Филиппӕгтӕм 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Уӕдӕ, зӕрдӕйӕ кӕй уындмӕ бӕллын, мӕ цин ӕмӕ мӕ хӕрзиуӕг чи у, мӕ уыцы уарзон ӕфсымӕртӕ, фидар лӕуут, Бардарӕгыл ӕууӕндгӕйӕ. Ныстуантӕ 2 Хатын Еводимӕ, хатын Синтихимӕ: сымах Бардарӕгимӕ стут ӕмӕ кӕрӕдзийы ӕмбаргӕйӕ цӕрут. 3 Дӕуӕй дӕр, мӕ иузӕрдион ӕмкусӕг, ӕххуыс курын уыцы сылгоймӕгтӕн. Сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст кӕмӕн сты, уыцы Клемент ӕмӕ мӕ иннӕ ӕмкусджыты ӕмрӕнхъ уыдон дӕр мемӕ иумӕ тох кодтой Фарны Уац адӕммӕ хӕссыны сӕраппонд. 4 Иудадзыг цин кӕнут, уымӕн ӕмӕ сымах Бардарӕг Йесоимӕ иу стут; ӕмӕ ма уын ноджыдӕр зӕгъын — цин кӕнут. 5 Ӕвӕлмас кӕй стут, уый зындгонд уӕд ӕппӕт адӕмӕн дӕр. Бардарӕг хӕстӕг у. 6 Мацӕуыл мӕт кӕнут, фӕлӕ алы хатт дӕр кувут Хуыцаумӕ, лӕгъстӕ Йын кӕнут, арфӕ Йын кӕнгӕйӕ, ӕргом кӕнут уӕ фӕндиӕгтӕ, 7 ӕмӕ, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, Хуыцауы уыцы фарн бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы. 8 Ноджы ма, ме ’фсымӕртӕ, ӕцӕг, уӕздан, раст, сыгъдӕг, уарзинаг, ӕхцон цыдӕриддӕр у, цыдӕриддӕр нывыл ӕмӕ раппӕлинаг у, бӕллут уымӕ. 9 Цӕуыл уӕ сахуыр кодтон, цы уын радтон, цы уын загътон, цыхуызӕнӕй мӕ федтат, фӕзмут ӕппӕт уыдӕттӕ, ӕмӕ фарндӕттӕг Хуыцау уыдзӕн уемӕ. Арфӕйы ныхӕстӕ 10 Бузныг дӕн Бардарӕгӕй ӕмӕ мӕ цинӕн кӕрон нал ис, дзӕвгар рӕстӕджы фӕстӕ та мыл тыхсын кӕй райдыдтат, уый тыххӕй. Уӕвгӕ мыл кӕддӕриддӕр тыхстыстут, фӕлӕ уын фадат нӕ уыд. 11 Хъуӕгтӕ ӕййафын, зӕгъгӕ, уый тыххӕй уын нӕ зӕгъын — ӕз сахуыр дӕн, цы ис, уый фагыл нымайыныл. 12 Цӕрын зонын гӕвзыккӕй дӕр ӕмӕ фӕрныгӕй дӕр; сахуыр дӕн кӕддӕриддӕр ӕмӕ кӕмдӕриддӕр ӕфсӕстӕй ӕмӕ стонгӕй, парахатӕй ӕмӕ хъуагӕй цӕрыныл. 13 Мӕ бон алцыдӕр у Чырыстийы хъаруйӕ. 14 Ӕниу мӕм мӕ тыхсты ӕххуысмӕ кӕй фӕзындыстут, уымӕй хорз бакодтат. 15 Уӕхӕдӕг ӕй зонут, филиппӕгтӕ, Фарны Уац хъусын кӕнынмӕ куы бавнӕлдтон ӕмӕ Македонийӕ куы рацыдтӕн, уӕд мын мӕ лӕггады тыххӕй иу аргъуан дӕр нӕ баххуыс кодта — ӕрмӕстдӕр мӕ сымах барӕвдыдтат. 16 Сымах мын Фессалоникӕмӕ дӕр мӕ тыхсты заман иу ӕмӕ дыууӕ хатты не ’рбарвыстат уе ’ххуысы хай. 17 Ӕз уын уый хуынтӕ уӕ бацагурыны тыххӕй нӕ дзурын. Мӕн фӕнды, цӕмӕй уӕ хорз хъуыддӕгтӕй уӕхицӕн фылдӕр ӕфтиаг уа. 18 Ӕз райстон, ӕмӕ мӕм ис, цас мӕ хъӕуы, уымӕй фылдӕр. Цы мын рарвыстат, уый райстон Эпафродитӕй, ӕмӕ мӕм фаг ис. Уӕ хуын у хӕрздӕф нывондау, Хуыцауӕн фӕндиаг ӕмӕ ӕхсызгон. 19 Йе стыр хъӕздыгадӕй Хуыцау баххӕст кӕндзӕн уӕ алы хъуаг дӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы. 20 Нӕ Фыд Хуыцауӕн кад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Аммен. Кӕронбӕттӕн 21 Саламтӕ раттут сыгъдӕджытӕн — Йесо Чырыстиимӕ удӕнгом чи у, уыдонӕн се ’ппӕтӕн. Саламтӕ уын ӕрвитынц, мемӕ чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕ. 22 Саламтӕ уын ӕрвитынц ӕппӕт сыгъдӕджытӕ, уӕлдайдӕр та кесӕры хӕдзаронтӕ. 23 Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх уӕ уӕд. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia