Фӕтӕгтӕ 11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЙеффай 1 Галаадаг Йеффай уыди домбай хӕстон. Йӕ фыд — Галаад, йӕ ныййарӕг мад — хӕтаг сылгоймаг. 2 Галаадӕн ма йӕ бинойнаг ӕндӕр фырттӕ дӕр ныййардта, ӕмӕ уыдон куы байрӕзтысты, уӕд Йеффайы сӕ хӕдзарӕй ратардтой ӕмӕ йын загътой: «Ды нӕ фыды бынтӕй ницы айсдзынӕ, уымӕн ӕмӕ ӕндӕр мадӕй гуырд дӕ». 3 Йеффай йе ’фсымӕртӕй алыгъд ӕмӕ Товы бӕстӕйы ӕрцарди. Уым ыл алы дзӕгъӕлдзутӕ ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ иумӕ адӕмы стыгътой. 4 Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ израилӕгтӕм аммонӕгтӕ ӕрбабырстой. 5 Аммонӕгтӕ Израилы ныхмӕ куы схӕцыдысты, уӕд Галаады хистӕртӕ Йеффаймӕ Товы бӕстӕм ацыдысты 6 ӕмӕ йын загътой: «Раздӕх ӕмӕ у нӕ фӕтӕг, аммонӕгты ныхмӕ нӕ хӕстмӕ акӕн». 7 Йеффай Галаады хистӕртӕн дзуапп радта: «Раздӕр уын ӕнӕуынон куы уыдтӕн, мӕ фыды хӕдзарӕй мӕ куы ратардтат. Ныр фыдбылызы куы бахаудыстут, уӕд та мӕ ӕрцагуырдтат». 8 Галаады хистӕртӕ йын загътой: «Мах дӕм ӕрбацыдыстӕм, цӕмӕй нӕ аммонӕгты ныхмӕ хӕстмӕ акӕнай. Ды суыдзынӕ нӕ паддзах, ӕгас Галаады паддзах». 9 Йеффай загъта: «Хорз, ӕз раздӕхдзынӕн ӕмӕ уӕ аммонӕгты ныхмӕ хӕстмӕ акӕндзынӕн. Ӕмӕ мын кӕд Дунедарӕг уӕлахиз ратта, уӕд уӕ паддзах суыдзынӕн». 10 Галаады хистӕртӕ расомы кодтой: «Дунедарӕг не ’вдисӕн! Ард дын хӕрӕм, мах нӕ дзырд нӕ фӕсайдзыстӕм». 11 Йеффай Галаады хистӕртимӕ рацыдис. Адӕм дзы сӕхицӕн фӕтӕг загътой. Мицпайы Йеффай Дунедарӕджы раз ногӕй фехъусын кодта сӕ бадзырд. 12 Йеффай аммонӕгты паддзахмӕ минӕвӕрттӕ арвыста ахӕм фарстимӕ: «Цы дӕ хъӕуы мӕнӕй? Мӕ зӕхмӕ мын хӕстмӕ цӕмӕн цӕуыс?» 13 Аммонӕгты паддзах Йеффайы минӕвӕрттӕн дзуапп радта: «Израилӕгтӕ Мысырӕй куы рацыдысты, уӕд мын мӕ зӕххытӕ Арнонӕй Йавок ӕмӕ Иорданы онг бацахстой. Ратт мын сӕ фӕстӕмӕ ӕнӕмастӕй!» 14 Йеффай аммонӕгты паддзахмӕ ногӕй минӕвӕрттӕ арвыста, цӕмӕй йын зӕгъой: 15 «Афтӕ зӕгъы Йеффай: Израил моавӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгты зӕххытӕ никуы байста. 16 Израилӕгтӕ Мысырӕй куы рацыдысты, уӕд суанг Сырх денджызы онг ӕдзӕрӕг быдырыл фӕцыдысты. Кадешмӕ куы бахӕццӕ сты, 17 уӕд Едомы паддзахмӕ минӕвӕрттӕ барвыстой, дӕ зӕххыл нын ацӕуыны бар ратт, зӕгъгӕ, фӕлӕ сӕ Едомы паддзах нӕ бауагъта. Уӕд хатӕг барвыстой Моавы паддзахмӕ, фӕлӕ сӕ уый дӕр нӕ бауагъта. Израилӕгты бахъуыди Кадешы баззайын. 18 Уый фӕстӕ та ногӕй ӕдзӕрӕг быдырыл ацыдысты, Едом ӕмӕ Моавы рӕзты ахызтысты. Моавӕй скӕсӕнӕрдӕм араст сты ӕмӕ Арноны фале рӕсӕнуат скодтой, Моавы зӕхмӕ нӕ бахызтысты, афтӕмӕй. Арнон та ис Моавы арӕныл. 19 Израилӕгтӕ Хешбоны паддзах Сигонмӕ, аморӕгты паддзахмӕ, минӕвӕрттӕ арвыстой, нӕ бӕстӕм нӕ дӕ зӕххыл ацӕуын бауадз, зӕгъгӕ, 20 фӕлӕ сын Сигон бар нӕ радта. Йе ’фсад иууылдӕр ӕрӕмбырд кодта, Йахацмӕ хӕстӕг рӕсӕнуат скодта ӕмӕ израилӕгтимӕ схӕцыди. 21 Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, Сигоны йе ’ппӕт ӕфсадимӕ израилӕгты къухтӕм радта, ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз сты, уыцы бӕстӕйы цы аморӕгтӕ цардысты, уыдонӕн сӕ зӕххытӕ иууылдӕр бацахстой. 22 Аморӕгты зӕххытӕ Арнонӕй Йавочы онг, стӕй ӕдзӕрӕг быдырӕй Иорданы онг сӕхи бакодтой. 23 Афтӕ Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, уыцы зӕххытӕ аморӕгтӕй байста ӕмӕ сӕ радта йӕ адӕмӕн, Израилӕн. Ӕмӕ нын сӕ ныр ды та байсынмӕ хъавыс? 24 Дӕ хуыцау Кемош дын кӕй радта, уыцы зӕххытӕ дӕ къухы не сты? Уӕдӕ махӕн дӕр нӕ Хуыцау, Дунедарӕг, цы зӕххытӕ радта, уыдон нӕ бар сты. 25 Ды Моавы паддзахӕй, Ципоры фырт Балакӕй цӕмӕй хуыздӕр дӕ? Ӕмӕ уый Израилимӕ тох никуы кодта, никуы хӕцыд йӕ ныхмӕ! 26 Израилӕгтӕ Хешбон ӕмӕ йӕ алыварс хъӕуты, Ароер ӕмӕ йӕ алыварс хъӕуты, стӕй Арноны дон-дон цы хъӕутӕ ис, уыдоны ныридӕгӕн ӕртӕсӕдӕ азы цӕрынц. Ӕмӕ нӕ уӕд ацы зӕххытӕ раздӕр цӕуылнӕ истай? 27 Ӕз дӕу ницӕмӕй бафхӕрдтон, ды та мын аразыс фыдбылыз — мӕ ныхмӕ хӕстмӕ рацыдтӕ. Уӕдӕ ныр израилӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгты хъаст Дунедарӕг — Тӕрхонгӕнӕг — равзарӕд Йӕхӕдӕг!» 28 Аммоны паддзах Йеффайы ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардта. 29 Дунедарӕджы Уд Йеффайыл ӕртыхсти. Галаад ӕмӕ Менассиайы зӕххыл ацыд, бахӕццӕ ис Мицпайы сахармӕ. Уырдыгӕй аммонӕгты ныхмӕ хӕстмӕ рацыди. 30 Йеффай Дунедарӕгӕн дзырд радта: «Аммонӕгты мын мӕ къухмӕ куы радтай 31 ӕмӕ уӕлахизимӕ куы раздӕхон, уӕд Дын, мӕ хӕдзарӕй мӕ размӕ фыццаг чи рацӕуа, уый иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕсдзынӕн!» 32 Йеффай аммонӕгтӕм бабырста, ӕмӕ йын Дунедарӕг уӕлахиз радта. 33 Аммонӕгты ссӕдз хъӕуы ныддӕрӕн кодта — Ароерӕй Миннит ӕмӕ Авел-Керамимы онг. Афтӕмӕй израилӕгтӕ аммонӕгтыл фӕуӕлахиз сты. Йеффайы чызг 34 Йеффай ӕрыздӕхтис йӕ хӕдзармӕ, Мицпайы сахармӕ. Йӕ размӕ, кафгӕ ӕмӕ дзӕнгӕрджытӕй цӕгъдгӕ, рацыди йӕ чызг. Уый уыдис йӕ иунӕг чызг, цотӕй йын ӕндӕр ницы уыди. 35 Куы йӕ ауыдта, уӕд йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Ехх, мӕ чызг, уый мын цы бакодтай! Сау бӕллӕхы мӕ куы баппӕрстай! Ӕз Дунедарӕгӕн дзырд радтон ӕмӕ йӕ мӕ бон нӕ сӕххӕст кӕнын нӕу!» 36 Чызг ын дзуапп радта: «Мӕ фыд! Кӕд Дунедарӕджы раз сомы ракодтай, уӕд дӕ сомы сӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ дын Дунедарӕг балӕвар кодта уӕлахиз, ӕмӕ де знӕгтӕй, аммонӕгтӕй, дӕ маст райстай». 37 Стӕй ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ӕрмӕст мӕм иу курдиат ис: дыууӕ мӕйы-ма банхъӕлмӕ кӕс. Ӕз ме ’мбӕлттимӕ хӕхтӕм ацӕудзынӕн ӕмӕ уым фӕкӕудзынӕн мӕ хъысмӕтыл — мойы ад кӕй нӕ базондзынӕн, ууыл». 38 Йӕ фыд ын загъта: «Хорз, ацу». Ӕмӕ йӕ дыууӕ мӕйы ’мгъуыдмӕ ауагъта. Чызг йе ’мбӕлттимӕ хӕхтӕм ацыд ӕмӕ куыдта йӕ хъысмӕтыл, нӕлгоймаджы ад кӕй нӕ базондзӕнис, ууыл. 39 Дыууӕ мӕйы фӕстӕ йӕ фыдмӕ ӕрыздӕхти. Фыд йӕ сомы сӕххӕст кодта, ӕмӕ чызг нӕлгоймаджы ад нӕ базыдта. Уӕдӕй нырмӕ израилӕгтӕм фӕзынди ахӕм ӕгъдау: 40 алы аз дӕр чызджытӕ цыппар бонмӕ ацӕуынц хӕхтӕм ӕмӕ фӕкӕуынц галаадаг Йеффайы чызджы хъысмӕтыл. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia