Фӕтӕгтӕ 20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстИзраил ӕмӕ Бениамины мыггаджы хӕст 1 Израилӕгтӕ, ӕгас дзыллӕ, Данӕй Беер-Шевӕйы онг чидӕриддӕр царди, стӕй Галаады цӕрджытӕ, — иууылдӕр иу лӕджы хуызӕн Мицпайы сахармӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууыдысты. 2 Израилӕгты фӕтӕгтӕ се ’ппӕт дӕр уыдысты уым. Уыцы ран ӕрӕмбырд сты Хуыцауы адӕм, кӕрдтӕй ифтонг хӕстонтӕ — цыппарсӕдӕ мины. 3 Израилӕгтӕ Мицпайы кӕй ӕрӕмбырд сты, уыцы хабар Бениамины фӕдонтӕ дӕр фехъуыстой. Израилӕгтӕ фарстой: «Ахӕм фыдракӕнд цы хуызы ӕрцыди?» 4 Уӕд сын левит, мард сылгоймаджы лӕг, дзуапп радта: «Ӕз мӕ номылусимӕ Бениамины зӕхмӕ, Гевӕйы сахармӕ, ӕхсӕвиуат бакӕнынмӕ бацыдтӕн. 5 Ӕхсӕвы Гевӕйы цӕрджытӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ хӕдзары алыварс ӕрӕмбырд сты, хъавыдысты мӕ амарынмӕ. Мӕ номылусӕн мын батых кодтой, ӕмӕ амард. 6 Ӕз ын йӕ мард дыууадӕс дихы акодтон ӕмӕ хӕйттӕ Израилы алы зылдмӕ дӕр арвыстон. Израилы тынг чъизи ӕмӕ ӕлгъаг хъуыддаг ӕрцыди! 7 Уӕдӕ ныр, израилӕгтӕ, ӕркӕсут ацы хъуыддагмӕ ӕмӕ исты уынаффӕ рахӕссут!» 8 Израилӕгтӕ иууылдӕр, иу лӕджы хуызӕн, загътой: «Мах нӕ аздӕхдзыстӕм нӕ цатыртӕм, нӕ хӕдзӕрттӕм! 9 Хуыцауы амындмӕ гӕсгӕ Гевӕйӕн бакӕндзыстӕм афтӕ: 10 Израилӕгты мыггӕгтӕй алы сӕдӕйӕ дӕр дӕс, минӕй — сӕдӕ, дӕс минӕй мин адӕймаджы равзарӕм, цӕмӕй нын не ’фсады фаг хӕринаг ӕрбахӕссой. Бениамины зӕхмӕ, Гевӕйы сахармӕ, бабырсдзыстӕм ӕмӕ йын йӕ адӕмӕй, Израил ахӕм ӕлгъаг хъуыддагӕй кӕй сӕгад кодтой, уый тыххӕй нӕ маст райсдзыстӕм». 11 Ӕмӕ израилӕгтӕ, иу лӕджы хуызӕн, Гевӕйы цурмӕ ӕрбацыдысты. 12 Бениамины мыггагмӕ минӕвӕрттӕ арвыстой, цӕмӕй сын фехъусын кӕной: «Уӕ зӕххыл ахӕм ӕвирхъау фыдракӕнд цы хуызы ӕрцыди? 13 Гевӕйы фыдгӕнджыты нын раттут, ӕмӕ сӕ амарӕм, цӕмӕй Израилы зӕххыл ӕлгъагӕй мацыуал баззайа!» Бениамины фӕдонтӕ се ’фсымӕрты, израилӕгты ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой. 14 Сӕ алы сахартӕй Гевӕйы ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй Израилы ныхмӕ стох кӕной. 15 Бениамины байзӕддӕгтӕй авдсӕдӕ хӕстоны ӕрӕмбырд сты Гевӕйӕн йӕхицӕй, ӕхсӕз ӕмӕ ссӕдз мины та ӕрбацыдысты иннӕ сахартӕй. 16 Гевӕйаг авдсӕдӕ хӕстоны уыдысты фӕлтӕрд галиуӕгтӕ. Уыдонӕй иу дӕр, дурӕхсӕнӕй ӕрдуйыл дур фехсгӕйӕ, никуы фӕивгъуыдта. 17 Израилӕгтӕ та, Бениамины мыггаджы нӕ нымайгӕйӕ, уыдысты цыппарсӕдӕ мины бӕрц. Иууылдӕр — фӕлтӕрд хӕстонтӕ. 18 Израилӕгтӕ Вефилы сахармӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Хуыцауы бафарстой: «Бениамины мыггаджы ныхмӕ нӕ хӕстмӕ чи акӕндзӕн?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Иудӕ ацӕудзӕни уӕ разӕй». 19 Райсомӕй израилӕгтӕ Гевӕмӕ хӕстӕг рӕсӕнуат скодтой. 20 Бениамины мыггаджы ныхмӕ хӕстмӕ рацыдысты ӕмӕ Гевӕйы акомкоммӕ хӕстон рӕнхъытӕй ӕрлӕууыдысты. 21 Бениамины фӕдонтӕ Гевӕйы сахарӕй рацыдысты ӕмӕ израилӕгты ӕфсадмӕ бабырстой, израилӕгтӕй дыууӕ ӕмӕ ссӕдз мины бӕрц амардтой. 22 Израилӕгтӕ сӕ тыхтӕ ӕрбамбырд кодтой ӕмӕ та сӕ раздӕры бынаты рӕнхъытӕй ӕрлӕууыдысты. 23 Ацыдысты ӕмӕ изӕрмӕ Дунедарӕджы раз фӕкуыдтой, стӕй Йӕ бафарстой: «Хӕцӕм ма дарддӕр Бениамины мыггагимӕ, не ’фсымӕртимӕ?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Хӕцут!» 24 Ӕмӕ та дыккаг бон Бениамины мыггаджы ныхмӕ хӕстмӕ рацыдысты. 25 Уыдон та уыцы бон дӕр рацыдысты Гевӕйӕ ӕмӕ израилӕгтӕм бабырстой, ӕстдӕс мин гӕрзифтонг хӕстоны амардтой. 26 Уӕд израилӕгтӕ, се ’фсад иууылдӕр, ацыдысты Вефилмӕ. Уым Дунедарӕджы раз изӕрмӕ фӕбадтысты, куыдтой ӕмӕ ком дардтой. Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхастой. 27 Уый фӕстӕ израилӕгтӕ Дунедарӕджы бафарстой. (Уыцы заман Дунедарӕджы Фидыды Чырын уым уыди, 28 йӕ разы лӕггад кодта Аароны фырты фырт, Елеазары фырт Пинхас.) Израилӕгтӕ бафарстой: «Не ’фсымӕртимӕ, Бениамины мыггагимӕ, дарддӕр хӕцӕм ӕви нӕ? Ацы хӕст бауромӕм?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Хӕцут! Райсом уын Ӕз уӕлахиз ратдзынӕн». 29 Уӕд израилӕгтӕ Гевӕйы алыварс бабадтысты. 30 Ӕртыккаг бон израилӕгтӕ ногӕй Бениамины фӕдонты ныхмӕ хӕстмӕ рацыдысты ӕмӕ, раздӕр куыд кодтой, афтӕ Гевӕйы акомкоммӕ рӕнхъытӕй ӕрлӕууыдысты. 31 Бениамины фӕдонтӕ израилӕгтӕм бабырстой ӕмӕ дзӕвгар адард сты сӕ сахарӕй. Раздӕрау израилӕгты мардтой ӕмӕ сӕ, Вефил Гевӕимӕ цы фӕндаг иу кӕны, уый рӕзты бирӕ фӕсырдтой, израилӕгтӕй дӕс ӕмӕ ссӕдзы бӕрц амардтой. 32 Бениамины фӕдонтӕ цинӕй мардысты ӕмӕ хъуыды кодтой: «Уӕлахиз та кӕнӕм не знӕгтыл!» Израилӕгтӕ та фӕндӕгтыл барӕй лыгъдысты, сӕ зӕрды уыди се знӕгты сахарӕй расайын, цас дарддӕр, уыйас хуыздӕр. 33 Израилӕгты хӕстонтӕ Баал-Тамармӕ хӕстӕг хӕцынӕввонг рӕнхъытӕй ӕрлӕууыдысты. Гевӕйы ныгуылӕйнаг фарс цы къорд бабадти, уыдон та сӕ ных Гевӕйы ’рдӕм сарӕзтой. 34 Ӕгас Израилӕй кӕй ӕрӕмбырд кодтой, уыцы дӕс мин ӕвзаргӕ хӕстоны Гевӕйы сахармӕ бабырстой. Райдыдта уӕззау тох. Бениамины фӕдонтӕ, фӕуӕлахиз сыл уыдзысты, уый ӕнхъӕл нӕ уыдысты, 35 фӕлӕ Дунедарӕг израилӕгтӕн ӕххуыс кодта Йӕхӕдӕг. Уыцы бон сын израилӕгтӕ се ’фсадӕй амардтой фондз ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз мин гӕрзифтонг хӕстоны. 36 Бениамины байзӕддӕгтӕм афтӕ касти, цыма израилӕгтыл фӕуӕлахиз сты. Уыдон та сӕ зӕрдӕ дардтой, Гевӕмӕ хӕстӕг рӕсӕнуаты цы хӕстонтӕ бабадт, уыдоныл ӕмӕ фӕстӕмӕ здӕхын райдыдтой. 37 Рӕсӕнуаты цы хӕстонтӕ бабадт, уыдон Гевӕмӕ бабырстой ӕмӕ дзы цъиуызмӕлӕг нал ныууагътой. 38 Израилаг хӕстонтӕ, рӕсӕнуаты чи бадти, уыдонимӕ ныхасгонд уыдысты, рӕсӕнуаты бадджытӕ сахары арт куы ссудзой, арты фӕздӕг арвмӕ куы фӕцӕуа, 39 уӕд израилӕгты ӕфсад фӕстӕмӕ аздӕхдзӕни, зӕгъгӕ. Бениамины фӕдонтӕ ныридӕгӕн израилӕгтӕй дӕс ӕмӕ ссӕдзы бӕрц амардтой ӕмӕ сӕм афтӕ касти, цыма та израилӕгтӕ, фыццаг хӕсты куыд уыдис, афтӕ цагъды фесты. 40 Уыцы рӕстӕг сахары сӕрмӕ фӕздӕджы къуымбил ссыди. Бениамины фӕдонтӕ фӕстӕмӕ разылдысты ӕмӕ федтой: сахар судзы, ӕмӕ йӕ фӕздӕг арвмӕ фӕцыди. 41 Израилӕгтӕ фӕстӕмӕ сахары ’рдӕм сӕ ных сарӕзтой. Бениамины хӕстонтӕ фӕтарстысты, уымӕн ӕмӕ бамбӕрстой, кӕй сӕ басастой, уый. 42 Ӕмӕ израилӕгтӕй, ӕдзӕрӕг быдырмӕ цы фӕндаг цыди, ууылты алыгъдысты. Израилӕгтӕ сӕ фӕсте сурын байдыдтой. Израилӕгты хӕстон къорд сахары ’рдыгӕй рацыди ӕмӕ, цы хӕстонтыл ӕрхъула кодтой, уыдоны цӕгъдын байдыдтой. 43 Бениамины фӕдонтыл ӕртыхстысты ӕмӕ сӕ суанг ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Гевӕйы скӕсӕнварсмӕ, фӕсырдтой. 44 Бениамины фӕдонтӕй фӕхъуыдис ӕстдӕс мин адӕймаджы. Иууылдӕр уыдысты хъӕбатыр хӕстонтӕ. 45 Чи дзы аирвӕзти, уыдон та алыгъдысты ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Риммоны къӕдзӕхмӕ. Фӕндӕгтыл дзы израилӕгтӕ фондз мины ныццагътой, суанг сӕ Гидомы онг фӕсырдтой ӕмӕ ма дзы ноджы дыууӕ мины амардтой. 46 Уыцы бон Бениамины байзӕддӕгтӕй ӕдӕппӕтӕй фӕхъуыди фондз ӕмӕ ссӕдз мин гӕрзифтонг лӕджы, иууылдӕр уыдысты хъӕбатыр хӕстонтӕ. 47 Бениамины фӕдонтӕ алыгъдысты ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Риммоны къӕдзӕхы цурмӕ. Ӕхсӕзсӕдӕ ма дзы аирвӕзт ӕмӕ цыппар мӕйы дӕргъы уым фембӕхстысты. 48 Израилӕгтӕ фӕстӕмӕ раздӕхтысты, Бениамины мыггаджы зӕххытӕм бабырстой ӕмӕ адӕмӕй, фосӕй — се ’ппӕты дӕр ныццагътой, хъӕутӕ та иууылдӕр судзгӕ бакодтой. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia