Галатӕгтӕм 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЧырысти нын ӕрхаста сӕрибар 1 Чырысти нӕ уый тыххӕй ссӕрибар кодта, цӕмӕй сӕрибар уӕм. Уӕдӕ фидар лӕуут ӕмӕ та ногӕй цагъарады ӕфсондзы бынмӕ ма бахаут. 2 Ӕз, Павел, зӕгъын сымахӕн: кӕд сунӕт кӕнут, уӕд уын Чырыстийӕ ницы пайда уыдзӕни. 3 Сунӕт чидӕриддӕр кӕны, уыдонӕн ма ноджы иу хатт зӕгъын: Ӕгъдау уын ӕнӕхъӕнӕй ӕххӕстгӕнинаг у. 4 Сымахӕй Ӕгъдауы фӕрцы йӕхи чи раст кӕны, уыдон баззадысты ӕнӕ Чырыстийӕ, ӕнӕхай фесты Хуыцауы хорзӕхӕй. 5 Мах та Сыгъдӕг Удӕй лӕвӕрд уырнындзинады фӕрцы нӕ зӕрдӕ дарӕм ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау нӕ кӕй сраст кӕндзӕн, уымӕ. 6 Уымӕн ӕмӕ, мах Йесо Чырыстиимӕ куы уӕм, уӕд, сунӕт скӕнай, ма скӕнай — уӕлдай нӕу; ахсджиаг у ахӕм уырнындзинад, уарзты уылты чи раргом вӕййы. 7 Хорз куы цыдыстут, уӕд уӕ чи бахъыгдардта, цӕмӕй ӕцӕгады коммӕ мауал кӕсат? 8 Ахӕм зондыл уӕ уе ’рхонӕг Хуыцау нӕ сардыдта. 9 Чысыл ӕнхъизӕн хыссӕ ӕгасӕй дӕр сӕнхъизын кӕны. 10 Сымахмӕ дӕр ӕндӕр зонд кӕй нӕ уыдзӕн, ууыл ӕз Бардарӕджы фӕрцы фидарӕй мӕ зӕрдӕ дарын. Уӕ зонд уын чи змӕнты — чидӕриддӕр уӕд, — уый ӕфхӕрд баййафдзӕн. 11 Кӕд ма ӕз ныртӕккӕ дӕр, ӕфсымӕртӕ, сунӕты фарс дӕн, уӕд мӕ цӕй тыххӕй ӕфхӕрынц? Уӕд дзуары тыххӕй цы фӕдзурын, уый цӕлхдур нӕ уаид. 12 О, уӕ зонд уын чи змӕнты, уыдон сӕхи куы бардузиккой! 13 Сӕрибармӕ хуынд стут, ӕфсымӕртӕ; ӕрмӕст уӕ сӕрибар ма асайӕд уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды мондӕгтӕ ӕфсадынмӕ, фӕлӕ, кӕрӕдзийы уарзгӕйӕ, уӕ иу иннӕмӕн лӕггад кӕнӕд. 14 Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдауы ӕппӕт мидис иу ныхасы ис: «Дӕхи куыд уарзыс, дӕ хионы дӕр афтӕ уарз». 15 Фӕлӕ кӕд кӕрӕдзийы ’хсынут ӕмӕ хӕрут, уӕд кӕсут уӕхимӕ, — ма фӕцӕгъдут кӕрӕдзийы. Сыгъдӕг Уды амындӕй цӕрут 16 Зӕгъын уын, цӕрут Удӕн коммӕгӕсӕй ӕмӕ уӕд уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды мондӕгты фӕдыл нӕ цӕудзыстут. 17 Уымӕн ӕмӕ буары ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уый Уды ныхмӕ у, Уды цы фӕнды, уый та — буары ӕрдзыхъӕды ныхмӕ. Уыдон кӕрӕдзийы ныхмӕ сты, ӕмӕ уӕ цы фӕнды, уый нӕ кӕнут. 18 Фӕлӕ кӕд сымах Уды коммӕ кӕсут, уӕд Ӕгъдауы дӕлбар не стут. 19 Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хъуыддӕгтӕ зындгонд сты: хӕтын, чъизи ӕмӕ ӕлгъаг митӕ, 20 мӕнгхуыцӕуттӕн кувын, кӕлӕнтӕ, фыдӕх, хъаугъатӕ, мӕсты кӕнын, хи уӕлдӕр ӕвӕрын, кӕрӕдзийы не ’мбарын, къордтыл дихтӕ кӕнын, 21 хӕлӕгцӕст, марын, фыднозт, ӕнӕуаг митӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Дзырдтон уын ӕмӕ уын ныр дӕр зӕгъын: ахӕм митӕ чи кӕны, уыдон Хуыцауы Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты. 22 Удӕн та йӕ дыргътӕ сты: уарзондзинад, циндзинад, фарн, бирӕбыхст, зӕрдӕхӕлардзинад, рӕдаудзинад, иузӕрдиондзинад, 23 сӕрныллӕгдзинад, хиуылхӕст. Ахӕмтӕм Ӕгъдау бар нӕ дары. 24 Чырыстийы чи у, уыдон сӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕд байтыгътой йӕ чъизи бӕллицтимӕ ӕмӕ мондӕгтимӕ. 25 Кӕд Уд махӕн царддӕттӕг у, уӕд Уымӕн коммӕгӕсӕй хъуамӕ цӕрӕм. 26 Ма уӕм цытуарзаг, кӕрӕдзийы ма мӕсты кӕнӕм, кӕрӕдзимӕ ма хӕлӕг кӕнӕм. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia