Йаков 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстӔвзаг 1 Ме ’фсымӕртӕ, иууылдӕр ахуыргӕнджытӕ суӕвынмӕ ма тырнут. Махӕй, ахуыргӕнджытӕй, карздӕрӕй кӕй ӕрдомдӕуыдзӕн, уый сымахӕн зындгонд у. 2 Уымӕн ӕмӕ мах не ’ппӕт дӕр арӕх тӕригъӕды бацӕуӕм. Дзыхы ныхасӕй тӕригъӕды чи нӕ цӕуы, уый у алцӕмӕй дӕр ӕххӕст адӕймаг ӕмӕ йӕ бон у йе ’ппӕт буары рохтыл хӕцын дӕр. 3 Цӕмӕй бӕх нӕ коммӕ кӕса, уый тыххӕй йын идоны къӕбӕлтӕ йӕ дзыхы куы бакӕнӕм, уӕд нӕ бар фӕцӕуы йе ’ппӕт буарыл дӕр. 4 Кӕс-ма, наутӕ дӕр кӕд цыфӕнды стыр сты ӕмӕ сӕ тыхджын дымгӕтӕ размӕ скъӕрынц, уӕддӕр сӕ гыццыл здахӕн саразы, наутӕрӕджы кӕдӕм фӕфӕнды, уыцырдӕм. 5 Афтӕ ӕвзаг дӕр: хӕрз гыццыл уӕнг у, фӕлӕ йын тынг бирӕ ӕнтысы. Кӕс-ма, хӕрз гыццыл зынгӕй цы стыр арт сирвӕзы! 6 Ӕвзаг дӕр у зынг, фыдбылызы дунейы ӕнгӕс. Ӕвзаг нӕ буары иннӕ уӕнгты ӕхсӕн ахӕм у, ӕмӕ фӕчъизи кӕны ӕгас буар дӕр, арт бафтауы не ’ппӕт цардыл, йӕхӕдӕг та зындоны артӕй ссудзы. 7 Адӕймагӕн йӕ бон у алы сырдты ӕмӕ мӕргъты, хилджыты ӕмӕ денджызон цӕрӕгойты йӕ дӕлбар бакӕнын, ӕмӕ сӕ йӕ дӕлбар дӕр кӕны. 8 Ӕвзаджы та йӕ дӕлбар бакӕнын адӕмӕй никӕй бон у. Уый у, бауромӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм фыдбылыз, мӕлӕтхӕссӕг маргӕй йемыдзаг. 9 Дунедарӕгӕн, нӕ Фыдӕн, цы ӕвзагӕй арфӕ кӕнӕм, уыцы ӕвзагӕй ӕлгъитӕм, Хуыцауы ӕнгӕс кӕй сфӕлдыстӕуыд, уыцы адӕмы дӕр. 10 Иу дзыхӕй рацӕуы арфӕ ӕмӕ ӕлгъыст. Ме ’фсымӕртӕ, уый хъуамӕ афтӕ ма уа. 11 Уыцы иу суадонӕй гуырынц, мыййаг, адджын дон дӕр ӕмӕ маст дон дӕр? 12 Ме ’фсымӕртӕ, легъуи бӕласыл, мыййаг, оливӕ бӕласы гагатӕ ӕрзайдзӕни, сӕнӕфсирыл та — легъуийы дыргътӕ? Афтӕ цӕхджын суадонӕй дӕр адджын дон нӕ гуыры. Уӕларвон зонд 13 Сымахӕй зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ исчи у? Кӕд ӕцӕг ахӕм у, уӕд ӕй равдисӕд йӕ нывыл цардӕй, зондӕй гуырӕг ӕвӕлмасдзинадӕй. 14 Фӕлӕ кӕд уӕ зӕрдӕ хӕлӕг ӕмӕ хи уарзынӕй ӕмыдзаг у, уӕд ма ӕппӕлут уӕхицӕй ӕмӕ ӕцӕгад ма ӕмбӕхсут уӕ гӕды ныхӕсты аууон. 15 Уый нӕу уӕларвӕй ӕрцӕугӕ зонд, фӕлӕ у зӕххон, тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕй рацӕугӕ, хӕйрӕджы лӕвӕрд. 16 Уымӕн ӕмӕ хӕлӕгдзинад ӕмӕ хирвӕссондзинад кӕм уа, уым уыдзӕни змӕст ӕмӕ алы ӕвзӕр митӕ. 17 Уӕларвӕй ӕрцӕугӕ зонд та фыццаджыдӕр у сыгъдӕг, стӕй у фидауынгӕнӕг, сӕрныллӕг, коммӕгӕс, фӕлмӕнзӕрдӕ, йӕ хъуыддӕгты дыргътӕ сты хорз, никӕй хъулон кӕны, цӕстмӕмитӕ йӕм нӕй. 18 Уыцы дыргътӕ сты, фарнимӕ чи тауы, уыцы фидауынгӕнджыты рӕстады мыггагӕй. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia