Филиппӕгтӕм 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстӔцӕг рӕстад 1 Уӕдӕмӕ, ме ’фсымӕртӕ, цин кӕнут, Бардарӕгимӕ кӕй стут, ууыл. Раздӕр уын цы дзырдтон, уый уӕм ногӕй ныффыссон, уый мӕнӕн зын нӕу, сымах та фыдбылызӕй бахиздзӕн. 2 Уӕхи хизут куыйтӕй, уӕхи хизут зианхӕссӕг кусджытӕй, уӕхи хизут, буарӕй хынджылӕггаг чи аразы, уыдонӕй. 3 Мах стӕм ӕцӕг сунӕтгонд — кусӕм Хуыцауӕн, Сыгъдӕг Уд нӕ куыд аразы, афтӕ. Нӕ зӕрдӕ зӕххоныл нӕ дарӕм, фӕлӕ сӕрыстыр стӕм, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стӕм, уымӕй. 4 Ӕниу, мӕ бон у, ӕмӕ зӕххоныл дӕр дарон мӕ зӕрдӕ. Кӕд искӕмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ зӕххоныл зӕрдӕ дарын йӕ бон у, уӕд мӕ бон та ноджы тынгдӕр у. 5 Сунӕтгонд ӕрцыдтӕн мӕ царды ӕстӕм бон, дӕн израилаг адӕмӕй, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй, дзуттӕгтӕй райгуырӕг дзуттаг, Ӕгъдау куыд ӕххӕст кодтон, уымӕ гӕсгӕ — фарисей, 6 диныл фырӕнувыдӕй — Аргъуан ӕфхӕрӕг, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ — ӕнӕфау рӕстгӕнӕг. 7 Фӕлӕ мӕм раздӕр пайдайаг цы касти, уый Чырыстийы тыххӕй банымадтон ницӕуыл. 8 Уый нӕ, фӕлӕ, тӕккӕ зынаргъдӕр цы у, уый сӕраппонд — Йесо Чырыстийы базоныны сӕраппонд — ӕз ӕппӕт дӕр нымайын ницӕуыл. Чырыстийы тыххӕй ӕнӕхай фӕдӕн алцӕмӕй дӕр, ӕппӕт дӕр нымайын быроныл, цӕмӕй мӕ иунӕг хӕзна уа Чырысти, 9 ӕмӕ баиу уон Йемӕ. Ӕз нал тырнын, Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны руаджы мӕм цы рӕстад уыди, уый равдисынмӕ, фӕлӕ тырнын, Чырыстийыл ӕууӕндыны руаджы Хуыцау уырнджытӕн кӕй дӕтты, уыцы рӕстадмӕ. 10 Мӕ нысан у Чырыстийы, ома мӕрдтӕй Йӕ цы тых райгас кодта, уый базонын, Йӕ хъизӕмӕртты хай Йын бавзарын ӕмӕ, Уый куыд амарди, афтӕ амӕлын, 11 ӕз дӕр мӕрдтӕй кӕй райгас уыдзынӕн, ууыл мӕ зӕрдӕ даргӕйӕ. Нысанмӕ тырнындзинад 12 Ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, ӕмӕ ныридӕгӕн бахӕццӕ дӕн мӕ нысанмӕ кӕнӕ ӕнаипп сдӕн; фӕлӕ тындзын размӕ, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй хӕрзиуӕг мӕхи бакӕнынмӕ — Йесо Чырысти мӕ уый тыххӕй скодта йӕхион. 13 Ӕфсымӕртӕ, ӕз афтӕ ӕнхъӕл нӕ дӕн, ӕмӕ мӕ хӕрзиуӕг ныридӕгӕн райстон. Ӕрмӕст, фӕстӕмӕ нӕ кӕсгӕйӕ, ӕз тырнын размӕ 14 ӕмӕ тындзын нысанмӕ, Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау мӕнмӕ цы уӕларвон хӕрзиуӕджы тыххӕй фӕсидти, уый райсынмӕ. 15 Уӕдӕ махӕй, алцӕмӕй ӕххӕст чи у, уымӕ ахӕм хъуыды хъуамӕ уа. Кӕд истӕй фӕдыл ӕндӕр хъуыдыйыл хӕст стут, уӕд уын уый дӕр Хуыцау раргом кӕндзӕн. 16 Уӕвгӕ, куыдфӕнды ма уӕд, дарддӕр дӕр цӕрӕм, цы нын бантыст, уымӕ гӕсгӕ. 17 Ӕфсымӕртӕ, курын уӕ, мӕн фӕзмут. Нӕхи уын цыхуызӕнӕй равдыстам, ахӕм уагыл чи цӕры, уыдон сымахӕн уӕнт фӕзминаг. 18 Уымӕн ӕмӕ бирӕтӕ, — ӕз уын уыдоны тыххӕй арӕх дзырдтон ӕмӕ та ногӕй, кӕугӕйӕ, дзурын, — цӕрынц Чырыстийы дзуары знӕгтау. 19 Уыдонӕн сӕ кӕрон — бынсӕфт, сӕ хуыцау — сӕ гуыбын, худинаг сӕм цы хъуамӕ кӕсид, уымӕй сты сӕрыстыр. Сӕ мӕт у зӕххон цардыл. 20 Махӕн та нӕ бӕстӕ ис уӕлӕрвты, уырдыгӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм Ирвӕзынгӕнӕгмӕ дӕр — Бардарӕг Йесо Чырыстимӕ. 21 Ӕппӕт басӕттын дӕр Йӕ бон кӕмӕй у, Йӕ уыцы хъаруйӕ Уый аивдзӕн нӕ лӕмӕгъ буар, скӕндзӕн ӕй Йӕ кадджын Буары халдих. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia