Йеремиа 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Ацы чиныджы фыст ӕрцыдысты Хилкиайы фырт Йеремиайы ныхӕстӕ. Уый уыдис Анатоты сауджынтӕй, Бениамины зӕххӕй. 2 Дунедарӕг Йеремиайӕн Йӕ ныхас фехъусын кодта, Иудейы паддзах, Амоны фырт Иосиа, ӕртындӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уыцы заман. 3 Дунедарӕг йемӕ ныхас кодта Иудейы паддзах Иоакимы, Иосиайы фырты, заманы дӕр, стӕй фӕстӕдӕр, суанг иудейаг паддзах Цедекиайы, Иосиайы фырты, хицаудзинады иуӕндӕсӕм азмӕ, цалынмӕ уыцы азы фӕндзӕм мӕйы Йерусалимы цӕрджыты уацары нӕ акодтой, уӕдмӕ. Дунедарӕг сӕвзӕрста Йеремиайы 4 Дунедарӕг мын фехъусын кодта Йӕ ныхас: 5 «Мады гуыбыны дӕ нӕма сӕвзӕрын кодтон, афтӕ дӕ равзӕрстон, гуырд нӕма уыдтӕ, афтӕ дӕ адӕмтӕн пехуымпарӕй сӕвӕрдтон». 6 Ӕз Ын дзуапп радтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ӕз дзурынмӕ нӕ арӕхсын, — нырма ӕвзонг дӕн». 7 Фӕлӕ мын Дунедарӕг загъта: «Ӕвзонг дӕн, зӕгъгӕ, ма дзур; кӕдӕм дӕ ӕрвитон, уырдӕм цӕудзынӕ ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхсон, уыдӕттӕ дзурдзынӕ. 8 Макӕмӕй тӕрс, уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз дыл Мӕ арм дардзынӕн». 9 Дунедарӕг радардта Йӕ къух, бандзӕвыд мӕ былтыл ӕмӕ загъта: «Мӕ ныхӕстӕ дын бавӕрдтон дӕ комы. 10 Абон дӕ Ӕз адӕмтӕ ӕмӕ паддзахӕдтӕй фӕуӕлдӕр кодтон, цӕмӕй ӕд уидаг тонай ӕмӕ сафай, дӕрӕн ӕмӕ афтид кӕнай, аразай ӕмӕ тауай». 11 Дунедарӕг мын фехъусын кодта Йӕ ныхас: «Йеремиа, цы уыныс?» Ӕз дзуапп радтон: «Ӕхсӕры лӕдзӕг». 12 Дунедарӕг мын загъта: «Раст уыныс, уымӕн ӕмӕ Ӕз Мӕхи цӕттӕ кӕнын Мӕ ныхас сӕххӕст кӕнынмӕ». 13 Дунедарӕг мын ногӕй фехъусын кодта Йӕ ныхас: «Цы уыныс?» Ӕз Ын дзуапп радтон: «Фыцгӕ цӕджджинаг, цӕгатӕрдыгӕй фӕкъул ис». 14 Дунедарӕг мын загъта: «Ацы зӕххы цӕрджытӕм цӕгатӕй ӕрбагуылф кӕндзӕн бӕллӕх. 15 Ӕз цӕгаты паддзахӕдты адӕмтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр фӕсиддзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уыдон ӕрбацӕудзысты ӕмӕ сӕ паддзахы къӕлӕтджынтӕ Йерусалимы кулдуары цур, йӕ систы раз ӕмӕ Иудейы алы сахары дӕр ӕрӕвӕрдзысты. 16 Сӕ фыдракӕндты аххосӕй сын Ӕз цы тӕрхон рахастон, уый сын фехъусын кӕндзынӕн: ферох Мӕ кодтой, ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн буд сыгътой ӕмӕ сӕхи къухӕй конд гуымирытӕм куывтой. 17 Ӕрцӕттӕ кӕн дӕхи, цӕугӕ ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхстон, уыдӕттӕ сын фехъусын кӕн. Ма сӕ фӕтӕрс, науӕд дӕ фесафдзынӕн сӕ разы. 18 Абон Ӕз дӕуӕй скодтон фидаргонд сахар, ӕфсӕн цӕджындз ӕмӕ ӕрхуы сис — ацы ӕппӕт зӕхх, Иудейы паддзӕхтӕ ӕмӕ ӕлдӕрттӕн, сауджынтӕн ӕмӕ ацы зӕххы адӕмӕн ныхкъуырд раттынӕн. 19 Уыдон тох кӕндзысты дӕ ныхмӕ, фӕлӕ дыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — Мӕ арм дыл дардзынӕн». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia