Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Галатӕгтӕм 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Цагъартӕ нӕ, фӕлӕ фырттӕ

1 Ноджы ма уын зӕгъын: бындар цалынмӕ саби уа, уӕдмӕ цагъарӕй ницӕмӕй хицӕн кӕны, кӕд ӕппӕты хицау у, уӕддӕр.

2 Фыд кӕй снысан кодта, уыцы афонмӕ уый у йӕ хъомылгӕнджыты ӕмӕ хӕдзармӕ цӕст дарджыты дӕлбар.

3 Афтӕ мах дӕр: цалынмӕ сабитӕ уыдыстӕм, уӕдмӕ ацы дунейы ӕгъдӕутты цагъартӕ уыдыстӕм.

4 Фӕлӕ афон куы ралӕууыд, уӕд Хуыцау рарвыста, сылгоймагӕй Чи райгуырд ӕмӕ Ӕгъдауы дӕлбар Чи уыд, Йӕ уыцы Фырты,

5 Ӕгъдауы дӕлбар чи у, уыдоны балхӕнынмӕ, цӕмӕй нӕ Йӕхицӕн хъӕбултӕ скӕна.

6 Хуыцауы хъӕбултӕ кӕй стут, уымӕ гӕсгӕ Хуыцау нӕ зӕрдӕты ӕрцӕрын кодта Йӕ Фырты Уды, ӕмӕ Уый хъӕлӕсыдзагӕй фӕзӕгъы: «Аввӕ, нӕ Фыд!»

7 Уымӕ гӕсгӕ ды цагъар нал дӕ, фӕлӕ хъӕбул; ӕмӕ кӕд хъӕбул дӕ, уӕд дӕ Хуыцау скодта Йӕ бындар Чырыстийы сӕраппонд.


Ма аздӕхут фӕстӕмӕ цагъарадмӕ

8 Раздӕр та, Хуыцауы куы нӕма зыдтат, уӕд уыдыстут, ӕцӕгӕй Хуыцау чи нӕу, уыцы хуыцӕутты цагъартӕ.

9 Ныр та, Хуыцауы куы базыдтат, растдӕр зӕгъгӕйӕ та, Хуыцау уӕ куы базыдта, уӕд ногӕй цӕмӕн здӕхут дунейы уыцы ӕдых ӕмӕ ницӕйаг ӕгъдӕуттӕм? Цӕмӕн уӕ фӕнды, ӕмӕ уыдонӕн ногӕй цагъартӕ уат?

10 Сымах бӕрӕг кӕнут сӕрмагонд бонтӕ, мӕйтӕ, рӕстӕджытӕ ӕмӕ азтӕ.

11 Сымахмӕ мӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы куы фӕуа, уымӕй уын тӕрсын.


Павелы мӕт галатӕгтыл

12 Лӕгъстӕ уын кӕнын, ӕфсымӕртӕ, бафӕзмут мӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕр сымах хуызӕн адӕймаг дӕн. Сымах мӕ хъыджы ницӕмӕй бацыдыстут.

13 Куыд зонут, афтӕмӕй уын фыццаг хатт Фарны Уац куы хъусын кодтон, уӕд рынчын уыдтӕн.

14 Ӕмӕ мӕ рынчын кӕд сымахӕн фӕлварӕн уыди, уӕддӕр мӕ ницыйыл нӕ банымадтат, ӕнӕввӕрсон мыл нӕ уыдыстут, фӕлӕ мыл баузӕлыдыстут, цыма уын Хуыцауы зӕд кӕнӕ Йесо Чырысти уыдтӕн, афтӕ.

15 Уӕ цин цы фӕци? Мӕхӕдӕг ӕвдисӕн дӕн, гӕнӕн уын куы уыдаид, уӕд рафтыдтаиккат уӕ цӕстытӕ ӕмӕ сӕ раттаиккат мӕнӕн.

16 Ау, рӕстдзинад уын кӕй дзырдтон, уый тыххӕй уын знаг сдӕн?

17 Иннӕтӕ уыл ӕнувыд сты, ӕрмӕст зӕрдиагӕй нӕ — архайынц уӕ фӕхицӕн кӕныныл, цӕмӕй сымах уыдоныл уат ӕнувыд.

18 Ӕнувыдӕй хи ӕвдисын ӕмӕ кӕддӕриддӕр ахӕмӕй баззайын хорз у, нысан хорз куы уа, уӕд, фӕлӕ ӕз уемӕ куы вӕййын, ӕрмӕст уыцы рӕстӕг нӕ.

19 Мӕ хъӕбултӕ, арӕг сылгоймагау ногӕй хъизӕмӕрттӕ сымах тыххӕй ӕвзарын, цалынмӕ Чырыстийы ӕрдзыхъӕдӕй не схайджын уат, уӕдмӕ.

20 Куыд мӕ фӕнды ныртӕккӕ сымахмӕ фестын ӕмӕ уемӕ ӕндӕр хъӕлӕсы уагӕй ныхас кӕнын, уымӕн ӕмӕ уын цы бакӕнон, уый нал зонын.


Агар ӕмӕ Саррӕ

21 Зӕгъут-ма мын, Ӕгъдауы дӕлбар уӕвын кӕй фӕнды, уыдон, Ӕгъдау цы зӕгъы, уый нӕ хъусут?

22 Фыст у: «Авраамӕн уыди дыууӕ фырты — сӕ иу райгуырди цагъар сылгоймагӕй, иннӕ та — сӕрибар сылгоймагӕй».

23 Фӕлӕ цагъар сылгоймагӕй чи райгуырди, уый ӕрдзон ӕгъдауӕй райгуырди, сӕрибар сылгоймагӕй чи райгуырди, уый та — Хуыцауы зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ.

24 Ам фӕсномыг хъуыды ис. Уыцы сылгоймӕгтӕ дыууӕ фидыды амонынц: сӕ иу ӕрцыди Синайы хохӕй, ӕмӕ дзы райгуыры цагъартӕ — уый у Агар.

25 Агар амоны Синайы хох Аравийы — фӕсномыгӕй уый у абоны Йерусалим, уымӕн ӕмӕ йӕ хъӕбултимӕ цагъарады ис.

26 Уӕларвон Йерусалим та сӕрибар у — не ’ппӕты мад.

27 Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Сцин кӕн, ӕнӕзӕнӕг, сывӕллон чи никуы ныййардта, уый! Цинхъӕр кӕн, арӕг сылгоймаджы хъизӕмӕрттӕ чи нӕ бавзӕрста, уый! Кӕй ныууагътой, уымӕн фылдӕр цот уыдзӕни моймӕдзыдӕй».

28 Ӕфсымӕртӕ, Исаакау сымах Хуыцауы зӕрдӕвӕрды хъӕбултӕ стут.

29 Фӕлӕ ӕрдзон ӕгъдауӕй райгуырӕг Уды хъаруйӕ райгуырӕджы уӕд куыд ӕфхӕрдта, афтӕ у ныр дӕр.

30 Цы зӕгъы Сыгъдӕг Фыст? «Фӕсур цагъар сылгоймаджы ӕд лӕппу, уымӕн ӕмӕ цагъар сылгоймаджы лӕппу дӕ бынтӕм ницы бар дары — сӕрибар сылгоймаджы лӕппуйы бауыдзысты».

31 Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, мах стӕм цагъар сылгоймаджы нӕ, фӕлӕ сӕрибар сылгоймаджы хъӕбултӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan