Фӕтӕгтӕ 15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстСамсон филистимӕгтӕй йӕ маст райста 1 Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ, мӕнӕу кӕрдыны афон, Самсон йӕ усы бӕрӕггӕнӕг Тимнӕйы сахармӕ ацыди. Йемӕ ахаста сӕныкк дӕр. Самсон загъта: «Ӕз цӕуын уатмӕ, мӕ бинойнагмӕ». Фӕлӕ йӕ чызджы фыд нӕ бауагъта: 2 «Ӕз афтӕ ӕнхъӕлдтон, ӕмӕ йӕ уадзгӕ ныккодтай. Гъемӕ йӕ дӕ фынгӕмбӕлттӕй иуӕн радтон. Йӕ кӕстӕр хо ноджы рӕсугъддӕр у, кӕстӕры акӕн». 3 Самсон загъта: «Ныр филистимӕгтӕн сар сӕ сӕр кӕны, ӕмӕ аххосджын дӕр сӕхӕдӕг сты. Ӕз сын, цы хъӕуа, уый бацамондзынӕн». 4 Самсон ацыд, ӕртӕсӕдӕ сыл рувасы ӕрцахста, сӕ къӕдзилтӕй сӕ кӕрӕдзиуыл къӕйттӕй сбаста ӕмӕ алы къайыл дӕр фӕйнӕ цырагъы бабаста. 5 Уый фӕстӕ цырӕгътӕ ссыгъта ӕмӕ рувӕсты филистимӕгты быдыртыл аскъӕрдта. Сӕ хосы мӕкъуылтӕ, мӕнӕуы хуымтӕ, сӕндӕттӕ ӕмӕ сой бӕлӕстӕ сын иууылдӕр басыгъта. 6 Филистимӕгтӕ адӕмы фарстой: «Уый чи бакодта?» Ӕмӕ сын чидӕр загъта: «Уый Самсон уыди, Тимнайы сахарӕй иу лӕджы сиахс. Чызджы фыд ын йӕ усы йӕ фынгӕмбӕлттӕй иуӕн радта, ӕмӕ дзы Самсон йӕ маст райста». Уӕд филистимӕгтӕ ацыдысты, фыды дӕр ӕмӕ чызджы дӕр басыгътой. 7 Самсон филистимӕгтӕн загъта: «Цалынмӕ мӕ маст ӕххӕстӕй нӕ райсон, уӕдмӕ не ’рсабыр уыдзынӕн». 8 Самсон филистимӕгтӕн сӕ фӕрстӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ ныппырх кодта, уый фӕстӕ ацыд ӕмӕ, Етамы хохрӕбын цы лӕгӕт уыди, уым ӕрцарди. 9 Филистимӕгтӕ Иудеймӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ дзы рӕсӕнуат скодтой, Лехийы сахар бацахстой. 10 Иудейы цӕрджытӕ сӕ бафарстой: «Нӕ ныхмӕ хӕцын цӕмӕн сфӕнд кодтат?» Уыдон сын дзуапп радтой: «Мах ӕрбацыдыстӕм Самсоны сбӕттынмӕ, нӕ маст райсынмӕ!» 11 Иудейы цӕрджытӕй ӕртӕ мины, Етамы хохрӕбын цы лӕгӕт уыди, уырдӕм ацыдысты ӕмӕ Самсонӕн загътой: «Филистимӕгтӕн сӕ дӕлбар стӕм, уый куы зоныс, уӕд цытӕ кӕныс?» Самсон сын дзуапп радта: «Сӕхӕдӕг мын куыд бакодтой, ӕз дӕр сын афтӕ». 12 Уӕд Иудейы цӕрджытӕ загътой: «Мах ӕрбацыдыстӕм, цӕмӕй дӕ сбӕттӕм ӕмӕ дӕ филистимӕгты къухмӕ раттӕм». Самсон сын загъта: «Сомы ракӕнут, кӕй мӕ нӕ амардзыстут, уый тыххӕй». 13 Уыдон ын загътой: «Ницы дын кӕндзыстӕм, ӕрмӕстдӕр дӕ сбӕтдзыстӕм ӕмӕ дӕ филистимӕгты къухтӕм ратдзыстӕм, маргӕ дӕ нӕ акӕндзыстӕм». Дыууӕ ног бӕндӕнӕй йӕ сбастой ӕмӕ йӕ лӕгӕтӕй ракодтой. 14 Самсонимӕ куыддӕр Лехийы сахармӕ бахӕццӕ сты, афтӕ филистимӕгтӕ, хъӕргӕнгӕ, йӕ размӕ разгъордтой. Дунедарӕджы Уд Самсоныл ӕртыхсти. Йӕ къухтыл цы бӕндӕнтӕ уыди, уыдон гӕнау асыгъдысты, ӕмӕ йӕ къухтӕ феуӕгъд сты. 15 Самсон ауыдта, чи нӕма бахус, ахӕм хӕрӕджы ӕфсӕр. Фелвӕста йӕ ӕмӕ дзы мин филистимаджы амардта. 16 Самсон загъта: «Хӕрӕджы ӕфсӕрӕй ӕнӕнымӕц знӕгты ныццагътон, мин адӕймаджы хӕрӕджы ӕфсӕрӕй амардтон». 17 Уыцы ныхӕсты фӕстӕ хӕрӕджы ’фсӕр ныззыгъуытт кодта. Уыцы бынат та схуыдтой Рамат-Лехи. 18 Самсон дойныйӕ марди ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывта: «Ды мӕнӕн, дӕ цагъарӕн, балӕвар кодтай ацы стыр уӕлахиз. Уӕдӕ ныр дойныйӕ амӕлдзынӕн ӕмӕ ацы ӕнӕсунӕтты къухтӕм бахаудзынӕн?» 19 Уӕд Хуыцау Лехийы сахары цур айнӕджы цъасс байгом кодта, ӕмӕ дзы дон ракалди. Самсон йӕ дойны куы суагъта, уӕд ӕм йӕ хъару раздӕхт ӕмӕ йӕхимӕ ’рцыди. Лехийы раз цы суадон фӕзынд, уымӕн абоны онг дӕр ис ахӕм ном — Ен-ха-Коре. 20 Филистимӕгты заман Самсон ссӕдз азы дӕргъы уыди Израилы фӕтӕг. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia