Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Фӕлхатгонд ӕгъдау 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уый уын уыцы фӕдзӕхстытӕ, фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, афтӕ кӕмӕй загъта, бацамон сын сӕ ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕной, сӕхи бакӕнынмӕ цы бӕстӕм цӕуынц, уым.

2 Тӕрсут Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, ӕмӕ Йын цӕрӕнбонты ӕххӕст кӕнут, ӕз уын кӕй амонын, Йӕ уыцы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ, — уӕхӕдӕг дӕр, уӕ цот дӕр ӕмӕ уӕ цоты цот дӕр, цӕмӕй бирӕ фӕцӕрат.

3 Уӕдӕ байхъусут, израилӕгтӕ, ӕмӕ архайут уыдӕттӕ ӕххӕст кӕныныл, цӕмӕй райгонд уат ӕмӕ сбирӕ уат, Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, сымахӕн ныфс кӕмӕй бавӕрдта, ӕхсыр ӕмӕ мыд цы зӕххӕй хъары, ууыл.

4 Байхъус, Израил! Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, у иунӕг Хуыцау!

5 Уарз Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт уд ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ.

6 Ӕмӕ уын ӕз абон кӕй фӕдзӕхсын, уыцы ныхӕстӕ арф бавӕрут уӕ зӕрдӕйы.

7 Дзурут ӕмӕ сӕ дзурут уӕ цотӕн, фӕлхат сӕ кӕнут, хӕдзары бадгӕйӕ ӕмӕ фӕндагыл цӕугӕйӕ, хуыссӕны ӕрхуысгӕйӕ ӕмӕ хуыссӕнӕй растгӕйӕ.

8 Уӕ къухыл сӕ бабӕттут нысанау, уӕ ныхыл сӕ ӕрбабӕттут.

9 Ныффыссут сӕ уӕ хӕдзӕртты уӕлкъӕсӕртыл ӕмӕ уӕ сахары кулдуӕрттыл.

10 Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымах бакӕндзӕн, уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, уырдӕм. Уым — стыр ӕмӕ дидинӕфтыд сахартӕ, сымах кӕй нӕ сарӕзтат;

11 алы мулкӕй йемыдзаг хӕдзӕрттӕ, сымах кӕй нӕ байдзаг кодтат; цъайтӕ, сымах кӕй не скъахтат; сӕндӕттӕ ӕмӕ оливӕ бӕласы къохтӕ, сымах кӕй нӕ ныссагътат. Уым хӕрдзыстут ӕмӕ бафсаддзыстут уӕхи.

12 Кӕсут-иу уӕхимӕ — цагъартӕ кӕм уыдыстут, уыцы Мысырӕй уӕ Чи ракодта, Уыцы Дунедарӕджы-иу ма ферох кӕнут.

13 Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, тӕрсут, ӕрмӕстдӕр Уымӕн лӕггад кӕнут ӕмӕ Йӕ номӕй сомы кӕнут.

14 Уӕ алыварс адӕмты хуыцӕуттӕй макӕй фӕдыл цӕут!

15 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уе ’хсӕн Чи ис, Уый, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау у. Йӕ маст куы рафыца, уӕд уӕ зӕххы цъарӕй фесафдзӕн.

16 Ма фӕлварут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, Массайы йӕ куыд фӕлвӕрдтат, афтӕ.

17 Макуы хизут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ныхасы сӕрты, кӕддӕриддӕр ӕххӕст кӕнут, Уый уын цы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ бафӕдзӕхста, уыдон.

18 Дунедарӕджы цӕсты раст ӕмӕ хорзыл нымад цы у, уыдӕттӕ кӕнут, цӕмӕй ӕнӕмастӕй цӕрат, бацӕуат ӕмӕ уӕхи бакӕнат, Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы бӕркадджын бӕстӕй бавӕрдта, уый,

19 цӕмӕй уын уе знӕгты уӕ цурӕй фесафа. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг.


Хуыцауы Ӕгъдауыл ахуыр кӕнут уӕ цоты

20 Сомбон уӕ куы фӕрсой уӕ цот, Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, сымахӕн цы фӕдзӕхстытӕ, фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ лӕвӕрд ис, уыдоны нысаниуӕгӕй,

21 уӕд-иу сын зӕгъут: „Мах цагъартӕ уыдыстӕм Мысыры паддзахӕн, ӕмӕ нӕ Йӕ хъомысы фӕрцы ракодта Дунедарӕг Мысырӕй;

22 Дунедарӕг нӕ цӕстыты раз равдыста ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ, Мысыры бӕстӕ, фараон ӕмӕ йын йе ’ппӕт хӕдзаронты чи бабын кодта, уыдон;

23 мах та ракодта уырдыгӕй, цӕмӕй нӕ ӕрбакӕна, нӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уырдӕм.

24 Дунедарӕг нын бафӕдзӕхста ӕппӕт ацы уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын ӕмӕ Дунедарӕгӕй, нӕ Хуыцауӕй, тӕрсын, цӕмӕй цӕрӕнбонты ӕнӕмаст уӕм ӕмӕ сӕрӕгасӕй баззайӕм, мӕнӕ абон куыд у, афтӕ.

25 Рӕстгӕнджытыл нымад уӕд уыдзыстӕм, ӕппӕт ацы фӕдзӕхстытӕ Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, раз, Уый нын куыд загъта, афтӕ куы ӕххӕст кӕнӕм“.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan