Фӕлхатгонд ӕгъдау 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстДунедарӕджы фидыд израилӕгтимӕ Хоревы 1 Моисей фӕдзырдта ӕппӕт Израилы адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Байхъусут, израилӕгтӕ, абон уын ӕз цы фӕтк ӕмӕ цы уагӕвӕрдты тыххӕй дзурын, уыдонмӕ. Сахуыр сӕ кӕнут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут. 2 Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, фидыд сарӕзта немӕ Хоревы. 3 Нӕ фыдӕлтимӕ нӕ сарӕзта уыцы фидыд Дунедарӕг, фӕлӕ немӕ, абон цардӕгас чи у, ӕппӕт уыдонимӕ. 4 Лӕгӕй-лӕгмӕ ныхас кодта Дунедарӕг уемӕ хохы сӕр, арты хуылфӕй. 5 Уыцы рӕстӕг ӕз та Дунедарӕгӕй сымах ӕхсӕн лӕууыдтӕн, цӕмӕй уын Дунедарӕджы ныхӕстӕ дзурон, уымӕн ӕмӕ сымах, артӕй тӕрсгӕйӕ, хохы сӕрмӕ ссӕуын нӕ уӕндыдыстут. Уый загъта: Дӕс фӕдзӕхсты 6 „Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цагъартӕ кӕм уыдыстут, уыцы Мысырӕй уӕ чи ракодта, Уый. 7 Мӕн йеддӕмӕ уын ӕндӕр хуыцӕуттӕ ма уӕд. 8 Ма аразут гуымирытӕ уӕхицӕн — нӕдӕр уӕлейӕ, арвыл, нӕдӕр бынӕй, зӕххыл, нӕдӕр зӕххӕй дӕлдӕр, доны чи цӕры, исты ахӕм цӕрӕгойы хуызы. 9 Ма сын кувут ӕмӕ сын ма лӕггад кӕнут, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау; йӕхи Мыл чи атигъ кодта, уыдоны тӕригъӕдтӕ фидын кӕнын сӕ байзӕддӕгтӕн, ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг. 10 Чи Мӕ уарзы ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн та сӕ тъымы-тъыма дӕр хайджын у Мӕ хорзӕхӕй. 11 Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ном хъӕуа-нӕ хъӕуа ма дзур: афтӕ чи кӕны, уымӕн ӕй Дунедарӕг нӕ ныббардзӕн. 12 Бӕрӕг кӕн сабат, уазыл дӕм уӕд нымад, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕуӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 13 Ӕхсӕз боны кус, дӕ алы хъуыддаг кӕн. 14 Ӕвдӕм бон та — сабат; уый Дунедарӕджы у, дӕ Хуыцауы. Мацы куыст кӕн: ды дӕр, дӕ фырт дӕр, дӕ чызг дӕр, дӕ цагъар дӕр (нӕлгоймаг уа ӕви сылгоймаг), дӕ гал, дӕ хӕрӕг, дӕ алы фос дӕр, дӕ фарсмӕ цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг дӕр. Дӕуау сӕ фӕллад суадзӕнт дӕ цагъартӕ дӕр сылгоймагӕй, нӕлгоймагӕй. 15 Дӕ зӕрдыл дар, ды цагъар кӕй уыдтӕ Мысыры, ӕмӕ дыл Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ арм кӕй дардта ӕмӕ дӕ Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы уырдыгӕй кӕй ракодта. Уый тыххӕй дын бафӕдзӕхста Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, сабат нымайын. 16 Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕуӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ, цӕмӕй уай фӕрнджын ӕмӕ бирӕ фӕцӕрай, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕуӕн кӕй радта, уыцы зӕххыл. 17 Ма амар. 18 Ма хӕт. 19 Ма дав. 20 Искӕй ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕу. 21 Ма бабӕлл искӕй усмӕ, искӕмӕн ма бабӕлл мадӕр йӕ хӕдзармӕ, мадӕр — йӕ хуыммӕ, мадӕр — йӕ цагъартӕм, мадӕр — йӕ галмӕ, мадӕр — йӕ хӕрӕгмӕ. Искӕй исӕй мацӕмӕ бабӕлл“. 22 Уыцы ныхӕстӕ Дунедарӕг хохы сӕр арт, мигъ ӕмӕ саудалынджы хуылфӕй ӕрвнӕрӕгау уе ’ппӕтмӕ радзырдта. Ӕндӕр сӕм ницыуал бафтыдта. Дыууӕ къӕйдурыл фыстӕй мӕм сӕ радта. Адӕмы тас бацыди 23 Ӕмӕ саудалынджы арфӕй хъӕлӕс куы фехъуыстат, уӕд хох арты сыгъди, ӕмӕ мӕм уырдӕм ӕрбацыдыстут сымах, мыггӕгты хистӕртӕ ӕмӕ зӕрӕдтӕ. 24 Ӕмӕ загътат: „Мӕнӕ нын равдыста Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, Йӕ кад ӕмӕ Йӕ хъомыс. Арты хуылфӕй Йын фехъуыстам Йӕ хъӕлӕс. Абон мах федтам, Хуыцау адӕймагимӕ кӕй дзырдта, ӕмӕ адӕймаг удӕгасӕй кӕй баззади, уый. 25 Фӕлӕ цӕмӕн хъуамӕ амӕлӕм ныр? Ацы пиллон арт нӕ аныхъуырдзӕн ӕмӕ амӕлдзыстӕм, Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, хъӕлӕс ма куы фехъусӕм, уӕд. 26 Уымӕн ӕмӕ ма искуыдӕр фендӕуыд, цӕмӕй адӕймаг махау удӕгас Хуыцауы хъӕлӕс фехъуса арты хуылфӕй ӕмӕ удӕгасӕй баззайа? 27 Ды хӕстӕг бацу ӕмӕ хъус, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, цы зӕгъдзӕни, уымӕ. Уый фӕстӕ нын радзурдзынӕ, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, цыдӕриддӕр зӕгъа, ӕппӕт уыдӕттӕ, мах та сӕм хъусдзыстӕм ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕндзыстӕм“. 28 Ӕмӕ уын Дунедарӕг фехъуыста уӕ ныхӕстӕ, мемӕ куы дзырдтат, уӕд, ӕмӕ мын загъта Дунедарӕг: „Ӕз фехъуыстон ацы адӕмы ныхӕстӕ, демӕ куы дзырдтой, уӕд. Раст дзурынц. 29 Тӕхуды, сӕ зӕрдӕты ӕцӕгдӕр тас куы уаид Мӕнӕй, ӕмӕ Мын кӕддӕриддӕр Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕниккой, цӕмӕй сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр амондджын уой мыггагмӕ! 30 Цу, зӕгъ сын, цӕмӕй сӕ цатыртӕм аздӕхой. 31 Ды та лӕуу ам, Мӕ цуры, ӕмӕ дын Ӕз фехъусын кӕнон ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ, фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, цӕмӕй сын сӕ ды бамбарын кӕнай ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕной, цӕрынӕн сын цы бӕстӕ дӕттын, уым“. 32 Уӕхимӕ кӕсут уӕдӕ, ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, куыд бафӕдзӕхста, афтӕ кӕнут: рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр ма фӕзилут. 33 Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы фӕндӕгтыл цӕуын бафӕдзӕхста, уыцы фӕндӕгтыл цӕут, цӕмӕй сӕрӕгас ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй бирӕ фӕцӕрат, уӕхи цы бӕстӕ бакӕндзыстут, уым. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia