Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Филимонмӕ 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Павелӕй, Йесо Чырыстийы сӕраппонд ахӕстӕй, ӕмӕ ӕфсымӕр Тимофейӕ — нӕ уарзон ӕмкусӕг Филимонмӕ,

2 нӕ хо Апфиамӕ, не ’мтохгӕнӕг Архиппмӕ ӕмӕ, дӕ хӕдзары цы аргъуан ӕмбырд кӕны, уымӕ.

3 Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.


Филимоны иузӕрдион уарзт

4 Ӕз ӕдзух бузныг фӕзӕгъын мӕ Хуыцауӕн, мӕ куывды дӕу дӕр куы ӕрымысын, уӕд.

5 Уымӕн ӕмӕ ӕз хъусын, Бардарӕг Йесойыл куыд тынг ӕууӕндыс, ӕппӕт сыгъдӕджыты цы уарзтӕй уарзыс, уый тыххӕй.

6 Ӕз кувын, цӕмӕй, немӕ дын иумӕйаг цы уырнындзинад у, уый ахъаз уа, Чырыстийы сӕраппонд хорзӕй саразын нӕ бон цы у, уый базонынӕн.

7 Дӕ уарзт нын ӕрхаста стыр цин ӕмӕ нӕ ныфс бауагъта, уымӕн ӕмӕ дӕ фӕрцы, ме ’фсымӕр, срухс сты сыгъдӕджыты зӕрдӕтӕ.


Павелы курдиат Онисимы тыххӕй

8 Уымӕ гӕсгӕ мын кӕд Чырысти бар дӕтты, дӕуӕй, цы саразын дын ӕмбӕлы, уый домын,

9 уӕддӕр дӕм хуыздӕрыл нымайын ӕрхатын, уымӕн ӕмӕ дӕ уарзын — ӕз, зӕронд Павел, ныр та Йесо Чырыстийы сӕраппонд — ахст лӕг.

10 Курын дӕ, ахӕстоны куы уыдтӕн, уӕд мӕ хъӕбулау чи сси, уыцы Онисимы тыххӕй.

11 Кӕддӕр дын уымӕй пайда нӕ уыди, ныр та дӕуӕн дӕр ӕмӕ мӕнӕн дӕр пайда у. Ӕмӕ дӕм ӕй фӕстӕмӕ ӕрвитын,

12 раст дын цыма мӕ зӕрдӕ дӕттын, афтӕ.

13 Хъавыдтӕн ӕй мемӕ ныууадзынмӕ, Фарны Уацы сӕраппонд цалынмӕ ахӕстоны дӕн, уӕдмӕ мын дӕ бӕсты ӕххуыс куыд кодтаид.

14 Фӕлӕ мӕ де ’вастӕй ницы бакӕнын бафӕндыд, цӕмӕй дӕ уыцы хорз хъуыддаг ӕвӕндонӕй арӕзт ма ӕрцӕуа, фӕлӕ — барвӕндонӕй.

15 Дӕуӕй цыбыр ӕмгъуыдмӕ, чи зоны, уый тыххӕй фӕхицӕн ис, цӕмӕй йыл сӕмбӕлай ӕхсызгонӕй ӕмӕ мыггагмӕ уа демӕ,

16 цагъар дын мауал уа, фӕлӕ цагъарӕй уӕлдӕр — уарзон ӕфсымӕр. Ӕз ӕй бирӕ уарзын, фӕлӕ дӕуӕн та ноджы зынаргъдӕр суыдзӕн — куыд адӕймаг ӕмӕ Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы де ’фсымӕр.

17 Уӕдӕ кӕд демӕ иу хъуыддагыл кусӕм, уӕд ыл баузӕл, мӕныл куыд баузӕлис, афтӕ.

18 Кӕд истӕмӕй дӕ хъыджы бацыди кӕнӕ дӕ истӕмӕй хӕсджын у, уӕд ӕй нымай мӕ хӕсыл.

19 Ӕз, Павел, мӕхи къухӕй фыссын: бафиддзынӕн дын ӕй. Дӕхӕдӕг дӕр хӕсджын дӕ мӕ разы, фӕлӕ дын ӕз уыцы хӕсы кой нал кӕнын.

20 Уӕдӕ, ме ’фсымӕр, мӕн фӕнды, Бардарӕг Йесоимӕ иу кӕй стӕм, уый фӕрцы дӕуӕй фӕпайда кӕнын; Чырыстийы сӕраппонд мын барухс кӕн мӕ зӕрдӕ.

21 Ӕз дӕм ныффыстон, кӕй мӕм байхъусдзынӕ, ууыл фидарӕй ӕууӕндгӕйӕ. Цӕй тыххӕй дын зӕгъын, уымӕй фылдӕр кӕй сараздзынӕ, ӕз уый зонын.

22 Уыимӕ ма мын уат дӕр ӕрцӕттӕ кӕн. Уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕ дарын, Хуыцау уын уӕ куывд кӕй айсдзӕн ӕмӕ мын сымахимӕ ӕрыздӕхыны фадат кӕй балӕвар кӕндзӕн.


Кӕронбӕттӕн

23 Саламтӕ дын ӕрвитынц, Йесо Чырыстийы сӕраппонд мемӕ ахӕстоны чи ис, уыцы Эпафрас,

24 ме ’мкусджытӕ Марк, Аристарх, Димас ӕмӕ Лука.

25 Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх уемӕ уӕд!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan