Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Фӕтӕгтӕ 21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Израил Бениамины мыггагимӕ куыд бафидыдта

1 Израилӕгтӕ Мицпайы куы ӕрӕмбырд сты, уӕд ард бахордтой: «Нӕ чызджыты Бениамины мыггагӕн моймӕ нал ратдзыстӕм».

2 Уый фӕстӕ адӕм ацыдысты Вефилмӕ ӕмӕ бон-изӕрмӕ Дунедарӕджы раз хъӕрӕй фӕкуыдтой. Уыдон дзырдтой:

3 «О Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Ацы бӕллӕх ныл цӕй тыххӕй ӕрцыди? Ныр Израил йӕ иу мыггагӕй куы фӕцух!»

4 Дыккаг бон райсомӕй израилӕгтӕ нывондхӕссӕн сарӕзтой, иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхастой.

5 Адӕм фарстой кӕрӕдзийы: «Дунедарӕджы раз куы ӕрӕмбырд стӕм, уӕд Израилы хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн, чи не ’рбацыдис, ахӕм разынди?» Афтӕ та уымӕн фарстой, ӕмӕ стыр ард бахордтой, Мицпамӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууынмӕ чи не ’рбацӕуа, уыдоны удӕгасӕй нӕ ныууадздзыстӕм, зӕгъгӕ.

6 Израилӕгтӕ се ’фсымӕртыл, Бениамины мыггагыл, хъыг кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ныр Израил йӕ иу мыггагӕй куы фӕцух!

7 Чи ма дзы аирвӕзт, уыдонӕн устытӕ кӕм ссардзыстӕм? Мах Дунедарӕджы раз сомы куы ракодтам, нӕ чызджыты сын моймӕ нал ратдзыстӕм, зӕгъгӕ!»

8 Кӕрӕдзийы фарстой: «Израилы хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн, Мицпамӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууынмӕ чи не ’рбацыди, ахӕм ис?» Фӕстагмӕ рабӕрӕг ис, уыцы ӕмбырды Галаадӕй, Иавешы сахарӕй, кӕй ничи уыди, уый.

9 Ӕгас ӕфсад банымадтой, ӕмӕ дзы Галаадӕй, Иавешы сахарӕй, ничи разынди.

10 Уӕд Израилы дзыллӕ уыцы сахармӕ дыууадӕс мин хӕстоны арвыстой ӕмӕ сын бафӕдзӕхстой: «Ацӕут ӕмӕ Галаадаг Иавешы цӕрджыты ныццӕгъдут, ӕд устытӕ ӕмӕ ӕд сывӕллӕттӕ.

11 Мӕнӕ уын бардзырд: нӕлгоймӕгты се ’ппӕты дӕр, стӕй мойгонд сылгоймӕгты иууылдӕр амарут ӕмӕ ӕлгъыстаг фӕкӕнут».

12 Галаадаг Иавешы разынди цыппарсӕдӕ ӕнӕцыд чызджы. Израилӕгты рӕсӕнуат уыдис Ханааны, Силомы сахары, ӕмӕ чызджыты уырдӕм акодтой.

13 Уый фӕстӕ Израилы дзыллӕ, Бениамины фӕдонтӕй Риммоны къӕдзӕхы цур чи бамбӕхсти, уыдонмӕ минӕвӕрттӕ арвыстой, бафидауӕм, зӕгъгӕ.

14 Бениамины байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзӕрттӕм ӕрыздӕхтысты, ӕмӕ сын Галаады, Иавешы сахары, удӕгасӕй кӕй ныууагътой, уыцы ӕнӕцыд чызджыты моймӕ радтой. Фӕлӕ чызджытӕ се ’ппӕты фаг нӕ уыдысты.

15 Адӕм хъыг кодтой Бениамины мыггагыл. Дунедарӕг сӕ Израилы иу мыггагӕй фӕцух кодта,

16 ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ сагъӕсы бацыдысты: «Бениамины мыггагӕй ма чи аирвӕзти, уыдонӕн устытӕ цы хуызы ссарӕм, сӕ хӕдзарвӕндаджы иу сылгоймаг дӕр куынӕуал баззад, уӕд?»

17 Ӕмӕ загътой: «Бениамины фӕдонтӕй ма чи аирвӕзт, уыдонӕн сӕ зӕхх хъуамӕ сӕ хӕдзарвӕндаджы къухы баззайа, Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй хъуамӕ иунӕг дӕр ма фесӕфа.

18 Нӕ чызджыты сын моймӕ раттын махӕн нӕ бон нӕу, уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ сомы ракодтой, йӕ чызджы Бениамины мыггагӕй искӕмӕн чи радта, уый ӕлгъыст уыдзӕни, зӕгъгӕ».

19 Уый фӕстӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыди, Силомы ӕрвылаз Дунедарӕджы номыл куывд кӕй фӕкӕнынц, уый. Уыцы сахар ис Вефилӕй цӕгатӕрдӕм, Левонайы сахарӕн йӕ хуссарварс, Вефил ӕмӕ Шехемы астӕу цы фӕндаг ис, уымӕй та — скӕсӕны ’рдӕм.

20 Адӕмы хистӕртӕ Бениамины фӕдонтӕн бафӕдзӕхстой: «Ацӕут Силоммӕ ӕмӕ сӕндӕтты бамбӕхсут.

21 Силомаг чызджыты кафгӕ куы фенат, уӕд-иу разгъорут ӕмӕ-иу сӕм фӕлӕбурут. Алчидӕр дзы йӕхицӕн фӕйнӕ иуы ракӕнӕд, ӕмӕ-иу уый фӕстӕ Бениамины зӕхмӕ раздӕхут.

22 Сӕ ныййарӕг фыдтӕ ӕмӕ нӕм се ’фсымӕртӕ хъаст кӕнынмӕ куы ’рбацӕуой, уӕд сын зӕгъдзыстӕм: „Батӕригъӕд нын кӕнут, ныууадзут нын уӕ чызджыты. Хӕсты рӕстӕг нӕ алкӕмӕн ус ссарын нӕ бантысти. Стӕй кӕд уӕ чызджытӕ сӕ къухы уӕхи фӕндонӕй нӕ бафтыдысты, уӕд тӕригъӕдджын не стут“».

23 Бениамины байзӕддӕгтӕ, куыд сын загътой, афтӕ бакодтой. Алчидӕр дзы йӕхицӕн скъӕфт чызджытӕй, кафгӕ чи кодта, уыдонӕй, иуы ракодта ӕмӕ сӕ зӕххы хаймӕ аздӕхтысты. Сӕ хъӕутӕ ногӕй рацарӕзтой ӕмӕ дзы ӕрцардысты.

24 Израилӕгтӕ дӕр сӕ хӕдзӕрттӕм фӕцыдысты. Алчидӕр раздӕхти йӕ хӕдзарвӕндагмӕ, йӕ мыггагмӕ. Иууылдӕр сӕ зӕххы хӕйттӕм фӕцыдысты.

25 Уыцы заман Израилӕн паддзах нӕ уыди ӕмӕ алчидӕр, раст ӕм куыд касти, афтӕ кодта.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan