Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Фӕтӕгтӕ 17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ефремы хохыл цардис иу лӕг, йӕ ном — Миха.

2 Иу хатт йӕ мадӕн афтӕ зӕгъы: «Мин ӕмӕ сӕдӕ шекелы дӕ ӕвзист куы фесӕфти, уӕд дын ӕз де ’лгъыст фехъуыстон. Уыцы ’хца мӕнӕ сты, ӕз сӕ райстон». Мад загъта: «Дунедарӕг арфӕ ракӕнӕд мӕ лӕппуйӕн!»

3 Ӕмӕ йын Миха мин ӕмӕ сӕдӕ шекелы ӕвзист фӕстӕмӕ куы радта, уӕд ын загъта: «Ацы ӕвзист мӕ лӕппуйы номыл нывонд кӕнын Дунедарӕгӕн. Уадз ӕмӕ дзы хуыцауы кӕрдгӕныв ӕмӕ джиппыуагъд гуымиры саразой».

4 Фӕлӕ йын уый йе ’взист фӕстӕмӕ радта. Мад згъӕртайынгӕнӕгмӕ дыууӕсӕдӕ шекелы ӕвзист радта, ӕмӕ дзы уый хуыцауы кӕрдгӕныв ӕмӕ джиппыуагъд гуымиры сарӕзта. Михайы хӕдзары сӕ сӕвӕрдтой.

5 Афтӕ Михамӕ фӕзынди йӕхи кувӕндон. Ефод ӕмӕ хӕдзарон хуыцаугӕндтӕ дӕр сарӕзта, сауджынӕй та сӕвӕрдта йӕ фырты.

6 Уыцы заман Израилы паддзах нӕ уыди, ӕмӕ алчидӕр кодта, цы йӕ фӕндыд, уый.

7-8 Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй иу лӕппу, левит, уыцы заман царди иудейаг Вифлеемы ӕмӕ уырдыгӕй ног цӕрӕнбынат агурӕг ацыди. Ӕрбахӕццӕ ис Ефремы хохмӕ, Михайы хӕдзармӕ.

9 Миха йӕ бафарста: «Кӕцон дӕ?» Уый йын дзуапп радта: «Ӕз дӕн левит, иудейаг Вифлеемӕй, кӕм ӕрцӕрон, уый агурын».

10 Миха йын загъта: «Мӕнмӕ лӕуу, сауджынӕй мӕм кусдзынӕ, фыды хуызӕн мын суыдзынӕ. Азмӕ дын дӕс шекелы ӕвзист дӕтдзынӕн, уымӕй уӕлдай — дзаума ӕмӕ хӕринаг». Ӕмӕ левит Михамӕ баззади.

11 Сразы ис Михайы хӕдзары цӕрыныл, ӕмӕ йын хъӕбулы ад скодта.

12 Миха левиты сауджыны куыстыл бафтыдта, ӕмӕ йӕ хӕдзары царди.

13 Миха дзырдта: «Ныр ӕз фидарӕй ӕууӕндын, Дунедарӕг мыл кӕй ауды, ууыл, уымӕн ӕмӕ мӕ хӕдзары левит у сауджын».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan