Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Филиппӕгтӕм 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Павел ӕмӕ Тимофейӕ, Йесо Чырыстийы цагъартӕй, — Йесо Чырыстиимӕ удӕнгом чи у, Филиппты уыцы сыгъдӕджытӕм, аргъуаны хистӕртӕм ӕмӕ диакъонтӕм.

2 Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.


Хуыцауӕй бузныг

3 Куы уӕ ӕрымысын, уӕд кӕддӕриддӕр сымах тыххӕй бузныг вӕййын мӕ Хуыцауӕй.

4 Кӕдфӕнды ма кувон уе ’ппӕты тыххӕй дӕр — алы хатт, цингӕнгӕ, фӕкувын.

5 Уымӕн ӕмӕ сымах Фарны Уац хъусын кӕныныл архайут фыццаг бонӕй суанг абоны онг.

6 Сымахмӕ уыцы хорз хъуыддаг чи райдыдта, Уый йӕ Йесо Чырыстийы ӕрцыдмӕ кӕронмӕ кӕй ахӕццӕ кӕндзӕн, ууыл ӕз фидарӕй ӕууӕндын.

7 Уе ’ппӕтмӕ дӕр ӕз хъуамӕ ахӕм цӕстӕй кӕсон, уымӕн ӕмӕ сымах цӕрут мӕ зӕрдӕйы. Уе ’ппӕт — ныртӕккӕ, ахӕстоны куы дӕн, уӕд дӕр, Фарны Уацы сӕрыл куы хӕцыдтӕн, уӕд дӕр ӕмӕ, раст кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн куы лӕууыдтӕн, уӕд дӕр — мемӕ иумӕ архайдтат, мӕнӕн нысандгонд чи у, уыцы арфӕйаг хъуыддаджы.

8 Уе ’ппӕты дӕр Йесо Чырыстийы уарзтӕй кӕй уарзын, уымӕн Хуыцау — ӕвдисӕн.

9 Ӕз кувын, цӕмӕй рӕза уӕ уарзондзинад, уӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕной ӕмӕ уӕм уа арф ӕмбарынад,

10 цӕмӕй уӕ бон уа, хуыздӕр цы у, уый раиртасын. Уӕд Чырыстийы ӕрцыды бон уыдзыстут сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау,

11 Йесо Чырыстийы фӕрцы алцӕмӕй дӕр разындзыстут рӕстгӕнджытӕ Хуыцауы кад ӕмӕ намысӕн.


Чырыстиимӕ удӕнгом цард

12 Фӕнды мӕ, ме ’фсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, ӕз цы уавӕры бахаудтӕн, уый кӕй фӕахъаз Фарны Уац парахатдӕрӕй хъусын кӕнынӕн;

13 ӕмӕ ӕз Чырыстийы сӕраппонд ахӕстоны кӕй дӕн, уый базыдтой галуаны ӕппӕт хъахъхъӕнджытӕ, стӕй иннӕтӕ дӕр.

14 Ӕмӕ, ӕз ахст кӕй дӕн, уый ӕфсымӕртӕн сӕ фылдӕры сразӕнгард кодта Бардарӕгыл зӕрдӕ тынгдӕр дарынмӕ, ӕмӕ ноджы ныфсхастдӕрӕй, уӕндондӕрӕй хъусын кӕнынц Хуыцауы ныхас.

15 Раст зӕгъын хъӕуы, иуӕй-иутӕ сӕ хӕлӕгӕй ӕмӕ сӕхи кады сӕраппонд дзурынц Чырыстийы тыххӕй, иннӕтӕ та — сыгъдӕг зӕрдӕйӕ.

16 Иутӕ — уарзты сӕрвӕлтау, Фарны Уацы сӕрылхӕцӕгӕй мӕн Хуыцау сӕвӕрдта, уый зонгӕйӕ.

17 Иутӕн сӕ зӕрдӕ сыгъдӕг нӕу — Чырыстийы тыххӕй дзурынц хи уӕлдӕр сӕвӕрыны тыххӕй, бӕлгӕ та кӕнынц, мӕ рӕхыстӕ куыд фӕуӕззаудӕр уой, уымӕ.

18 Ӕмӕ цы? Чырыстийы тыххӕй куыдфӕнды ма дзурӕд, — былалгъӕй кӕнӕ зӕрдиагӕй, — уӕддӕр райын. Ӕмӕ райдзынӕн,

19 уымӕн ӕмӕ зонын: уӕ куывды руаджы ӕмӕ Йесо Чырыстийы Уды ӕххуысӕй уый мӕнӕн фӕахъаз уыдзӕн фервӕзынӕн.

20 Ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕмӕ мӕ зӕрдӕ дарын, ӕз кӕй ницӕмӕй фегад уыдзынӕн, фӕлӕ раздӕрау ныр дӕр кӕй разындзынӕн ныфсджын, ӕмӕ мӕ фӕрцы снамысджын уыдзӕн Чырысти — кӕнӕ мӕ цардӕй, кӕнӕ мӕ мӕлӕтӕй.

21 Уымӕн ӕмӕ мӕ цард Чырысти у, мӕлӕт — ме ’фтиаг.

22 Мӕ буары цӕргӕйӕ куы баззайон, уӕд уый та мӕ хъуыддагӕн пайда у; ӕмӕ, цы равзарон, уый нӕ зонын.

23 Сӕ иумӕ дӕр ӕхсайы мӕ зӕрдӕ ӕмӕ иннӕмӕ дӕр: фӕнды мӕ ацы дунейӕ ацӕуын ӕмӕ Чырыстиимӕ цӕрын — уый бирӕ хуыздӕр у.

24 Уӕ сӕраппонд та хуыздӕр у мӕ буары баззайын.

25 Ӕз ӕнӕгуырысхойӕ ӕууӕндын, ма цард дарддӕр дӕр уе ’ппӕтимӕ кӕй ӕрвитдзынӕн, цӕмӕй рӕза уӕ уырнындзинад ӕмӕ зӕрдӕрухс уат.

26 Ӕмӕ та уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд уын мӕ фӕрцы фылдӕр фадат уыдзӕн, Йесо Чырыстийы руаджы уын цы бантыст, уымӕй раппӕлынӕн.

27 Ӕрмӕст уӕ цард уӕд Чырыстийы Фарны Уацмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд уӕ фендзынӕн, кӕнӕ уӕм кӕд мӕ бон ӕрбацӕуын не суа, уӕд фехъусдзынӕн, сымах кӕй стут ӕмуд, ӕмзӕрдӕйӕ кӕй тох кӕнут Фарны Уацы бындурыл амад уырнындзинадыл

28 ӕмӕ ӕппындӕр уӕ ныхмӕлӕуджытӕй кӕй нӕ тӕрсут. Хуыцау сын уе ’хсары руаджы равдисдзӕн: уыдон фесӕфдзысты, сымах та фервӕздзыстут.

29 Уымӕн ӕмӕ сымахӕн хорзӕхӕн лӕвӕрд у Чырыстийыл ӕрмӕст ӕууӕндын нӕ, фӕлӕ Йӕ сӕраппонд хъизӕмар кӕнын дӕр.

30 Сымах архайут, ӕз кӕм архайдтон, уыцы тохы. Куыд тох кодтон, уый сымах федтат, ныр та хъусут, абон дӕр мӕ тох кӕй нӕма фӕци, уый.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan