Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Йаков 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Развӕдзӕхст бонджын адӕмӕн

1 Байхъусут сымах, бонджынтӕ. Кӕут ӕмӕ дзыназут, цы бӕллӕхтӕ уӕ ӕрӕййафынц, уыдоны тыххӕй.

2 Уӕ мулк бамбыди, уӕ дарӕс уын бахордта рӕмпӕг.

3 Уӕ сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист сызгӕ сты, се згӕ уӕ ныхмӕ ӕвдисӕн уыдзӕн ӕмӕ уын артау бахӕрдзӕн уӕ буар. Уӕ хӕзнатӕ ӕрӕмбырд кодтат рӕстӕджы кӕрон!

4 Уӕ хуымтӕ уын чи ныккарста, уыцы кусджыты мызд уӕхи бакодтат, ӕмӕ уыдон ӕрдиаг кӕнынц хъӕлӕсыдзагӕй. Уыцы хуымгӕрдджыты хъаст сыхъуысти Уӕларвӕфсады Бардарӕгмӕ.

5 Сымах хъалӕй цардыстут зӕххыл, уӕ уды дзӕбӕхӕн; уӕхи хорз схастат уе ’ргӕвдыны бонмӕ.

6 Сымах рӕстгӕнджытӕн тӕрхон куы хастат ӕмӕ сӕ куы мардтат, уӕд уын уыдон та ныхкъуырд нӕ лӕвӕрдтой.


Зындзинӕдтӕн фӕразут

7 Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, Бардарӕджы ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут фӕразонӕй. Мӕнӕ зӕхкусӕг фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы зӕххы зынаргъ бӕркадмӕ, цалынмӕ фӕззыгон ӕмӕ уалдзыгон уарынтӕ ӕрцӕуой, уӕдмӕ.

8 Фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсут сымах дӕр, фидар фӕлӕуут, уымӕн ӕмӕ Бардарӕджы ӕрцыдмӕ бирӕ нал баззади.

9 Кӕрӕдзийӕ хъаст ма кӕнут, ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ тӕрхонгонд ма уат. Тӕрхонгӕнӕг ныридӕгӕн къӕсӕрыл лӕууы.

10 Ме ’фсымӕртӕ, Бардарӕджы номӕй чи дзырдта, уыцы пехуымпартӕ хъизӕмӕрттӕн куыд фӕразон уыдысты, афтӕ фӕразон ут сымах дӕр.

11 Мах амондджыныл нымайӕм, хъизӕмӕрттӕн кӕронмӕ чи бафӕрӕзта, уыдоны. Сымах фехъуыстат, Иов фӕразон кӕй разынди, уый тыххӕй, стӕй зонут, Дунедарӕг ын цы царды кӕрон балӕвар кодта, уый, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг хорзӕхджын ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у.

12 Уӕлдайдӕр, ме ’фсымӕртӕ, ма сомы кӕнут нӕдӕр арвӕй, нӕдӕр зӕххӕй, нӕдӕр ӕндӕр истӕмӕй. Фӕлӕ уӕ «о» хъуамӕ уа «о», уӕ «нӕ» та — «нӕ», ӕмӕ тӕрхонгонд ма уат.


Кӕрӕдзийӕн барут, кӕрӕдзийы тыххӕй кувут

13 Хъизӕмар уӕ исчи ӕвзары? Кувӕд. Амондджын уӕ исчи у? Зарӕд Хуыцауӕй ӕппӕлӕн зарджытӕ.

14 Рынчын уӕ исчи у? Фӕдзурӕд аргъуаны хистӕртӕм. Уыдон ӕй Бардарӕджы номыл байсӕрддзысты оливӕйы сойӕ ӕмӕ йын скувдзысты.

15 Ӕмӕ, йӕ бындуры уырнындзинад кӕмӕн ис, уыцы куывдӕй сдзӕбӕх уыдзӕн рынчын, ӕмӕ йӕ Бардарӕг слӕууын кӕндзӕн йӕ къахыл. Кӕд тӕригъӕд ракодта рынчын, уӕд ын хатыргонд уыдзӕни.

16 Уӕдӕ уӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом кӕнут кӕрӕдзийӕн, кувут кӕрӕдзийы тыххӕй ӕмӕ сӕнӕниз уат. Рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывды бон бирӕ у.

17 Илийа мах хуызӕн адӕймаг уыди. Фӕлӕ уарын цӕмӕй ма уа, уый тыххӕй зӕрдиагӕй ракуырдта Хуыцауӕй, ӕмӕ ӕртӕ азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы зӕхмӕ иу ӕртах дӕр не ’рхауд.

18 Стӕй, ногӕй куы бакуывта, уӕд ӕрцыд къӕвда, ӕмӕ зӕхх радта хор.


Кӕронбӕттӕн

19 Ме ’фсымӕртӕ, исчи уӕ ӕцӕгадӕй куы адзӕгъӕл уа ӕмӕ йӕ иннӕ куы раздаха,

20 уӕд зонӕд: чи адзӕгъӕл ис, ахӕм тӕригъӕдджыны раздахӕг ын мӕлӕтӕй фервӕзын кӕндзӕн йӕ уд, ӕмӕ йын барст ӕрцӕудзысты бирӕ тӕригъӕдтӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan