Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Галатӕгтӕм 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Павел ӕмӕ иннӕ апостолтӕ

1 Фӕстӕдӕр, цыппӕрдӕс азы фӕстӕ, Варнавӕимӕ ногӕй ацыдтӕн Йерусалиммӕ, Титы дӕр акодтон немӕ.

2 Уырдӕм ацӕуын мӕ кӕй хъӕуы, уый та мын раргом ис Хуыцауӕй, ӕмӕ уым радзырдтон, муртаттӕгтӕн цы Фарны Уац хъусын кӕнын, уый тыххӕй. Хицӕнӕй ма ныхас кодтон номджын хистӕртимӕ, цӕмӕй сбӕлвырд уа, ӕз дзӕгъӕлы кӕй нӕ фӕкуыстон ӕмӕ дзӕгъӕлы кӕй нӕ кусын.

3 Ме ’мбӕлццон Тит бердзенаг уыди, фӕлӕ уымӕй дӕр сунӕт скӕнын нӕ домдтой,

4 кӕд нӕм мӕнгӕфсымӕртӕ куыддӕрты ӕрбаирвӕзтысты, уӕддӕр. Уыдон нӕм сӕхи ӕрбайстой, Чырыстиимӕ иу кӕй стӕм, уый руаджы нын цы сӕрибар ис, уымӕ сусӕгӕй цӕст дарынмӕ ӕмӕ махӕй цагъартӕ скӕнынмӕ.

5 Фӕлӕ сын мах нӕ басастыстӕм ӕмӕ иу сахаты бӕрц дӕр нӕ бахаудтам сӕ дӕлбар, цӕмӕй уӕм Фарны Уацы ӕцӕгад баззайа сыгъдӕгӕй.

6 Номджын хистӕрыл нымад чи уыди — кӕдфӕнды-цыфӕнды сгуыхт ма уой, мӕнӕн уӕлдай нӕу, Хуыцау никӕй хъулон кӕны — уыдон мӕ Фарны Уацыл уымӕй уӕлдай ницы бафтыдтой.

7 Уый нӕ, фӕлӕ федтой, мӕнӕн баргонд кӕй у ӕнӕсунӕтгӕндтӕн Фарны Уац хъусын кӕнын, Петрӕн сунӕтгӕндтӕн хъусын кӕнын куыд баргонд у, афтӕ.

8 Уымӕн ӕмӕ Петры уылты чи архайдта сунӕтгӕндты ӕхсӕн, уый мӕн уылты дӕр архайы муртаттӕгты ӕхсӕн.

9 Ӕмӕ мын Хуыцау цы хорзӕх радта, уый куы базыдтой, уӕд Йаков, Кифӕ ӕмӕ Иоанн — аргъуаны цӕджындзтыл кӕй нымайынц, уыдон — немӕ ӕмгуысты нысанӕн мӕнӕн ӕмӕ Варнавӕйӕн райстой нӕ къухтӕ, цӕмӕй мах ацӕуӕм муртаттӕгтӕм, уыдон та — сунӕтгӕндтӕм.

10 Ӕрмӕст куырдтой, цӕмӕй ма рох кӕнӕм мӕгуырты, ӕмӕ ӕз зӕрдиагӕй архайын уый сӕххӕст кӕныныл.


Павелы уайдзӕф Петрӕн

11 Фӕлӕ Кифӕ Антиохимӕ куы ӕрцыд, уӕд ӕз комкоммӕ радзырдтон йӕ ныхмӕ, уымӕн ӕмӕ раст нӕ бакодта.

12 Йаковы ӕрвыст лӕгты ӕрцыды агъоммӕ Кифӕ муртаттӕгтимӕ бадтис иу фынгыл. Фӕлӕ уыдон куы ӕрцыдысты, уӕд, сунӕтгӕндтӕй кӕй тарсти, уымӕ гӕсгӕ байдыдта муртаттӕгтӕй йӕхи иуварс ласын.

13 Йемӕ цӕстмӕмитӕ кодтой иннӕ иудейӕгтӕ дӕр, суанг ма сӕ Варнавӕ дӕр бафӕзмыдта.

14 Фӕлӕ уыдон Фарны Уацы ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ сӕхи кӕй нӕ дарынц, уый куы федтон, уӕд се ’ппӕты раз Кифӕйӕн загътон: «Кӕд ды, иудейаг, муртаттагау цӕрыс, иудейаджы хуызӕн нӕ, фӕлӕ, уӕд муртаттӕгтӕй цӕмӕн домыс иудейаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕрын?»


Уырнындзинад — ирвӕзынгӕнӕг

15 Мах муртаттӕгтӕй рацӕуӕг тӕригъӕдджынтӕ не стӕм — иудейаг туг нӕм ис.

16 Фӕлӕ мах зонӕм, Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй Хуыцауы раз ничи сраст уыдзӕни, фӕлӕ ӕрмӕст Йесо Чырыстийыл ӕууӕндынӕй. Уымӕ гӕсгӕ мах баууӕндыдыстӕм Йесо Чырыстийыл, цӕмӕй сраст уӕм Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны нӕ, фӕлӕ Чырыстийыл ӕууӕндыны фӕрцы. Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны фӕрцы Хуыцауы раз ничи сраст уыдзӕни.

17 Кӕд Чырыстийы фӕрцы тырнӕм нӕхи сраст кӕнынмӕ ӕмӕ уӕддӕр тӕригъӕдджынтӕ стӕм, уӕд уый, мыййаг, афтӕ амоны, ӕмӕ Чырысти тӕригъӕдӕн кусӕг у? Ницы хуызы!

18 Уымӕн ӕмӕ, цы фехӕлдтон, уый кӕд ногӕй аразын, уӕд мӕхи ӕгъдаухалӕджы бынаты ӕвӕрын.

19 Ӕгъдауы фӕрцы ӕз амардтӕн Ӕгъдауӕн, цӕмӕй цӕрон Хуыцауӕн. Ӕз тыгъд ӕрцыдтӕн Чырыстиимӕ.

20 Ӕмӕ ныр ӕз нал цӕрын, фӕлӕ мӕ зӕрдӕйы цӕры Чырысти. Ӕмӕ нырма кӕд мӕ буары цӕрын, уӕд цӕрын ӕрмӕстдӕр, Чи мӕ бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй Йӕхи нывондӕн Чи ӕрхаста, Хуыцауы уыцы Фыртыл ӕууӕндынӕй.

21 Ӕз мӕхи нӕ тигъ кӕнын Хуыцауы хорзӕхыл. Уымӕн ӕмӕ, адӕймаджы кӕд Ӕгъдау раст кӕны, уӕд Чырысти дзӕгъӕлы амард.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan