Фӕтӕгтӕ 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстИзраилӕгтӕ Дунедарӕджы ферох кодтой 1 Дунедарӕджы зӕд Гилгалы сахарӕй Бохиммӕ ӕрцыд ӕмӕ израилӕгтӕн фехъусын кодта: — Израилӕгтӕ! Ӕз уӕ ракодтон Мысыры зӕххӕй. Уӕ фыдӕлтӕн, сомы ракӕнгӕйӕ, зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдтон, уырдӕм уӕ ӕркодтон ӕмӕ загътон: «Ӕз, не ’хсӕн цы фидыд ис, уый никуы фехалдзынӕн, 2 фӕлӕ сымах дӕр ацы бӕстӕйы цӕрджытимӕ ма бафидаут, ныппырх сын кӕнут сӕ нывондхӕссӕнтӕ». Фӕлӕ Мӕм нӕ байхъуыстат. Уый цы бакодтат? 3 Ныр Ӕз, уӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, уыдоны уӕ разӕй нал фӕсурдзынӕн. Уыдон суыдзысты уӕ къӕппӕджытӕ, сӕ хуыцӕуттӕ та — уӕ ахсӕн хызтӕ. 4 Дунедарӕджы зӕд израилӕгтӕн уыдӕттӕ куы загъта, уӕд адӕм иууылдӕр хъӕрӕй ныккуыдтой. 5 Уыцы бынат Бохим, зӕгъгӕ, уымӕн схуыдтой. Уыцы ран израилӕгтӕ Дунедарӕгӕн нывонд ӕрхастой. 6 Йешуа адӕмы ауагъта, ӕмӕ израилӕгтӕ сӕ зӕххы хӕйттӕм раздӕхтысты. Уыцы зӕхх сӕхи бацис. 7 Йешуайы заман дӕр ӕмӕ, йӕ фӕстӕ чи рацард, Дунедарӕг Израилы сӕраппонд цы стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон йӕхи цӕстӕй чи федта, уыцы хистӕрты заман дӕр израилӕгтӕ ӕнувыдӕй лӕггад кодтой Дунедарӕгӕн. 8 Дунедарӕджы лӕггадгӕнӕг Нуны фырт Йешуа куы амард, уӕд ыл цыди дӕс ӕмӕ фондзыссӕдз азы. 9 Баныгӕдтой йӕ йӕхи зӕххы хайы, Тимнат-Хересы сахары, Ефремы хӕхты, Гаашы хохы цӕгатварс. 10 Уӕды заманты фӕлтӕр иууылдӕр се ’цӕг дунемӕ ацыдысты, ӕмӕ сӕ фӕстӕ ног фӕлтӕр фӕзынди. Уыдон нӕ зыдтой Дунедарӕджы, стӕй, Израилы адӕмӕн цытӕ сарӕзта, уый. 11 Израилӕгтӕ, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы хъуыддӕгтӕ уыдысты, уыдоныл фӕцалх сты, Баалтӕн лӕггад кодтой. 12 Дунедарӕджы, сӕ фыдӕлты Хуыцауы, ныууагътой, афтӕмӕй сӕ Мысыры зӕххӕй Уый ракодта. Сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ кувын райдыдтой, ӕмӕ уымӕй мӕсты кодтой Дунедарӕджы. 13 Сӕ Хуыцауы ныууагътой, Баалтӕн ӕмӕ Астартӕтӕн лӕггад кодтой. 14 Дунедарӕг сыл абырджыты сагъуыйын кодта, ӕмӕ сӕ стыгътой. Сӕ алыварс цӕрӕг знӕгты къухтӕм сӕ радта, ӕмӕ израилӕгтӕн сӕ ныхмӕ хӕцын сӕ бон нал уыди. 15 Хӕстмӕ-иу куы рацыдысты, уӕд-иу Дунедарӕг алкӕддӕр уыди сӕ ныхмӕ, рагацау сын куыд дзырдта ӕмӕ куыд расомы кодта, афтӕ. Израилӕгтӕ цъысымы бахаудысты. 16 Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу Дунедарӕг израилӕгтӕн радта фӕтӕджы, цӕмӕй сӕ уый абырджытӕй фервӕзын кӕна. 17 Фӕлӕ израилӕгтӕ сӕ фӕтӕгтӕм дӕр нал хъуыстой, ӕндӕр хуыцӕуттӕн кад кодтой. Сӕ фыдӕлтӕ цы фӕндагыл цыдысты, уымӕй иуварс тагъд фӕзылдысты. Уыдон Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кодтой, адон та нӕ. 18 Дунедарӕг-иу израилӕгтӕн ног фӕтӕджы куы радта, уӕд-иу йӕ фарсмӕ уыди Йӕхӕдӕг. Уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг тӕригъӕд кодта, се знӕгты ӕфсондзы бын куыд хъӕрзынц, уымӕ кӕсгӕйӕ. 19 Фӕлӕ-иу куыддӕр фӕтӕг амарди, афтӕ та-иу израилӕгтӕ ногӕй сӕ раздӕры митӕм раздӕхтысты, сӕ фыдӕлтӕй-иу фӕфыддӕр сты, ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад ӕмӕ табу кодтой, сӕ фыдгӕндтӕ нӕ уагътой ӕмӕ хивастӕй цыдысты сӕ раздӕры фӕндагыл. 20 Дунедарӕг Израилмӕ тынг смӕсты ис ӕмӕ загъта: «Кӕд ацы адӕм, сӕ фыдӕлтимӕ сын цы фидыд сарӕзтон, уый халынц ӕмӕ Мӕм нӕ хъусынц, 21 уӕд Ӕз дӕр, Нуны фырт Йешуайы мӕлӕты фӕстӕ ма ацы ран цы адӕмтӕ баззад, уыдонӕй иуы дӕр нал фӕсурдзынӕн». 22 Уыцы адӕмтӕ хъуыдысты Израилы бафӕлварынӕн — сӕ фыдӕлтау Дунедарӕджы фӕндагыл цӕудзысты ӕви нӕ, уый базонынӕн. 23 Ӕмӕ Дунедарӕг уыцы адӕмты уым ныууагъта, уайтагъд сӕ нӕ фӕсырдта ӕмӕ сӕ Нуны фырт Йешуайы къухмӕ нӕ радта. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia