Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Фӕтӕгтӕ 13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Самсоны райгуырд

1 Израилӕгтӕ та Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кодтой, ӕмӕ сӕ дыууиссӕдз азмӕ филистимӕгты дӕлбар бакодта.

2 Цорайы сахары цардис иу лӕг, Даны хӕдзарвӕндагӕй, йӕ ном хуынди Маноах. Йӕ бинойнаг уыдис ӕнӕзӕнӕг, цот ын нӕ цыди.

3 Дунедарӕджы зӕд Маноахы усмӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ды ӕнӕзӕнӕг дӕ, цот дын нӕй, фӕлӕ банхъӕлцау уыдзынӕ, ӕмӕ дын фырт райгуырдзӕни.

4 Бӕгӕны ӕмӕ сӕн ма бануаз, стӕй дӕхи нӕфӕтчиагӕй ма фӕхъӕстӕ кӕн.

5 Банхъӕлцау уыдзынӕ, ӕмӕ дын фырт райгуырдзӕн. Йӕ сӕрыхъуынтӕ макуы алвынӕд, уымӕн ӕмӕ йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ уыдзӕни Хуыцауы назир. Уый Израилы филистимӕгтӕй ирвӕзын кӕнын райдайдзӕн».

6 Сылгоймаг уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ лӕгмӕ азгъордта ӕмӕ йын загъта: «Хуыцауы минӕвар мӕм ӕрбацыд! Уый уыди Хуыцауы зӕды ӕнгӕс, стыр тас мыл бафтыдта йӕ уындӕй! Кӕцӕй ӕрцыди, уымӕй йӕ нӕ бафарстон, стӕй мын Йӕ ном дӕр не схъӕр кодта.

7 Уый мын загъта: „Банхъӕлцау уыдзынӕ, ӕмӕ дын фырт райгуырдзӕни. Бӕгӕны ӕмӕ сӕн ма бануаз, стӕй, цы хойраг фӕчъизи, уымӕй дӕхи ма фӕхъӕстӕ кӕн. Дӕ фырт йӕ райгуырдӕй йӕ амӕлӕты онг уыдзӕни Хуыцауы назир“».

8 Уӕд Маноах Дунедарӕгмӕ скуывта: «Дунедарӕг! Хуыцауы минӕвары ма нӕм ногӕй ӕрӕрвит ӕмӕ нын, цы саби райгуырдзӕн, уымӕн цы кӕнгӕ у, уый бамбарын кӕна».

9 Хуыцау Маноахы курдиат сӕххӕст кодта. Дунедарӕджы зӕд Маноахы бинойнагмӕ дыккаг хатт ӕргом рацыди. Уыцы рӕстӕг сылгоймаг бадти быдыры, Маноах йӕ разы нӕ уыди.

10 Уайтӕккӕ йӕ моймӕ азгъордта ӕмӕ йын загъта: «Амӕй размӕ цы лӕг ӕрбацыди, уый та ногӕй фӕзынди!»

11 Маноах уайтагъд фестад ӕмӕ йӕ усы фӕдыл атындзыдта. Лӕджы размӕ бацыдис ӕмӕ йӕ бафарста: «Мӕ бинойнагимӕ ныхас ды кодтай?» Уый йын дзуапп радта: «О, Ӕз».

12 Маноах та йӕ бафарста: «Дӕ ныхӕстӕ куы сӕххӕст уой, уӕд уыцы лӕппуйӕн куыд цӕргӕ уыдзӕн, цы хъуамӕ куса?»

13 Дунедарӕджы зӕд ын загъта: «Дӕ бинойнаг, тобӕ йын цӕмӕй загътон, уыдӕттӕй йӕхи бахъахъхъӕнӕд:

14 сӕн ӕмӕ бӕгӕны ма бануазӕд, сӕнӕфсир ӕмӕ нӕфӕтчиаг хӕринаджы хъӕстӕ ма фӕуӕд. Цыдӕриддӕр ын бафӕдзӕхстон, уыдон сӕххӕст кӕнӕд».

15 Маноах Дунедарӕджы зӕдӕн загъта: «Иу чысыл ма нӕм афӕстиат у, сӕныкк дын акусарт кӕнӕм».

16 Дунедарӕджы зӕд ын дзуапп радта: «Куы уӕм афӕстиат уон, уӕддӕр уын уӕ хӕринагӕй нӕ бахӕрдзынӕн. Фӕлӕ дӕ кӕд Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывонд ӕрхӕссын фӕнды, уӕд бакӕн афтӕ». Маноах нӕма ’мбӕрста, йӕ разы Дунедарӕджы зӕд кӕй лӕууы, уый,

17 ӕмӕ йӕ бафарста: «Дӕ ном куыд у? Дӕ ныхӕстӕ куы сӕххӕст уой, уӕд дын арфӕ ракӕндзыстӕм».

18 Дунедарӕджы зӕд ын загъта: «Мӕ номӕй мын цы кӕныс? Уый диссаг у».

19 Маноах сӕныччы, стӕй хойраджы хуынтӕ райста ӕмӕ къӕдзӕхыл Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывонд ӕрхаста. Маноах ӕмӕ йӕ ус сӕхи цӕстӕй федтой, Дунедарӕг цы диссаг сарӕзта, уый.

20 Нывондхӕссӕны сӕрмӕ арты ӕвзӕгтӕ хӕрдмӕ куы фӕцыдысты, уӕд Дунедарӕджы зӕд арты ӕвзӕгты ’хсӕн сӕ цӕстыты раз уӕларвмӕ ссыди. Сӕ дыууӕ дӕр зӕххыл ныддӕлгом сты.

21 Зӕд нал фӕзынди нӕдӕр Маноахмӕ, нӕдӕр йӕ бинойнагмӕ. Маноах бамбӕрста, Дунедарӕджы зӕд кӕй уыди, уый,

22 ӕмӕ йӕ усӕн загъта: «Мах амӕлдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ федтам Хуыцауы».

23 Фӕлӕ ус йемӕ не сразы ис: «Дунедарӕг нӕ марынмӕ куы хъавыдаид, уӕд нын нӕ иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ нӕ хойраджы хуынтӕ нӕ айстаид, стӕй нын ницы радзырдтаид, ӕмӕ ацы диссаг дӕр нӕ федтаиккам».

24 Сылгоймагӕн фырт райгуырди, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Самсон. Лӕппу рӕзыди Дунедарӕджы арфӕимӕ.

25 Дунедарӕджы Уд Самсоныл ӕртыхсти Махане-Даны, Цора ӕмӕ Ештаолы ’хсӕн.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan