Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Йаков 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Йаковӕй, Хуыцауы ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы цагъарӕй, — ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕн цы дыууадӕс мыггаджы ныххӕлиу, уыдонмӕ. Фӕрнджын ут.


Уырнындзинад ӕмӕ куырыхон зонд

2 Алы фӕлварӕнты куы бахаут, ме ’фсымӕртӕ, уӕд ӕй уӕхицӕн нымайут стыр амондыл,

3 уымӕн ӕмӕ, уӕ уырнындзинад фӕлварӕнты куы бахауы, уӕд фӕразон кӕй свӕййут, уый зонут.

4 Фӕразондзинад та сымах хъуамӕ ӕркӕна, алцӕмӕй дӕр уӕ монон кары куыд бацӕуат ӕмӕ ӕххӕст куыд уат, ӕппындӕр уӕм куыд ницы аипп уа, уымӕ.

5 Фӕлӕ уӕ кӕд искӕмӕн йӕ зонд фаг не ’ххӕссы, уӕд алкӕмӕн дӕр рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй дӕттӕг Хуыцауӕй ракурӕд, — ӕмӕ йын ратдзӕн.

6 Ӕрмӕст курӕд, кӕй райсдзӕн, ууыл ӕууӕндгӕйӕ ӕмӕ бынтон ӕнӕдызӕрдыгӕй. Уымӕн ӕмӕ дызӕрдыггӕнӕг у, дымгӕ кӕй сисы ӕмӕ кӕмӕй фӕхъазы, уыцы денджызон уылӕнау.

7 Ахӕм адӕймаг Бардарӕгӕй исты райсыныл йӕ зӕрдӕ ма дарӕд —

8 йӕ зонд дыууӕрдӕм хӕцы, ӕмӕ, цыдӕриддӕр ма араза — фаг ныфс ӕм нӕ разыны.


Мӕгуыр ӕмӕ хъӕздыг

9 Мӕгуыр ӕфсымӕр ӕппӕлӕд, Хуыцау ӕй бӕрзонд кӕй сӕвӕрдта, уымӕй.

10 Хъӕздыг та — дӕлдзиныггонд кӕй ӕрцыди, уымӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ хъӕздыгдзинад быдираг дидинӕгау фӕцыдӕр уыдзӕн.

11 Скӕсы хур, ӕмӕ йӕ тӕвдӕй дидинӕг бахус вӕййы ӕмӕ ӕрызгъӕлы, йӕ рӕсугъддзинад ӕрбайсӕфы. Афтӕ хъӕздыг дӕр: йӕ хъуыддӕгтӕ аразгӕйӕ баруайдзӕн.


Фыдӕвзарӕнтӕ — амондхӕссӕг

12 Тӕхудиаг у фӕлварӕнӕн фӕразон адӕймаг, уымӕн ӕмӕ, фӕлвӕрд куы уа, уӕд райсдзӕни, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард.

13 Фӕлварӕнты чи бахауа, уый ма дзурӕд: «Хуыцау мӕ къахы». Хуыцауӕн фыдӕхӕй ракъахӕн нӕй, стӕй Йӕхӕдӕг дӕр никӕй къахы.

14 Фӕлӕ алкӕй дӕр ракъахы йӕхи монц, сцыбӕл ӕй кӕны ӕмӕ йӕ къӕппӕджы баппары.

15 Монц ауадзы йӕ уидӕгтӕ, ӕмӕ дзы рацӕуы тӕригъӕд, тӕригъӕд та расайы мӕлӕт.

16 Ма фӕдзӕгъӕл ут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ.

17 Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр, стӕй алы ӕххӕст лӕвар дӕр ӕрцӕуынц уӕлӕрвтӕй, иудадзыг иухуызон Чи у ӕмӕ ӕппындӕр Чи нӕ ивы, Уымӕй — рухсы Фыдӕй.

18 Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ нын радта ног цард — ӕцӕгады ныхасы руаджы нӕ скодта Йӕ хъӕбултӕ. Кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй мах хоры сӕрау рахицӕн кодта Йӕхицӕн.


Раст ныхасы маст нӕй

19 Уӕ зӕрдыл бадарут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ: алчидӕр рӕвдз уӕд байхъусынмӕ, рагацау хъуыды кӕнӕд йӕ ныхасыл, мӕстыгӕр ма уӕд.

20 Уымӕн ӕмӕ мӕсты адӕймаджы бон нӕу, Хуыцауӕн фӕндон цы у, уый саразын.

21 Уымӕ гӕсгӕ ныууадзут алы чъизи ми, алы фыдӕх; ӕвӕлмасӕй кӕсут Хуыцауы ныхасы коммӕ. Уыцы ныхас байтыдӕуыд уӕ зӕрдӕты, ӕмӕ йӕ бон у уӕ фервӕзын кӕнын.


Ӕцӕг уырнындзинад хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у

22 Ӕххӕст ӕй кӕнут ӕмӕ ма ут, ӕрмӕст ӕм байхъусынӕй дарддӕр чи ницы аразы ӕмӕ уымӕй йӕхӕдӕг йӕхи чи сайы, ахӕмтӕ.

23 Уымӕн ӕмӕ, ныхас чи хъусы, фӕлӕ йӕ чи не ’ххӕст кӕны, уый у, кӕсӕны йӕхимӕ чи кӕсы, уыцы адӕймаджы хуызӕн:

24 федта йӕхи, иуварс ацыд ӕмӕ дзы уайтӕккӕ ферох, цы хуызӕн у, уый.

25 Фӕлӕ ахӕм нӕу, сӕрибардӕттӕг ӕнаипп ӕгъдау чи иртасы ӕмӕ йыл чи хӕцы, уыцы адӕймаг. Цы хъусы, уый ӕрмӕст йӕ зӕрдыл нӕ дары, фӕлӕ ма йӕ ӕххӕст дӕр кӕны. Ахӕм адӕймаг тӕхудиаг уыдзӕн йӕ алы хъуыддаджы дӕр.

26 Кӕд исчи йӕхи уырнӕгыл нымайы, йе ’взагыл та йӕ бар нӕ цӕуы, уӕд йӕхӕдӕг йӕхи сайы ӕмӕ йӕ уырнындзинад ӕнӕпайда у.

27 Сидзӕрты, идӕдзты сӕ зынты барӕвдауын, а дунейы чъизитӕй хи бахизын, — уый у Фыд Хуыцауы раз сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау уырнындзинад.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan