Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Фӕтӕгтӕ 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Барак ӕмӕ Деворӕйы уӕлахизы зарӕг

1 Уыцы бон Деворӕ Авиноамы фырт Баракимӕ зарыдысты ахӕм уӕлахизы зарӕг:

2 — Израилы йӕ фӕтӕгтӕ хӕстмӕ куы кӕной, адӕм цингӕнгӕ тохмӕ куы цӕуой, — Дунедарӕгӕн арфӕ ракӕнут!

3 Байхъусут, паддзӕхтӕ! Байхъусут, хицӕуттӕ! Ӕз Дунедарӕгӕн зардзынӕн! Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, стаудзынӕн!

4 Дунедарӕг! Сеирӕй куы цыдтӕ, Ды куы цыдтӕ Едомы бӕстӕйӕ, — зӕхх ӕнкъуысти, къӕвда уарыди, ӕмӕ мигътӕй лӕдӕрсти дон.

5 Синайы Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы раз, рызтызты хӕхтӕ.

6 Йаел ӕмӕ Анаты фырт Шамгары заман фӕндӕгтӕ куы сафтид сты! Бӕлццӕтӕ, ӕмраст фӕндагыл цӕуджытӕ, ӕнӕцыд фӕндӕгтыл куы цыдысты!

7 Нал уыдис Израилы фӕтӕгтӕ, цалынмӕ фӕзындтӕ ды, Деворӕ, Израилы мад!

8 Сӕхицӕн ног хуыцӕутты равзӕрстой, ӕмӕ сӕ кулдуары раз хӕст куы бацайдагъ! Дыууиссӕдз мин израилаг хӕстонӕй йӕ арц кӕнӕ йӕ уарты сӕр кӕй бахъуыд?

9 Мӕ зӕрдӕ барухс ис Израилы ӕфсады хицӕуттӕй, барвӕндонӕй хӕстмӕ цӕуӕг адӕмӕй. Дунедарӕгӕн арфӕ ракӕнут!

10 Зынаргъ гауызтыл урс хӕрджытыл бадджытӕ, бӕлццӕттӕ, уӕлахизы зарӕг ракӕнут!

11 Цъайты цурӕй хъуысынц фыййӕуты хъӕлӕстӕ, зарӕджы стауынц Дунедарӕджы уӕлахизтӕ — Израилы фӕтӕгты уӕлахизтӕ куы стауынц! Дунедарӕджы адӕм кулдуары раз ӕрлӕууыдысты!

12 Сыст, ныззар, о Деворӕ! Сыст, Авиноамы фырт Барак, дӕ уацайрӕгты акӕн!

13 Чи аирвӕзт, уыцы сахъгуырдтӕ гуыппырсартӕм фӕзындысты ӕххуысмӕ, ӕрлӕууыдысты Дунедарӕджы фарсмӕ — ӕфсады ныхмӕ схӕцынмӕ!

14 Ацы зӕхх кӕддӕр уыд амалекӕгты, ныр ӕм хӕстонтӕ фӕзындысты Ефремӕй, — уӕ фӕдыл рацыдысты, Бениамины фӕдонтӕ! Фӕзындысты Махиры хицӕуттӕ, фӕзындысты Зевулоны фӕтӕгтӕ.

15 Иссахары фӕтӕгтӕ дӕр — Деворӕимӕ! Иссахар Баракы фӕдыл дӕлвӕзмӕ куы ныййарц! Рувимы фӕдонтӕ та хъаугъа куы кӕнынц!

16 Фосдӕтты астӕу кӕдмӕ баддзыстут, фыййауы уадындзмӕ кӕдмӕ хъусдзыстут? Уӕ, хъаугъа куы кӕнынц Рувимы фӕдонтӕ!

17 Галаад Иорданы фале куы цӕры, Дан та цӕмӕн ӕрцарди йӕ науты? Асир дӕр денджызы был куы ’рбынат кодта, донбакӕлӕнтӕм хӕстӕг куы ’рцарди!

18 Мӕлӕты размӕ бырстой Зевулоны фӕдонтӕ, семӕ Неффалим дӕр — быдыры къуыбыртыл!

19 Хӕстмӕ рацыдысты паддзӕхтӕ! Ханааны паддзӕхтӕ хӕстмӕ рацыдысты Таанахы цурмӕ, Мегиддомӕ хӕстӕг доны былмӕ, фӕлӕ ӕвзист нӕ бафтыди сӕ къухы!

20 Уӕларвӕй тохы бацыдысты стъалытӕ, сӕ бынӕттӕй Сисераимӕ стох кодтой.

21 Уӕ, Кишоны дон знӕгты куы фӕласы, уӕ рагон дон, цӕугӕдон Кишон! О мӕ уд, знӕгты хъару басӕтт!

22 Уӕ, сӕ бӕхтӕ куы фезгъорынц знӕгтӕн!

23 Дунедарӕджы зӕд бардзырд куы ратты: «Мерозы сахар ралгъитут, ралгъитут ын йӕ цӕрджыты, — йӕ хӕстонтӕ Дунедарӕджы фарс не ’рлӕууыдысты, сӕ сахъгуырдтимӕ Дунедарӕгмӕ нӕ фӕзындысты!»

24 Арфӕгонд уӕд Йаел, кенаг Хеверы бинойнаг, цатырты цӕрӕг сылгоймӕгты ’хсӕн арфӕгонд у.

25 Уазӕг ракуырдта дон, уый йын радта ӕхсыр, бӕгъатыры аккаг кӕхцы йын ӕхсыры сӕртӕ бахаста.

26 Йӕ галиу къухмӕ райста мих, йӕ рахизмӕ та — кусӕджы дзӕбуг, Сисерайы ныццавта, ныппырх кодта Сисерайӕн йӕ сӕр, йӕ къӕмисӕн ын батыдта!

27 Ӕрхауд йӕ къӕхты бын, хуыссы, йӕ бынаты ӕрхауди мардӕй!

28 Сисерайы мад рудзынгӕй кӕсы, йӕ хъӕлӕс райхъуысы, кӕуы: «Йӕ тохуӕрдӕттӕ куыд ӕрӕгмӕ здӕхынц, цӕмӕн кӕнынц фӕстиат йӕ бӕхтӕ?»

29 Дзуапп ын куы раттынц йӕ лӕггадгӕнджытӕ, зондджын сылгоймӕгтӕ, стӕй йӕхӕдӕг дӕр афтӕ куы фӕзӕгъы:

30 «Ӕфтиаг райстой, ӕмӕ йӕ се ’хсӕн уарынц. Алы хӕстонӕн дӕр — чызг, науӕд — дыууӕ. Сисерайы ’фтиаг — хъулон хӕрдгӕхуыд хъуымӕцтӕ, дыууӕ нывӕфтыд фӕлысты».

31 Дунедарӕг, Де знӕгтӕ афтӕ фесӕфӕнт! Дунедарӕджы Чи уарзы, уыдон та — тӕмӕнкалгӕ хуры ӕнгӕс! Дыууиссӕдз азы бӕстӕ уыди сабыр.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan