӕндзӕн? Зӕххон цӕрджыты аххосӕй сӕфынц цӕрӕгойтӕ ӕмӕ мӕргътӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон дзурынц: «Нӕ фӕндӕгтӕ нын Уый нӕ уыны».


Дунедарӕджы дзуапп Йеремиайӕн

5 «Адӕмимӕ фистӕгӕй згъоргӕйӕ, саувӕллад куы бадӕ, уӕд барджытимӕ ерыс куыд кӕндзынӕ? Сабыр зӕххыл-иу куы ахаудтӕ, уӕд Иорданы был пыхсбыны цы фӕуыдзынӕ?

6 Суанг дыл де ’фсымӕртӕ ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ дӕр гадзрахатӕй рацыдысты, хъӕр кӕнынц дӕ фӕдыл. Хӕларзӕрдӕйӕ дӕм куы дзурой, уӕд дӕр-иу сыл ма баууӕнд.

7 Ӕз ныууагътон Мӕ Хӕдзар ӕмӕ Мӕ исбон, ӕппӕтӕй зынаргъдӕр Мын цы у, уый знӕгты къухтӕм радтон.

8 Мӕ исбон, тар хъӕды цы домбай цӕры, уый ӕнгӕс сси: рыхы Мӕныл, ӕнӕуынон Мын фестад.

9 Мӕ исбоны алыварс тугдзых мӕргътӕ ӕрӕмбырд сты, цыма хъулон тугдзых маргъ у, уыйау. Цӕугӕут ӕмӕ ӕппӕт быдираг сырдты ӕрӕмбырд кӕнут! Уадз ӕмӕ Мын аныхъуырой Мӕ исбон!

10-11 Ӕнӕнымӕц фыййӕуттӕ Мын сафтид кодтой Мӕ сӕндон, бассӕстой Мын Мӕ исбон, Мӕ уарзон зӕхх Мын ӕдзӕрӕг быдыр фестын кодтой, сафтид ис ӕмӕ кӕуы. Гӕныстонмӕ ӕрцыд ӕгас зӕхх, ӕмӕ уый нымады дӕр никӕмӕ у.

12 Гӕныстонгӕнджытӕ фӕцӕуынц ӕдзӕрӕг быдыры къуыбыртыл, Дунедарӕджы кард ӕгас зӕхх ныхъуыры, ӕмӕ иу уд дӕр ӕнцой нал зоны.

13 Мӕнӕу байтыдтой, фӕлӕ какон сындзытӕ ӕркарстой, сӕхи дзӕгъӕлы удхарӕй фӕмардтой. Хор уӕм кӕй не ’рзад, уый тыххӕй фыр тӕссӕй нырризут — Дунедарӕджы маст уӕм ссыгъди!»

14 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, цы исбон балӕвар кодтон, уымӕ чи бахъавыд, уыцы фыдзӕрдӕ сыхӕгты Ӕз сӕ зӕххӕй срӕдувдзынӕн, Иудӕйы мыггаджы та ратондзынӕн се ’хсӕнӕй.

15 Куы сӕ ратонон, уӕд та сын ныббардзынӕн ӕмӕ дзы алкӕй дӕр йӕ зӕххы хаймӕ раздахдзынӕн.

16 Ӕмӕ кӕд ӕцӕгӕлӕттӕ Мӕ адӕмы фӕндӕгтыл сахуыр уой ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй сомы кӕной, кӕддӕр сӕхӕдӕг Мӕ адӕмы Баалӕй сомы кӕнын куыд сахуыр кодтой, афтӕ, уӕд Мӕ адӕмы ’хсӕн ӕрфидар уыдзысты.

17 Чи Мӕм нӕ байхъуса, уыцы адӕмӕн та сӕ мыггаг сыскъуыйын кӕндзынӕн ӕмӕ фесафдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan