Фӕтӕгтӕ 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1-2 Ханааны ныхмӕ чи нӕ хӕцыд, уыцы израилӕгты бафӕлварынӕн Дунедарӕг ныууагъта мӕнӕ ацы адӕмты (уадзгӕ та сӕ уымӕн ныккодта, цӕмӕй, хӕсты чи нӕ архайдта, Израилы уыцы фӕлтӕртӕ хӕстон дӕсныйадыл сахуыр уой). 3 Уыдон уыдысты филистимӕгты фондз ӕлдарады, стӕй Ливаны хӕхты, Баал-Хермонӕй Лево-Хаматы онг чи царди, уыцы ханаанӕгтӕ, сидойнӕгтӕ ӕмӕ хиввӕгтӕ се ’ппӕт дӕр. 4 Уыцы адӕмтӕ хъуыдысты израилӕгты бафӕлварынӕн: Дунедарӕг Моисейы уылты кӕй бафӕдзӕхста, уыцы ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕндзысты ӕви нӕ, уый базонынӕн. 5 Израилы адӕм цардысты ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты ’хсӕн. 6 Сӕ чызджыты сын куырдтой ӕмӕ сын сӕхи чызджыты моймӕ лӕвӕрдтой, сӕ хуыцӕуттӕн сын лӕггад кодтой. 7 Израилӕгтӕй сӕ Хуыцау ферох ис, тӕригъӕды бацыдысты, Баалтӕ ӕмӕ Ашерӕтӕн лӕггад кодтой. 8 Дунедарӕг сӕм смӕсты ис ӕмӕ сӕ Арам-Нахараимы паддзах Кушан-Ришатаимы дӕлбар бакодта. 9 Израилӕгтӕ Дунедарӕгмӕ скуывтой, ӕмӕ сын Уый радта ирвӕзынгӕнӕджы, Гофниелы, Калевы кӕстӕр ӕфсымӕр Кеназы байзӕддаджы. 10 Хуыцауы Уд Гофниелыл ӕртыхсти, ӕмӕ уый сси Израилы фӕтӕг. Гофниел хӕстон балцы ацыд, ӕмӕ йын Дунедарӕг Арамы паддзах Кушан-Ришатаимы йӕ къухмӕ радта. 11 Дыууиссӕдз азы дӕргъы бӕстӕ уыди сабыр. Уый фӕстӕ Кеназы байзӕддаг Гофниел амард. Ехуд 12 Израилӕгтӕ та ногӕй Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кӕнын райдыдтой. Уӕд Дунедарӕг афтӕ бакодта, ӕмӕ Моавы паддзах Еглон израилӕгтыл фӕуӕлахиз. 13 Еглон аммонӕгтӕм ӕмӕ амалекӕгтӕм ӕххуысмӕ фӕсидтис ӕмӕ Израилы ныхмӕ хӕстмӕ рацыди, израилӕгтыл фӕуӕлахиз ӕмӕ Пальмӕты сахар бацахста. 14 Ӕстдӕс азы дӕргъы израилӕгтӕ уыдысты Моавы паддзах Еглоны дӕлбар. 15 Ӕстдӕс азы фӕстӕ Дунедарӕгмӕ скуывтой, ӕмӕ та сын се ’хсӕнӕй ног фӕтӕджы сӕвзӕрста. Уый уыди Герайы фырт Ехуд, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй. Ехуд уыди галиуӕг. Израилӕгтӕ йӕ Моавы паддзах Еглонмӕ хъалонимӕ куы арвыстой, 16 уӕд Ехуд йӕхицӕн ӕлмӕринӕй чысыл цыбырдӕр кард саразын кодта. Йӕ рахизфарс ӕй бамбӕхста 17 ӕмӕ Моавы паддзах Еглоны раз хъалонимӕ ’рлӕууыдис. Еглон уыди тынг хӕрзхуыз лӕг. 18 Ехуд ын хъалон йӕ размӕ бахаста. Уый фӕстӕ, йемӕ цы адӕм ӕрбацыд, уыдоны ауагъта йӕ разӕй, 19 йӕхӕдӕг Гилгалы гуымирыты цурӕй фӕстӕмӕ фӕзылди, раздӕхт Еглонмӕ ӕмӕ йын загъта: «Паддзах, хъуамӕ дын иу сусӕг хабар фехъусын кӕнон». — «Ссс!» — загъта Еглон. Йӕ лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр ацыдысты. 20 Ехуд ӕм бацыди; паддзах бадтис йӕ уаты, дыккаг уӕладзыджы. Ехуд ын загъта: «Уац дын ӕрбахастон Хуыцауӕй». Еглон сыстади. 21-22 Уӕд Ехуд, йӕ рахизфарс цы кард бамбӕхста, уый йӕ галиу къухӕй фелвӕста ӕмӕ йӕ ӕд фистон Еглоны гуыбыны ныссагъта. Кард ӕнӕхъӕнӕй нарды бацыд. Ехуд ӕй фӕстӕмӕ нал раласта ӕмӕ ахизӕны уылты рацыди — 23 фӕрссаг бахизӕныл раирвӕзт, уаты дуар та сӕхгӕдта дӕгъӕлӕй. 24 Куыддӕр Ехуд алыгъд, афтӕ Еглоны фӕсдзӕуинтӕ ’рбаздӕхтысты. Уаты дуар ӕхгӕдӕй куы федтой, уӕд афтӕ банхъӕлдтой, ӕмӕ паддзах агъуысты йӕхи хъуыдыйы ис. 25 Бирӕ фенхъӕлмӕ кастысты, фӕлӕ дуар ничи гом кодта. Уӕд дӕгъӕл ӕрбахастой, бакодтой дуар ӕмӕ сӕ хицауы мардӕй федтой. 26 Цалынмӕ уыдон фӕстиат кодтой, уӕдмӕ Ехуд Гилгалы гуымирытӕй фӕфале ис ӕмӕ Сеирайы сахармӕ алыгъди. 27 Ефремы хӕхтӕм ссыди ӕмӕ сыкъайӕ ныууасыд. Израилӕгты ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ, ӕфсады разӕй йӕхӕдӕг, афтӕмӕй хӕхтӕй ӕрцыд. 28 Ехуд йӕ адӕмӕн загъта: «Цомут мӕ фӕдыл! Дунедарӕг уын уе знӕгты, моавӕгты, уӕ къухмӕ радта». Израилӕгтӕ Ехуды фӕдыл хӕхтӕй рацыдысты. Иорданы цӕугӕдоны донуайӕнтӕ бацахстой ӕмӕ се знӕгтӕй, моавӕгтӕй, фаллаг фарсмӕ бахизын никӕй уагътой. 29 Моавӕгтӕй амардтой дӕс минмӕ ’ввахс тыхджын ӕмӕ ӕхсарджын хӕстоны, иу дӕр сын дзы нӕ аирвӕзт. 30 Уыцы бон израилӕгтӕ моавӕгтыл фӕуӕлахиз сты. Цыппарыссӕдз азы бӕстӕ уыди сабыр. 31 Ехуды фӕстӕ Израилы фӕтӕг сси Шамгар, Анаты фырт. Хуымӕтӕг галтӕрӕн уисӕй Шамгар амардта ӕхсӕзсӕдӕ филистимаджы. Уый дӕр уыдис Израилы ирвӕзынгӕнӕг. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia