Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Фӕтӕгтӕ 16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Самсон ӕмӕ Далилӕ

1 Иу хатт Самсон Газӕйы сахармӕ ӕрбацыд. Иу хӕтаг сылы дзы федта ӕмӕ йемӕ ӕрӕмуат ис.

2 Газӕйы цӕрджытӕ базыдтой, Самсон сахары кӕй ис, уый. Уыцы бынаты алыварс ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ йӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв сахары кулдуары раз фӕхъахъхъӕдтой. Ӕгас ӕхсӕв ӕнхъӕлмӕ фӕкастысты ӕмӕ дзырдтой: «Боныцъӕхты йӕ амардзыстӕм!»

3 Самсон та ӕмбисӕхсӕвмӕ фӕфынӕй кодта, стӕй сыстади. Сахары кулдуар йӕ дыууӕ цӕджындзимӕ ӕд ӕвдузӕнтӕ рарӕдывта, йе ’ккоймӕ йӕ систа ӕмӕ йӕ, Хевроны акомкоммӕ цы хох ис, уый сӕрмӕ схаста.

4 Уый фӕстӕ иу сылгоймаджы бауарзта. Уый царди Соречы дӕлвӕзы, йӕ ном хуынди Далилӕ.

5 Филистимӕгты хицӕуттӕ Далилӕмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Ракъах Самсоны: ахӕм хъару йӕм кӕцӕй ис? Куыд ыл фӕуӕлахиз уӕм? Куыд ӕй ис сбӕттӕн ӕмӕ басӕттӕн? Махӕй дын алчидӕр мин ӕмӕ сӕдӕ шекелы ӕвзист ратдзӕни».

6 Далилӕ Самсоны бафарста: «Зӕгъ-ма мын, кӕцӕй дӕм ис ахӕм хъару? Куыд дӕ ис сбӕттӕн ӕмӕ дын дӕ хъару басӕттӕн цӕмӕй ис?»

7 Самсон ын загъта: «Чи нӕма бахус, ахӕм авд хом нуарӕй мӕ куы сбӕттай, уӕд мӕ хъару фесӕфдзӕн, хуымӕтӕг адӕймаджы хуызӕн суыдзынӕн».

8 Филистимӕгты хицӕуттӕ Далилӕйӕн, чи нӕма бахус, ахӕм авд хом нуары ӕрбахастой, ӕмӕ Самсоны сбаста.

9 Уыдон та ӕрӕмбӕхстысты йӕ уаты. Далилӕ Самсонмӕ дзуры: «Самсон! Филистимӕгтӕ дӕм ӕрбацыдысты!» Самсон нуӕрттӕ, гӕн ӕндахыл арт куыд сирвӕзы, уыйау ӕрбаскъуыдта, ӕмӕ йӕ тыхы сусӕгдзинад нӕ раргом ис.

10 Уӕд ын Далилӕ загъта: «Асайдтай мӕ! Зӕгъ-ма мын, цӕй, цӕмӕй дӕ сбӕттӕн ис, уый!»

11 Самсон ын дзуапп радта: «Пайда кӕмӕй нӕма кодтой, ахӕм ног бӕндӕнтӕй мӕ куы сбӕттай, уӕд мӕ тых фесӕфдзӕн ӕмӕ хуымӕтӕг лӕджы хуызӕн суыдзынӕн».

12 Далилӕ ног бӕндӕнтӕ райста, сбаста йӕ ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Самсон! Филистимӕгтӕ дӕм ӕрбацыдысты!» Уыдон та уаты бадтысты. Самсон бӕндӕнтӕ ӕндӕхтау ӕрбаскъуыдтӕ кодта.

13 Далилӕ йын загъта: «Сайыс мӕ! Раст ныхас мын нӕ дзурыс! Цӕй-ма, схъӕр мын ӕй кӕн, цӕмӕй дӕ сбӕттӕн ис, уый!» Самсон ын дзуапп радта: «Мӕ сӕрыхъуынтӕй мын авд дзыккуйы хъуымацы цӕхгӕрмӕ куы сбийай ӕмӕ хъуымац телӕй уафӕн тӕрхыл куы ныххойай, уӕд мӕ хъару фесӕфдзӕн ӕмӕ хуымӕтӕг адӕймаджы хуызӕн суыдзынӕн».

14 Самсон куы бафынӕй, уӕд ын Далилӕ йӕ сӕрыхъуынтӕй авд дзыккуйы ног хъуымацы бабыдта ӕмӕ хъуымац телӕй уафӕн тӕрхыл ныххоста. Уый фӕстӕ Далилӕ ныхъхъӕр кодта: «Самсон! Филистимӕгтӕ дӕм ӕрбацыдысты!» Уый фехъал ӕмӕ тел ӕд хъуымац срӕдывта.

15 Далилӕ йын загъта: «Уарзыс мӕ, зӕгъгӕ, мын дзурыс, афтӕмӕй мыл не ’ууӕндыс! Ӕртӕ хатты мӕ асайдтай, дӕ тыхы сусӕгдзинад цӕй мидӕг ис, уый та мын ныронг нӕ раргом кодтай!»

16 Далилӕ Самсонӕн алы бон дӕр ахӕм ныхӕстӕ кодта ӕмӕ йын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта, удхарӕй йӕ мардта.

17 Ӕмӕ йын уӕд йӕ сусӕгдзинад радзырдта: «Ӕз мӕ сӕрыхъуынтӕ никуы алвыдтон. Мӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ ӕз дӕн Хуыцауы назир. Мӕ сӕрыхъуынтӕ куы алвынон, уӕд мӕ хъару фесӕфдзӕн ӕмӕ хуымӕтӕг адӕймаджы хуызӕн суыдзынӕн».

18 Далилӕ бамбӕрста, Самсон ын йӕ сусӕгдзинад кӕй раргом кодта, уый ӕмӕ филистимӕгты хицӕуттӕм фӕдзырдта: «Рацӕут! Раргом мын кодта йӕ сусӕгдзинад». Филистимӕгты хицӕуттӕ йӕм ӕрбацыдысты ӕвзистимӕ.

19 Далилӕ Самсоны куы бафынӕй кодта, уӕд йӕ лӕггадгӕнӕгмӕ фӕдзырдта, ӕмӕ йын уый йӕ сӕрӕй авд дзыккуйы ралыг кодта. Самсон фыццаг хатт ӕрлӕмӕгъ ис, йӕ хъару фесӕфти.

20 Далилӕ та ныхъхъӕр кодта: «Самсон! Филистимӕгтӕ дӕм ӕрбацыдысты!» Самсон фехъал ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Ницы кӕны, ацы хатт дӕр та аирвӕздзынӕн». Нӕма зыдта, Дунедарӕг ӕй кӕй ныууагъта, уый.

21 Филистимӕгтӕ Самсоны ӕрцахстой ӕмӕ йын йӕ цӕстытӕ скъахтой. Газӕйы сахармӕ йӕ акодтой, ӕрхуы хъадамантӕ йыл бакодтой ӕмӕ йӕ мӕнӕу ссыныл бафтыдтой.

22 Самсонӕн йӕ сӕрыхъуынтӕ ногӕй рӕзын байдыдтой.


Самсоны мӕлӕт

23 Филистимӕгты хицӕуттӕ ӕрӕмбырд сты сӕ хуыцау Дагонӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ ӕмӕ сӕхи бахъӕлдзӕг кӕнынмӕ. Уыдон дзырдтой: «Нӕ хуыцау нын Самсоны, не знаджы, нӕ къухмӕ радта»

24 Адӕм дӕр, Самсонмӕ кӕсгӕйӕ, кад кодтой сӕ хуыцауӕн ӕмӕ дзырдтой: «Нӕ хуыцау нын, нӕ зӕххытӕ нын чи сафтид кодта ӕмӕ нӕ бирӕты чи фӕмардта, уыцы знаджы нӕ къухмӕ радта».

25 Куы бахъӕлдзӕг сты, уӕд загътой: «Ӕрбакӕнут-ма Самсоны, уадз ӕмӕ нӕ ахудын кӕна!» Самсоны ахӕстонӕй ӕрбакодтой ӕмӕ йӕ хӕдзары цӕджындзты астӕу ӕрлӕууын кодтой.

26 Самсон, йӕ фӕдыл ӕй цы лӕггадгӕнӕг кодта, уымӕн загъта: «Хӕдзар цы цӕджындзтыл ӕнцайы, уыдоныл-ма мӕ андзӕвын кӕн мӕ уырзтӕй, ӕмӕ сыл ӕз ӕрӕнцой кӕнон».

27 Хӕдзар та йедзаг уыди нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕй, филистимӕгты паддзӕхтӕ иууылдӕр уым уыдысты, уӕлхӕдзары та уыдис ӕртӕ мин адӕймаджы. Уыдон ӕрӕмбырд сты Самсонмӕ бакӕсынмӕ ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, ирхӕфсын сӕ кӕд райдайдзӕни, уымӕ.

28 Самсон Дунедарӕгмӕ скуывта: «О Дунедарӕг, ӕрхъуыды мӕ кӕн! Хуыцау, хъару мын ратт ныр, ӕмӕ иу хаттӕн филистимӕгтӕй мӕ дыууӕ цӕсты маст сисон!»

29 Самсон, хӕдзар цы дыууӕ астӕуккаг цӕджындзыл хӕцыд, уыдоныл ӕрӕнцой кодта, иу къухӕй — рахиз цӕджындзыл, иннӕмӕй — галиуыл,

30 ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Уадз ӕмӕ филистимӕгтимӕ амӕлон!» Цӕджындзтыл тыххӕст акодта, ӕмӕ хӕдзар филистимӕгты хицӕуттыл, стӕй ма дзы цы адӕм уыди, уыдоныл ныккалди. Самсон, мӕрдтӕм цӕугӕйӕ, цас знӕгтӕ амардта, уый бӕрц йе ’гасӕй никуы фесӕфта.

31 Самсоны ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ хӕстӕджытӕ Газӕмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын йӕ мард ахастой. Баныгӕдтой йӕ Цора ӕмӕ Ештаолы астӕу, йӕ фыд Маноахы зӕппадзы. Самсон Израилы фӕтӕг уыди ссӕдз азы.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan