Фӕтӕгтӕ 10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Авимелехы фӕстӕ Израилы ирвӕзынгӕнӕг сси Додойы фырты фырт, Пуайы фырт Тола, Иссахары хӕдзарвӕндагӕй. Уый царди Шамиры, Ефремы хӕхты. 2 Ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз азы дӕргъы Тола уыдис Израилы фӕтӕг. Куы амарди, уӕд ӕй Шамиры баныгӕдтой. 3 Толайы фӕстӕ дыууӕ ӕмӕ ссӕдз азы Израилы фӕтӕг уыди галаадаг Иаир. 4 Уыдис ын дӕс ӕмӕ ссӕдз фырты, алкӕмӕ дӕр дзы уыди хӕрӕг, уыди сӕм дӕс ӕмӕ ссӕдз хъӕуы. Абоны онг уыцы хъӕутӕ сты Галаады ӕмӕ сӕ хонынц Иаиры хъӕутӕ. 5 Иаир куы амарди, уӕд ӕй Камоны баныгӕдтой. 6 Израилӕгтӕ ногӕй Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кӕнын райдыдтой: лӕггад кодтой Баалтӕ ӕмӕ Астартӕтӕн, арамейӕгты хуыцӕуттӕн, сидойнӕгтӕ, моавӕгтӕ, аммонӕгтӕ ӕмӕ филистимӕгты хуыцӕуттӕн. Ферох кодтой Дунедарӕджы, нал Ын лӕггад кодтой. 7 Дунедарӕг смӕсты ис Израилмӕ ӕмӕ сӕ филистимӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгты къухмӕ радта. 8 Уыдон сӕ ссӕстой ӕмӕ сӕ хурхӕй мардтой. Ӕстдӕс азы дӕргъы израилӕгтӕй Иорданы фале, Галаады, аморӕгты зӕххыл чи царди, уыдоны уӕлӕмӕ скӕсын дӕр нал суагътой. 9 Аммонӕгтӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ бахызтысты, цӕмӕй Иудӕ, Бениамин ӕмӕ Ефремы фӕдонтӕм бабырсой. Израилӕгтӕ тынг уӕззау уавӕры бахаудысты, 10 ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывтой: «Тӕригъӕдджын стӕм Дӕ разы! Нӕ Хуыцауы ныууагътам ӕмӕ Баалтӕн лӕггад кӕнын райдыдтам!» 11 Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Сымах ӕфхӕрдтой мысырӕгтӕ, аморӕгтӕ, аммонӕгтӕ, филистимӕгтӕ, 12 сидойнӕгтӕ, амалекӕгтӕ ӕмӕ Маоны цӕрджытӕ. Куыддӕр-иу Мӕм сдзынӕзтат, афтӕ-иу уӕ Ӕз алкӕддӕр фервӕзын кодтон. 13 Фӕлӕ та-иу Мӕ сымах ныууагътат ӕмӕ-иу ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын райдыдтат. Уый тыххӕй уӕ Ӕз дӕр нал ирвӕзын кӕндзынӕн. 14 Ацӕут ӕмӕ, уӕхицӕн цы хуыцӕутты равзӕрстат, уыдонмӕ дзыназут. Уыдон уӕ фыдбылызӕй фервӕзын кӕнӕнт!» 15 Израилӕгтӕ Дунедарӕгӕн загътой: «Тӕригъӕд ракодтам. Цы Дӕ фӕнды, уый нын сараз, ӕрмӕст нӕ ныр фервӕзын кӕн». 16 Ӕмӕ ныууагътой ӕцӕгӕлон хуыцӕутты, раздӕрау лӕггад кодтой Дунедарӕгӕн. Дунедарӕджы бон нал уыд Израилы хъизӕмӕрттӕм кӕсын. 17 Аммонӕгтӕ хӕстмӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Галаады рӕсӕнуат скодтой. Израилӕгты рӕсӕнуат та уыди Мицпамӕ хӕстӕг. 18 Галаады хицӕуттӕ ӕмӕ ӕфсӕддонтӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Аммонӕгты ныхмӕ нӕ хӕстмӕ чи акӕна, уый Галаады хицау суыдзӕнис». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia