Фӕтӕгтӕ 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Йешуайы мӕлӕты фӕстӕ израилӕгтӕ Дунедарӕджы бафарстой: «Ханааны ныхмӕ хӕцынмӕ нӕ чи акӕндзӕн?» 2 Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Иудӕйы байзӕддӕгтӕ. Ӕз сын ацы зӕхх сӕ къухмӕ дӕттын». 3-4 Уӕд Иудӕйы фӕдонтӕ се ’фсымӕртӕн, Симеоны байзӕддӕгтӕн, загътой: «Цомут немӕ, нӕ зӕххы хай байсынмӕ нын баххуыс кӕнут, ханаанӕгты ныхмӕ немӕ хӕстмӕ рацӕут. Мах дӕр уемӕ ацӕудзыстӕм уӕ зӕххы хай байсынмӕ». Ӕмӕ Симеоны байзӕддӕгтӕ ацыдысты семӕ. Иудӕйы фӕдонтӕ араст сты балцы. Дунедарӕг сын радта уӕлахиз, ханаанӕгтӕ ӕмӕ периззӕгты басастой, Безекы сахары дӕс мин лӕджы амардтой. 5 Адони-Безекыл сахары сӕмбӕлдысты ӕмӕ йемӕ схӕцыдысты, ханаанӕгтӕ ӕмӕ периззӕгты ныддӕрӕн кодтой. 6 Адони-Безек алыгъди, фӕлӕ йӕ фӕсте асырдтой, ӕрцахстой йӕ ӕмӕ йын йӕ къухтӕ ӕмӕ къӕхты стыр ӕнгуылдзтӕ ныллыг кодтой. 7 Уӕд Адони-Безек загъта: «Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз паддзахы, сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхты стыр ӕнгуылдзтӕ уыдысты лыг, афтӕмӕй мӕ фынджы бын уӕлдӕйттӕ уыгътой; мӕхӕдӕг иннӕтӕн цытӕ кодтон, уыдӕттӕ мын Хуыцау мӕхицӕн дӕр бавзарын кодта». Израилӕгтӕ Адони-Безекы Йерусалиммӕ акодтой, ӕмӕ уым амарди. 8 Иудӕйы байзӕддӕгтӕ Йерусалиммӕ бабырстой ӕмӕ йӕ бацахстой, йӕ цӕрджыты йын ныццагътой, сахар та басыгътой. 9 Уый фӕстӕ хӕхты, Негев ӕмӕ Шефелайы чи цард, уыцы ханаанӕгты ныхмӕ хӕцынмӕ ацыдысты. 10 Хевроны цӕрӕг ханаанӕгтӕм бабырстой (раздӕр Хеврон Кирйат-Арба хуынди) ӕмӕ амардтой Шешай, Ахиман ӕмӕ Талмайы. 11 Уырдыгӕй ацыдысты Девиры ныхмӕ хӕцынмӕ. Девир раздӕр хуынди Кирйат-Сефер. 12 Калев загъта: «Кирйат-Сефермӕ чи бабырса ӕмӕ йӕ чи бацахса, уымӕн мӕ чызг Ахсайы ратдзынӕн». 13 Сахар бацахста Гофниел, Калевы кӕстӕр ӕфсымӕр Кеназы фырт, ӕмӕ йын Калев йӕ чызг Ахсайы радта. 14 Йӕ ацыды размӕ Ахса Гофниелӕн балӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын йӕ фыдӕй зӕххы хай ракура. Чызг куыддӕр хӕрӕгӕй ӕрхызт, афтӕ йӕ Калев бафарста: «Цы дӕ хъӕуы?» 15 Уый загъта: «Дӕ хорзӕх мӕ уӕд, Негевы мын зӕххы хай радтай, ӕмӕ мын ӕххӕст донгуырӕнтӕ дӕр ратт». Ӕмӕ йын Калев уӕллаг ӕмӕ дӕллаг донгуырӕнтӕ радта. 16 Моисейы каисы фӕдонтӕ, кенӕгтӕ, Иудӕйы байзӕддӕгтимӕ Пальмӕты сахарӕй ацыдысты иудейаг ӕдзӕрӕг быдыр Негевмӕ ӕмӕ уым Арады хуссарварс бынӕттон адӕмы ’хсӕн ӕрцардысты. 17 Иудӕйы байзӕддӕгтӕ ӕмӕ Симеоны фӕдонтӕ, Цефаты цы ханаанӕгтӕ царди, уыдоны ныхмӕ схӕцыдысты ӕмӕ сӕ ныццагътой. Сахар ӕлгъыстаг фӕкодтой ӕмӕ дзы дур дурыл нал ныууагътой. Уӕдӕй нырмӕ сахары ном хуыйны Хорма. 18 Иудӕ бацахста Газӕ ӕмӕ, йӕ алфамбылай цы сахартӕ ис, уыдон, стӕй Ашкелон, Екрон ӕмӕ сӕ алфамбылай зӕххытӕ. 19 Дунедарӕг уыди Иудӕйы фарс, ӕмӕ хӕхты цӕрӕг адӕмтыл фӕуӕлахиз сты, фӕлӕ дӕлвӕзы чи цард, уыдоны нӕ басастой, уымӕн ӕмӕ сӕм уыди ӕфсӕн уӕрдӕттӕ. 20 Калевӕн радтой Хеврон, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ, ӕмӕ йӕ Анакы ӕртӕ байзӕддагӕй байста. 21 Бениамины байзӕддӕгтӕ йевусӕгтӕй Йерусалимы сахар нӕ байстой, ӕмӕ йевусӕгтӕ абоны онг Бениамины байзӕддагимӕ Йерусалимы цӕрынц. 22 Йосефы фӕдонтӕ Вефилмӕ хӕстмӕ ацыдысты. Дунедарӕг уыди семӕ. 23 Йосефы байзӕддӕгтӕ Вефилы сахармӕ дардӕй сӕ цӕст дардтой. Уыцы сахар раздӕр Луз хуынди. 24 Иу лӕджы дзы рацӕугӕ куы федтой, уӕд ын загътой: «Сахармӕ кӕуылты бахизӕм, уый нын бацамон, ӕмӕ дын дӕ хорз хорзӕй бафиддзыстӕм». 25 Лӕг сын, кӕуылты бахъуызой, уый бацамыдта, ӕмӕ сахар ныддӕрӕн кодтой, йӕ цӕрджыты йын ныццагътой. Уыцы лӕджы та йе ’ппӕт мыггагимӕ ауагътой. 26 Уый ацыди хеттӕгты зӕхмӕ ӕмӕ уым сахар сарӕзта, схуыдта йӕ Луз. Уыцы сахар абоны онг дӕр афтӕ хуыйны. 27 Менассиайы байзӕддӕгтӕ Бет-Шеан, Таанах, Дор, Ивлеам ӕмӕ Мегиддо, стӕй сӕ алыварс цы хъӕутӕ уыди, уыдон нӕ бацахстой. Ханаанӕгтӕ уыцы хъӕуты цӕргӕйӕ баззадысты. 28 Фӕстӕдӕр израилӕгтӕ, куы фӕтыхджындӕр сты, уӕд ханаанӕгтӕй хъалон исын райдыдтой, фӕлӕ сын уӕддӕр сӕ зӕххытӕ нӕ бацахстой. 29 Ефремы фӕдонтӕ нӕ фӕуӕлахиз сты Гезеры цӕрӕг ханаанӕгтыл. Ханаанӕгтӕ Гезеры, Ефремы зӕххы хайыл, цӕргӕйӕ баззадысты. 30 Зевулоны байзӕддӕгтӕ Китрон ӕмӕ Нахалолы сахартӕ нӕ басастой. Ханаанӕгтӕ Зевулоны зӕххы хайыл цӕргӕйӕ баззадысты, фӕлӕ сын хъалон фыстой. 31 Асиры байзӕддӕгтӕ Ако, Сидон, Ахлав, Ахзив, Хелба, Афик ӕмӕ Реховы цӕрджытыл нӕ фӕуӕлахиз сты. 32 Асиры фӕдонтӕ уыцы бӕстӕйы ханаанӕгты ’хсӕн ӕрцардысты, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ басастой. 33 Неффалимы байзӕддӕгтӕ дӕр Бет-Шемеш ӕмӕ Бет-Анаты сахартӕ нӕ бацахстой ӕмӕ, уыцы ран цы ханаанӕгтӕ цардис, уыдоны ’хсӕн ӕрцардысты. Фӕлӕ сын Бет-Шемеш ӕмӕ Бет-Анаты цӕрджытӕ хъалон фыстой. 34 Даны фӕдонты аморӕгтӕ хӕхты ’рдӕм ассӕстой ӕмӕ сӕ дӕлвӕзмӕ ӕрцӕуын нӕ уагътой, Данӕн та йӕ зӕххы хай дӕлвӕзы уыди. 35 Аморӕгтӕ Хар-Херес, Айалон ӕмӕ Шаалвимы цӕргӕйӕ баззадысты, фӕлӕ Йосефы байзӕддӕгтӕ, куы стыхджын сты, уӕд аморӕгтӕй хъалон исын райдыдтой. 36 Аморӕгты зӕххытӕ аххӕссыдысты Акрабимы къуыбыр ӕмӕ Селайӕ дарддӕр. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia