Фӕтӕгтӕ 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Ефремы байзӕддӕгтӕ Гедеонӕн загътой: «Мидианӕгты ныхмӕ хӕцынмӕ куы ацыдтӕ, уӕд махмӕ цӕуылнӕ фӕдзырдтай?» Фыр мӕстӕй пиллон арт уагътой. 2 Гедеон сын дзуапп радта: «Ау, ӕмӕ мӕнӕн цы бантысти, уыдон уӕ хъуыддӕгтимӕ абарӕн ис? Ефреммӕ ӕрхаудысты сӕнӕфсиры фӕстаг цупӕлттӕ, уыдон Авиезеры ӕфтиагӕй бирӕ хуыздӕр сты. 3 Хуыцау уын уӕ къухмӕ радта мидианӕгты дыууӕ фӕтӕджы — Зеев ӕмӕ Оревы. Ӕз ахӕмӕй ницы сарӕзтон». Ефремы фӕдонтӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд ӕрсабыр сты. Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ 4 Гедеон ӕмӕ йе ’ртӕсӕдӕ хӕстоны Иорданы фаллаг фарсмӕ бахызтысты. Се знӕгты фӕдыл рагӕй зылдысты ӕмӕ тынг бафӕлладысты. 5 Гедеон Суккоты цӕрджытӕн загъта: «Мӕ адӕмӕн мын иу чысыл хӕринаг авӕрут, бафӕлладысты. Мидианӕгты паддзӕхтӕ Зевах ӕмӕ Цалмуннӕйы фӕдыл рагӕй зилӕм». 6 Суккоты хицӕуттӕ йын дзуапп радтой: «Ӕмӕ Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ ныридӕгӕн дӕ къухы сты? Де ’фсадӕн нӕ хӕринаг цӕй тыххӕй агурыс?» 7 Гедеон сын загъта: «Хорз! Дунедарӕг мын Зевах ӕмӕ Цалмуннӕйы мӕ къухмӕ куы радта, уӕд уын найгӕнӕнау ӕмӕ сындзытау уӕ буӕрттӕ ныссӕнддзынӕн!» 8 Суккоты сахарӕй Гедеон ацыди Пенуелмӕ ӕмӕ та уым дӕр йӕ хӕстонтӕн хӕринаг куырдта. Пенуелы цӕрджытӕ дӕр ын суккотӕгты дзуапп радтой. 9 Гедеон сын загъта: «Фӕстӕмӕ куы раздӕхон, уӕд уын уӕ мӕсыг ныппырх кӕндзынӕн!» 10 Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ фынддӕс мин хӕстонимӕ ӕрбынат кодтой Каркоры. Скӕсӕйнаг знӕмты ӕфсадӕй ма ӕрмӕстдӕр уый бӕрц баззади, ӕхсӕзыссӕдз мины дзы хӕсты фӕмард сты. 11 Гедеон, цӕугӕцардгӕнджытӕ цы фӕндагыл цыдысты, ууылты Новах ӕмӕ Йагбехайӕ скӕсӕнӕрдӕм ацыдис ӕмӕ, знаг уый ӕнхъӕл нӕ уыд, афтӕмӕй йын йӕ рӕсӕнуатмӕ бабырста. 12 Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ алыгъдысты. Гедеон сӕ фӕсте асырдта ӕмӕ мидианӕгты дыууӕ паддзахы ӕрцахста. Се ’фсад та фыр тӕссӕй алырдӕмты фӕлыгъдысты. 13 Иоасы фырт Гедеон хӕстон балцӕй фӕстӕмӕ здӕхти Хересы къуыбырыл. 14 Иу суккотаг лӕппуйы ӕрцахста ӕмӕ йын йӕ сахары хицӕутты, стӕй хистӕрты нӕмттӕ ныффыссын кодта. Ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕвддӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз. 15 Уый фӕстӕ Гедеон йе ’фсадимӕ Суккотмӕ ӕрбацыд ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Мӕнӕ уын Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ! Сымах та мӕ хынджылӕг кодтат, Зевах ӕмӕ Цалмуннӕйы куы нӕма ӕрцахстай, уӕд нӕ дӕ фӕллад хӕстонтӕн хӕринаг цӕмӕн агурыс, зӕгъгӕ». 16 Гедеон сахары хистӕрты ӕрцахста, Суккоты цӕрджыты та сындзытӕ ӕмӕ бӕлӕсты къалиутӕй фӕнӕмын кодта. 17 Пенуелы мӕсыг ныппырх кодта ӕмӕ сахары цӕрджыты ныццагъта. 18 Гедеон Зевах ӕмӕ Цалмуннӕйы бафарста: «Хъуыды-ма кӕнут, Фаворы хохыл кӕй амардтой, уыцы адӕмы?» Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ йын дзуапп радтой: «Де ’нгӕс уыдысты, ӕддаг бакастӕй — паддзахы фырттӕ». 19 Гедеон сын загъта: «Уыдон ме ’фсымӕртӕ уыдысты, мӕ ныййарӕг мады зӕнӕг. Ард уын хӕрын Дунедарӕгӕй, куы сыл бацауӕрстаиккат, уӕд уын ӕз дӕр фӕтӕригъӕд кӕнин». 20 Ӕмӕ йӕ хистӕр фырт Иетерӕн загъта: «Амар сӕ!» Фӕлӕ уый нырма ӕрыгон уыди ӕмӕ кард сисынмӕ йӕ ныфс нӕ бахаста. 21 Уӕд Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ Гедеонӕн загътой: «Дӕхӕдӕг нӕ амар. Алчидӕр, йӕ бон цы у, уый кӕны». Гедеон сӕ амардта ӕмӕ, сӕ теуатыл цы ног мӕйы ӕнгӕс фӕлындӕнтӕ ауыгъд уыди, уыдон йӕхицӕн райста. 22 Израилӕгтӕ Гедеонӕн загътой: «Паддзахӕй нӕм ныллӕу, дӕ фӕстӕ нын паддзах дӕ фырт суӕд, уый фӕстӕ та — дӕ фырты фырт. Ды нӕ мидианӕгтӕй фервӕзын кодтай!» 23 Гедеон не сразы ис: «Ӕз сымахӕн паддзахӕй нӕ ныллӕудзынӕн, стӕй мӕ фырт дӕр сымахӕн хицау никуы уыдзӕн. Дунедарӕг уӕд уӕ паддзах». 24 Гедеон сын ноджы загъта: «Иу курдиат мӕм ис. Алчидӕр мын йе ’фтиагӕй иу хъусцӕг балӕвар кӕнӕд». Афтӕ та сын уымӕн загъта, ӕмӕ се знӕгтӕ уыдысты измаелӕгтӕ, ӕмӕ уыдон дардтой сыгъзӕрин хъусцӕджытӕ. 25 Израилӕгтӕ йын дзуапп радтой: «Ратдзыстӕм дын!» Зӕххыл уӕлӕфтау айтыдтой, ӕмӕ йыл алчидӕр йе ’фтиагӕй иу сыгъзӕрин хъусцӕг ӕрӕвӕрдта. 26 Сӕ уӕз уыди мин ӕмӕ авдсӕдӕ шекелы. Уыдонӕй уӕлдай — ног мӕйы ӕнгӕс фӕлындӕнтӕ, даргъ сыгъзӕрин хъусцӕджытӕ ӕмӕ мидианӕгты паддзӕхты сӕнт сырх дарӕс, стӕй, теуаты бӕрзӕйтӕй цы фӕрдгуытӕ раластой, уыдон. 27 Утӕппӕт сыгъзӕринӕй Гедеон саразын кодта ефод ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта йӕ сахары, Офрайы. Израилӕгтӕ йын табу кӕнын райдыдтой ӕмӕ мӕнг хуыцӕутты фӕдыл ацыдысты. Гедеон ӕмӕ йӕ мыггагӕн ефод сси сӕ ахсӕн хыз. Гедеоны мӕлӕт 28 Израилӕгтӕ мидианӕгтыл куы фӕуӕлахиз сты, уӕд уыдон хӕрдмӕ скӕсын дӕр нал уӕндыдысты. Гедеоны заман бӕстӕ дыууиссӕдз азы уыди сабыр. 29 Иоасы фырт Иеруббаал (ома Гедеон) йӕ хӕдзары ӕрцарди. 30 Гедеонӕн райгуырди дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз фырты, уымӕн ӕмӕ йын бирӕ устытӕ уыди. 31 Шехемы йын цы номылус царди, уымӕй дӕр ын фырт райгуырди, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Авимелех. 32 Иоасы фырт Гедеон амарди хӕрз зӕрондӕй, баныгӕдтой йӕ Офрайы, йӕ фыд Иоасы зӕппадзы, Авиезеры зӕххыл. 33 Гедеоны мӕлӕты фӕстӕ израилӕгтӕ ногӕй тӕригъӕды бацыдысты, Баалтӕн табу кодтой ӕмӕ Баал-Беритӕй сӕхицӕн хуыцау сарӕзтой. 34 Сӕ Хуыцауы, Дунедарӕджы, сӕ алыварс знӕгтӕй сӕ Чи фервӕзын кодта, Уый та ферох кодтой. 35 Стӕй Иеруббаалы (Гедеоны) мыггагӕн дӕр, Израилы сӕраппонд цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон хӕрзтӕй нӕ бафыстой. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia