Йеремиа 10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Израилы байзӕддӕгтӕ, байхъусут, Дунедарӕг уын цы зӕгъы, уымӕ! 2 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Ӕндӕр адӕмты фӕндӕгтыл уӕхи ма ахуыр кӕнут ӕмӕ, иннӕ адӕмтӕ цы ӕрвон ӕвдисӕйнӕгтӕй тӕрсынц, уыдонӕй ма тӕрсут. 3 Уымӕн ӕмӕ адӕмтӕн ис ницӕйаг ӕгъдӕуттӕ: хъӕды акалынц бӕлас, хъӕддӕсны йӕ бабӕстон кӕны фӕрӕтӕй, 4 сфӕлындынц ӕй сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй ӕмӕ, цӕмӕй фидар лӕууа, уый тыххӕй йӕ дзӕбуг ӕмӕ зӕгӕлтӕй ныххойынц. 5 Гуымирытӕ, джитъриты хуымы цы быдыргъ фӕлӕууы, уымӕй уӕлдай не сты: сӕ бон дзурын нӕу, хӕссын сӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ цӕуын нӕ зонынц. Ма сӕ тӕрсут — сӕ бон уын фыдбылыз саразын нӕу, фӕлӕ уын хорзӕй дӕр ницы ракӕндзысты». 6 О Дунедарӕг, никуы ис Дӕу хуызӕн! О, стыр дӕ Ды, хъомысджын у Дӕ ном! 7 О, адӕмты Паддзах, чи нӕ фӕтӕрсдзӕн Дӕуӕй! Кады аккаг ӕрмӕстдӕр Ды дӕ! Ӕппӕт паддзахӕдты, адӕмты ӕппӕт куырыхонты ’хсӕн Дӕуӕн ӕмбал нӕй! 8 Гуымирытӕ ӕнӕзонд сты, зондцухтӕ. Уыдон цӕуыл хъуамӕ сахуыр кӕной адӕмы? 9 Таршишӕй сласынц ӕвзист, Уфазӕй — сыгъзӕрин. Згъӕртайынгӕнӕг ӕмӕ нывгӕнӕг сӕ бабӕстон кӕнынц, сӕ уӕлӕ сын скӕнынц сӕнт сырх хъуымацӕй дарӕс, сфӕлындынц сӕ гиацинтӕй, се ’ппӕт дӕр — ӕрмдӕсныты куыст. 10 Ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг у ӕцӕг Хуыцау, Уый у цардӕгас Хуыцау ӕмӕ ӕнусон Паддзах. Йӕ мастӕй сӕнкъуысы зӕхх, адӕм ӕдых сты Йӕ масты раз. 11 Зӕгъут сын: «Арв ӕмӕ зӕхх цы гуымирытӕ не сфӕлдыстой, уыдон фӕдӕлдзӕх уыдзысты». 12 Уый Йӕ хъомысӕй сфӕлдыста зӕхх, Йӕ уӕлзонды фӕрцы сфидар кодта дуне, ӕгӕрон зондӕй айтыгъта уӕлӕрвтӕ. 13 Уый куы фӕзӕгъы, уӕд къӕвда рауары, зӕххы кӕрӕттӕй мигътӕ сисы. Тӕрккъӕвдайы рӕстӕг Уый рарвиты ӕрвӕрттывдтӕ, Йе ’вӕрӕнтӕй рауадзы дымгӕ. 14 Ӕдылытӕ сты адӕм, зонынад сӕм нӕй; згъӕртайынгӕнӕг йӕхи худинаг кӕны джиппыуагъд гуымирытӕй, йӕ кӕрдгӕнывтӕ сты мӕнг, уд сӕ нӕй. 15 Худӕг ӕмӕ ницӕйаг сты уыдон, сӕ тӕрхоны заман фесӕфдзысты. 16 Фӕлӕ Йаковӕн ӕндӕр уыдзӕн йӕ хъысмӕт. Ӕппӕтдӕр Чи сфӕлдыста, Уый — йӕ Хуыцау, израилӕгтӕ — Йӕ исбон ӕмӕ Йӕ адӕм, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг. 17 О асадӕны бадӕг! Дӕ папитӕ ӕрӕмбырд кӕн ӕмӕ ныууадз дӕ бӕстӕ, 18 уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ныр ӕз ацы зӕххы цӕрджыты фӕсурдзынӕн, фыдбылызы сӕ баппардзынӕн, се знӕгтӕ сӕ куыд ӕрцахсой, афтӕ». 19 О, додойаг фӕдӕн! Удхарӕй мӕлын, мӕ хъӕдгӕмттӕ риссынц, фӕлӕ зӕгъын мӕхицӕн: «О хъизӕмар, быхсдзынӕн дын!» 20 Мӕ цатыр — афтид, йӕ бӕндӕнтӕ иууылдӕр — скъуыд, мӕ фырттӕ мӕ ныууагътой, фӕцыдӕр сты. Ныр мын мӕ цатыр чи айтындздзӕн, чи йын ӕрцауындздзӕни йе ’мбӕрзӕнтӕ? 21 Фыййӕуттӕн сӕ зонд фӕцыди. Дунедарӕджы нӕ агурынц, ӕмӕ сӕ хъуыддӕгты ӕнтыстджын нал сты, сӕ рӕгъӕуттӕ ныххӕлиу сты. 22 Мӕнӕ айхъуысти уац, цӕгатаг зӕххӕй ӕвирхъау уынӕр хъуысы! Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты, хъӕддаг куыйты цӕрӕнбынат. 23 Дунедарӕг, ӕз базыдтон, адӕймаг йӕ цардвӕндагӕн хицау кӕй нӕу, уый, фӕндаггонӕн йӕ къахдзӕфтыл йӕ бар кӕй нӕ цӕуы. 24 О Дунедарӕг, бафхӕр мӕ, ӕрмӕст мӕстыйӕ нӕ! Аккаг ӕфхӕрд мын ратт, фӕлӕ мӕ сафгӕ ма фӕкӕн! 25 Дӕу чи нӕ зоны ӕмӕ Дын Дӕ ном чи нӕ ары, уыцы адӕмтыл Дӕ маст ныккал, уымӕн ӕмӕ уыдон аныхъуырдтой, бабын кодтой Йаковы, йӕ хӕдзӕрттӕ йын сафтид кодтой. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia