Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Галатӕгтӕм 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Кӕрӕдзийӕн ӕххуыс ӕмӕ лӕггад кӕнын

1 Ӕфсымӕртӕ, исчи тӕригъӕды куы бафта, уӕд ӕй сымах, Сыгъдӕг Удӕн коммӕгӕстӕ, сабырӕй раст фӕндагмӕ раздахут. Уӕхи хизут, цӕмӕй уӕхӕдӕг дӕр уыцы къӕппӕджы ма бахауат.

2 Уӕ кӕрӕдзийӕн царды уаргъ хӕссынмӕ ӕххуыс кӕнут ӕмӕ афтӕмӕй Чырыстийы ӕгъдау сӕххӕст кӕндзыстут.

3 Ницы уӕвгӕйӕ йӕхицӕн цыдӕр ӕнхъӕл чи у, уый йӕхи сайы.

4 Алчидӕр йӕхи хъуыддӕгтӕм кӕсӕд ӕмӕ сӕ искӕй хъуыддӕгтимӕ ма барӕд. Уӕд, цы хъуыддӕгтӕ йын бантыст, уыдоныл цин кӕндзӕн.

5 Уымӕн ӕмӕ алчидӕр йӕхи уаргъ ахӕсдзӕн.

6 Хуыцауы ныхас кӕмӕн амындӕуы, уый йӕ цавӕрфӕнды исбонӕй дӕр хай кӕнӕд ахуыргӕнӕгӕн.

7 Уӕхиуыл сайд ма ӕруадзут: Хуыцау хынджылӕггаг нӕу. Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн.

8 Йӕ буары ӕрдзыхъӕд бафсадынӕн чи тауы, уый мӕлӕт ӕркӕрддзӕни; Уды хуымы чи тауы, уый та ӕркӕрддзӕни мыггагмӕйы цард.

9 Уӕдӕ ӕвӕллайгӕйӕ аразӕм хорз хъуыддӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ, кӕд нӕ хъару нӕ асӕтта, уӕд йӕ заманы ӕркӕрддзыстӕм, цы байтауӕм, уый.

10 Ӕмӕ, цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ цӕй ӕмӕ алкӕмӕн дӕр цӕуӕм хорзы, уӕлдайдӕр та, уырнындзинад мах иу бинонтӕ кӕимӕ скодта, уыдонӕн.


Кӕронбӕттӕны фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ саламтӕ

11 Уынут, мӕхи къухӕй уӕм цы стыр дамгъӕтӕй ныффыстон!

12 Ӕддаг бакастӕй цы зыны, уыдӕтты фӕрцы йӕхи равдисыныл чи архайы, уыдон уӕ сунӕтыл ӕрмӕст уый тыххӕй ардауынц, цӕмӕй Чырыстийы дзуары тыххӕй ӕфхӕрд ма баййафой.

13 Уымӕн ӕмӕ, сунӕт чи кӕны, уыдон суанг сӕхӕдӕг дӕр не ’ххӕст кӕнынц Ӕгъдау, фӕлӕ архайынц, сымах сунӕт куыд скӕнат ӕмӕ уымӕй сӕхицӕй куыд раппӕлой, ууыл.

14 Мӕн та мӕхицӕй раппӕлынӕй Хуыцау бахизӕд — раппӕлдзынӕн, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы дзуары тыххӕй кӕй хъусын кӕнын, ӕрмӕст уымӕй. Уыцы дзуары фӕрцы мӕнӕн байтыгъдӕуыд дуне, мӕн та — дунейӕн.

15 Уымӕн ӕмӕ, сунӕт скӕнай, ма скӕнай — уӕлдай нӕу; ахсджиаг у ногӕй райгуырын.

16 Ацы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи цӕры, уыдон хайджын уӕнт хорзӕх ӕмӕ фарнӕй, ӕмӕ семӕ Хуыцауы ӕппӕт Израил!

17 Нырӕй фӕстӕмӕ мыл ахӕм уаргъ мачиуал ӕвӕрӕд, уымӕн ӕмӕ мӕ буарыл Йесойы хъӕдгӕмттӕ хӕссын.

18 Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх уӕд уӕ удимӕ, ӕфсымӕртӕ. Аммен.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan