Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Фӕлхатгонд ӕгъдау 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Дунедарӕг уӕ ӕдзӕрӕг быдыры куыд кодта, уый уӕ зӕрдыл дарут

1 Абон уын ӕз кӕй дзурын, ӕппӕт уыцы фӕдзӕхстытӕ лӕмбынӕг ӕххӕст кӕнут, цӕмӕй сӕрӕгас уат ӕмӕ уӕ мыггаг сбирӕ уа, цӕмӕй фӕцӕуат ӕмӕ, Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый уӕхи бакӕнат.

2 Ӕртасын уӕ кӕныны ӕмӕ, Йӕ фӕдзӕхстытӕн уӕ зӕрдӕйы цы бынат ис, уый базоныны охыл уӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры цы фӕндагыл фӕкодта, уый уӕ рох ма уӕд.

3 Фӕлвӕрдта уӕ Уый алы хуызты, стонг заман уын ӕвзарын кодта ӕмӕ, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй никуы федтат, уыцы маннӕ уын хӕрын кодта, цӕмӕй уын равдиса: айдагъ дзулӕй нӕ цӕры адӕймаг, фӕлӕ Дунедарӕджы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр.

4 Уыцы дыууиссӕдз азы дӕргъы уӕ дарӕс дӕр нӕ лӕзӕрыди, уӕ къӕхтӕ дӕр нӕ рӕсыдысты.

5 Уӕдӕ фидарӕй зонут, лӕг йӕ фырты раст фӕндагыл куыд араза, афтӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, раст фӕндагыл цӕуын ахуыр кӕны сымах дӕр.

6 Уӕдӕ ӕххӕст кӕнут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕ, Йӕ фӕндӕгтыл цӕут, ӕмӕ уӕм Хуыцауы тас уӕд.

7 Уымӕн ӕмӕ уӕ диссаджы бӕстӕм кӕны Дунедарӕг, уӕ Хуыцау: бирӕ цӕугӕдӕттӕ кӕм ис, йӕ хӕхтӕ ӕмӕ йӕ дӕлвӕзты суадӕттӕ кӕмӕн абузынц;

8 мӕнӕу ӕмӕ хъӕбӕрхоры, сӕнӕфсир, легъуи ӕмӕ гранатты, оливӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ мыды чыргъӕдты бӕстӕм;

9 къӕбӕрцух кӕм нӕ уыдзыстут, хъуаг кӕм ницӕмӕй ӕййафдзыстут, ахӕм бӕстӕм; йӕ дурты ӕфсӕйнаг кӕмӕн ис, йӕ хӕхты ӕрхуы кӕмӕн амал кӕндзыстут, ахӕм бӕстӕм.

10 Ӕмӕ-иу куы бахӕрат ӕмӕ куы бафсӕдат, уӕд-иу кӕддӕриддӕр арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ахӕм диссаджы бӕстӕ уын кӕй радта, уый тыххӕй.


Тӕрсут уӕхиуыл фервӕссын ӕмӕ Дунедарӕджы ферох кӕнынӕй

11 Макуы уӕ ферох уӕд Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕмӕ Йын макуы ахизут Йӕ фӕдзӕхстытӕ, Йе ’гъдӕуттӕ ӕмӕ Йӕ уагӕвӕрдты сӕрты, мӕнӕ уын абон кӕй хъусын кӕнын, уыдоны сӕрты.

12 Уе стонг куы басӕттат, хорз хӕдзӕрттӕ куы саразат ӕмӕ уыл цард куы ’рхӕца,

13 уе стуртӕ ӕмӕ фысвосӕн сӕ нымӕц куынӕуал зонат, ӕвзист ӕмӕ уӕм сыгъзӕрин куы сбирӕ уой, алцыдӕр уӕм бирӕ куы уа,

14 уӕд, чи зоны, уӕхиуыл фервӕссат ӕмӕ уӕ ферох уа, Мысырӕй, уацарӕй уӕ Чи ракодта, Уыцы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау.

15 Уый уӕ ракодта, цӕст кӕуыл не ’ххӕссы, ахӕм тасӕфтауӕг ӕдзӕрӕг быдырыл, хус ӕмӕ ӕнӕдон зӕххыл, маргджын кӕлмытӕ ӕмӕ уырынгонты ӕхсӕнты, айнӕг къӕдзӕхы риуӕй уын дон рауагъта.

16 Уӕ фыдӕлтӕ кӕй никуы зыдтой, уыцы маннӕ уын хӕрын кодта ӕдзӕрӕг быдыры, цӕмӕй уӕ сӕрныллӕг скӕна, бафӕлвара уӕ ӕмӕ уын уый фӕстӕ хорздзинад ракӕна.

17 Афтӕ ма ’нхъӕлут, ӕмӕ уӕхи уды фыдӕбон ӕмӕ уӕхи хъаруйӕ самал кодтат ӕппӕт ацы мулк.

18 Рох уӕ ма уӕд Дунедарӕг, уӕ Хуыцау: Уый абон дӕр уӕ фыдӕлтимӕ бадзырд нӕ сайы ӕмӕ уын хъару дӕтты, цӕмӕй мулкыл фӕхӕст уат.

19 Сымах Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, куы ферох кӕнат ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл куы адзӕгъӕл уат, уӕд, кӕй бабын уыдзыстут, уый уын ӕз абон рагацау зӕгъын.

20 Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, куынӕ хъусат, уӕд сымахӕн дӕр, мӕнӕ уӕ цӕстыты раз бындзагъд кӕй кӕны, уыцы адӕмтау зӕххыл уӕ кой дӕр нал баззайдзӕн.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan