Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Фӕлхатгонд ӕгъдау 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Моисей сиды йӕ адӕммӕ, цӕмӕй Дунедарӕгмӕ хъусой

1 Ӕрбайхъусут уӕдӕ, израилӕгтӕ, цы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтыл уӕ ахуыр кӕнын, уыдонмӕ, цӕмӕй удӕгасӕй баззайат ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый уӕхи бакӕнат.

2 Мӕ ныхӕстӕм ӕфтаугӕ дӕр мацы бакӕнут ӕмӕ дзы ӕппаргӕ дӕр мацы акӕнут. Ӕххӕст кӕнут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕ, ӕз уын кӕй хъусын кӕнын, уыдон.

3 Уӕхи цӕстӕй федтат, Дунедарӕг Баал-Пеоры цытӕ бакодта, уый: Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Баал-Пеоры фӕстӕ чидӕриддӕр адзӕгъӕл ис, уыдонӕн сӕ мыггаг сыскъуыдта.

4 Сымах та, Дунедарӕгыл, йӕ Хуыцауыл, йӕ зӕрдӕ чи нӕ сивта, уыдон иууылдӕр, абон дӕр ма сӕрӕгас стут.

5 Дунедарӕджы, Мӕ Хуыцауы, ныхасмӕ гӕсгӕ амонын ӕз сымахӕн фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кӕнат, цы бӕстӕм цӕут ӕмӕ уӕхи цы бӕстӕ бакӕндзыстут, уым.

6 Рох уӕ макуы уӕнт ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут. Уӕд уын ӕппӕт адӕмтӕ фендзысты уӕ куырыхон зонд; ацы уагӕвӕрдтӕ фехъусгӕйӕ, зӕгъдзысты: „Куыд ӕмбаргӕ ӕмӕ зондджын сты ацы стыр адӕм!“

7 Уымӕн ӕмӕ ма кӕм ис дыккаг ахӕм стыр адӕм, йӕ хуыцӕуттӕ, махмӕ Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, куы Йӕм скувӕм, уӕд куыд хӕстӕг вӕййы, афтӕ ӕввахс кӕмӕ сты?

8 Ӕмӕ ма кӕм ис дыккаг ахӕм стыр адӕм, йӕ фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, ӕз уын ныртӕккӕ цы ӕгъдауыл дзурын, уый хуызӕн раст кӕмӕн сты?

9 Уӕдӕ афтӕ: дӕхимӕ кӕс, ӕмӕ дӕ рох ма уӕд, дӕхи цӕстӕй цы федтай, уыдӕттӕ, цӕмӕй цӕрӕнбонты дӕ зӕрдыл лӕууой ӕмӕ дзурай дӕ цотӕн ӕмӕ дӕ цоты цотӕн.

10 Уыцы бон Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, лӕууыдыстут Хоревы рӕбын, ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта: „Адӕмы Мӕм ӕрӕмбырд кӕн, ӕмӕ сын Ӕз Мӕ ныхас фехъусын кӕндзынӕн, цӕмӕй сӕм цӕргӕбонты зӕххыл Мӕнӕй тас уа ӕмӕ сӕ цоты дӕр ууыл ахуыр кӕной“.

11 Сымах бацыдыстут ӕмӕ хохрӕбын ӕрлӕууыдыстут. Хох артау сыгъди, ӕмӕ арты ӕвзӕгтӕ арвыл ныдзӕвыдысты. Уыди саудалынг, бӕзджын мигъ ныббадти.

12 Дунедарӕг уӕм арты хуылфӕй дзырдта; сымах Ӕй хъуыстат, фӕлӕ Йӕ уынгӕ нӕ кодтат, ӕрмӕст Йӕ хъӕлӕс зӕлыди.

13 Уый уын уӕд фехъусын кодта, ӕххӕст кӕнын уын кӕй ӕмбӕлы, Йӕ уыцы бадзырд — Дӕс фӕдзӕхсты. Дыууӕ къӕйдурыл сӕ ныффыста.

14 Уӕд мын Дунедарӕг загъта, цӕмӕй уын фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ бацамонон, ӕмӕ сӕ, уӕхи кӕй бакӕндзыстут, уыцы бӕсты ӕххӕст кӕнат.


Мӕнг хуыцӕутты ахӕсты фӕуынӕй уӕхи хизут

15 Дунедарӕг уӕм Хоревы рӕбын арты хуылфӕй куы дзырдта, уӕд сымах фӕлгонц нӕ федтат. Уӕхи хъахъхъӕнут уӕдӕ.

16 Фыдбылызӕй уӕхи бахизут: ма скӕнут уӕхицӕн гуымирытӕ — мадӕр нӕлгоймаджы, мадӕр сылгоймаджы хуызы,

17 мадӕр зӕххон цӕрӕгойы, мадӕр уӕларвон маргъы хуызы,

18 мадӕр исты зӕххыл хилӕджы, мадӕр доны ленкгӕнӕг кӕсаджы хуызы.

19 Арвыл хур, мӕй, стъалытӕ, ӕппӕт уӕларвӕфсады уындӕй уӕ зӕрдӕ ма бацыбӕл уӕд уыдонӕн кувынмӕ: арвы бын цыдӕриддӕр адӕмтӕ ис, уыдонӕн сӕ радта Дунедарӕг, уӕ Хуыцау.

20 Сымах та Дунедарӕг уыцы ӕфсӕн тохынайӕ, Мысырӕй, уымӕн ракодта, цӕмӕй, мӕнӕ абон куыд у, афтӕ суыдаиккат Йӕ адӕм.

21 Мӕнмӕ сымах тыххӕй смӕсты ис Дунедарӕг ӕмӕ басомы кодта, ӕз Иорданы фаллаг фарсмӕ кӕй нӕ бахиздзынӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй хай кӕны, уыцы диссаджы бӕстӕм кӕй нӕ бацӕудзынӕн.

22 Ӕз амӕлдзынӕн ацы бӕстӕйы, Иорданы фаллаг фарсмӕ нӕ бахиздзынӕн, афтӕмӕй; сымах та бахиздзыстут ӕмӕ уыцы диссаджы бӕстӕ уӕхи бакӕндзыстут.

23 Уӕхи хъахъхъӕнут: Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, бадзырд уӕ зӕрдыл дарут: ма кӕнут уӕхицӕн гуымирытӕ, мацы кувӕн фӕлгонцтӕ аразут. Афтӕ уын фӕдзӕхсы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау.

24 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, пиллон арт у, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау!

25 Цот ӕмӕ уын цоты цот куы фӕзына, бирӕ куы фӕцӕрат уыцы бӕстӕйы ӕмӕ стӕй тӕригъӕд куы ӕруадзат Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, гуымирытӕ куы скӕнат ӕмӕ Йӕ уӕхимӕ куы смӕсты кӕнат,

26 уӕд, арв ӕмӕ зӕххыстӕн, тагъд рӕстӕджы ӕнӕхай фӕуыдзыстут, Иорданы фаллаг фарсмӕ уӕхи бакӕнынмӕ кӕй тыххӕй цӕут, уыцы бӕстӕй. Уым уын бирӕ фӕцӕрын нӕ бантысдзӕн: цагъды фӕуыдзыстут.

27 Ныххӕлиу уӕ кӕндзӕн Дунедарӕг адӕмты ’хсӕн. Армыдзаг ма уыдзыстут, Дунедарӕг уӕ кӕдӕм фӕкӕна, уыцы адӕмты ’хсӕн.

28 Лӕггад кӕндзыстут уым адӕймаджы къухӕй конд дурын ӕмӕ хъӕдын хуыцӕуттӕн, уынгӕ дӕр ӕмӕ хъусгӕ дӕр, хӕргӕ дӕр ӕмӕ ӕмбудгӕ дӕр чи нӕ кӕны, уыдонӕн.

29 Уым райдайдзыстут агурын Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ӕмӕ Йӕ удуӕлдайӕ, зӕрдиагӕй куы ӕрцагурат, уӕд Ӕй ссардзыстут.

30 Искуы уыл фидӕны уынгӕг рӕстӕг куы скӕна ӕмӕ ӕппӕт адӕттӕ куы бавзарат, уӕд раздӕхдзыстут Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, ӕмӕ Йын фехъусдзыстут Йӕ хъӕлӕс.

31 Уымӕн ӕмӕ бараг у Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Уый уӕ нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ уӕ нӕ фесафдзӕн, нӕ ферох кӕндзӕн, уӕ фыдӕлтимӕ цы бадзырд сарӕзта ӕмӕ, ард бахӕргӕйӕ, кӕй сфидар кодта, уый.


Израил — ӕвзӕрст адӕм

32 Ӕрфӕрсут-ма раздӕры заманты тыххӕй, уӕ размӕ, Хуыцау зӕххыл адӕймаджы куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ цы уыди, уыдӕттӕй, кӕддӕра арвы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ искуы ахӕм стыр диссаг ӕрцыди, ахӕмӕй исты фехъуыстӕуыд?

33 Кӕд ма уыдис афтӕ, цӕмӕй адӕмтӕй исчи сымахау Хуыцауы хъӕлӕс арты хуылфӕй фехъуса ӕмӕ сӕрӕгасӕй баззайа?

34 Кӕнӕ кӕд уыди афтӕ, ӕмӕ исты хуыцау адӕмты ’хсӕн йӕхицӕн адӕм равзара ӕмӕ сӕ уӕззау зынтӕ, ӕвдисӕйнӕгтӕ, стыр диссӕгтӕ ӕмӕ хӕстытӕй бафӕлвара, Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы ӕвирхъау тӕссаг хъуыддӕгтӕ сараза? Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕппӕт уыдӕттӕ Мысыры уӕ цӕстыты раз бакодта.

35 Сымахӕн ӕппӕт уыдӕттӕ равдыстӕуыд, цӕмӕй зонат, Дунедарӕг Хуыцау кӕй у ӕмӕ Уый йеддӕмӕ Хуыцау кӕй нӕй.

36 Уый уын уӕлӕрвтӕй фехъусын кодта Йӕ хъӕлӕс, цӕмӕй уӕ раст фӕндагыл араза. Уый уын зӕххыл фенын кодта Йе стыр арт, ӕмӕ Йын арты хуылфӕй фехъуыстат Йӕ ныхӕстӕ.

37 Уӕ фыдӕлты уын кӕй уарзта, сӕ хъӕстӕ дӕр сын уымӕ гӕсгӕ равзӕрста. Йе стыр хъаруйы фӕрцы уӕ ракодта Мысырӕй,

38 цӕмӕй фӕсурат сӕ бӕстӕй, сымахӕй бирӕ фылдӕр ӕмӕ тыхджындӕр цы адӕмтӕ сты, уыдоны; цӕмӕй уӕ ӕрбакӕна сӕ зӕхмӕ ӕмӕ уын ӕй ратта исбонӕн, мӕнӕ абон куыд у, афтӕ.

39 Зонут уӕдӕ ӕмӕ уӕ зӕрдыл бадарут: Дунедарӕг у Хуыцау уӕлейӕ, арвыл, ӕмӕ бынӕй, зӕххыл, ӕмӕ Уый йеддӕмӕ Хуыцау нӕй.

40 Ӕххӕст Ын кӕнут Йӕ фӕтк ӕмӕ Йӕ уагӕвӕрдтӕ, мӕнӕ уын ӕз кӕй амонын ныр, уыдон, ӕмӕ хорз уыдзӕн сымахӕн ӕмӕ уӕ фӕстагӕттӕн, ӕмӕ бирӕ фӕцӕрдзыстут, ӕнустӕм уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, кӕй хай кӕны, уыцы бӕсты».


Ӕмбӕхсӕн сахартӕ Иорданы был

41 Уыцы рӕстӕджы Моисей рахицӕн кодта ӕртӕ сахары Иорданӕй хурыскӕсӕнӕрдӕм,

42 цӕмӕй-иу, йе знаг нӕ уыди, афтӕмӕй ӕнӕбары искӕй чи амара, уый уыцы сахартӕй иумӕ алидза ӕмӕ афтӕмӕй фервӕза.

43 Мӕнӕ сты уыцы сахартӕ: Бецер — ӕдзӕрӕг быдыры, дӕлвӕзы, Рувимты хайыл; Рамот — Гилады, Гадты хайыл; Голан — Башаны, Менассиайы мыггаджы хайыл.

44 Мӕнӕ, Моисей израилӕгтӕн кӕй бацамыдта, уыцы Ӕгъдау,

45 Мысырӕй рацӕуыны фӕстӕ Моисей израилӕгтӕн цы фӕтк, цы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ фӕндиӕгтӕ фехъусын кодта, уыдон.

46 Уый уыди Иорданы фале, Бет-Пеормӕ ӕввахс дӕлвӕзы, Хешбоны чи хицауиуӕг кодта, уыцы амораг паддзах Сигоны зӕххыл. Моисей ӕмӕ израилӕгтӕ Мысырӕй куы рацыдысты, уӕд ӕй басастой.

47 Йӕ бӕстӕ йын, стӕй ма йемӕ ноджы Башаны паддзах Огы бӕстӕ дӕр сӕхи бакодтой. Уыцы дыууӕ амораг паддзахы зӕххытӕ сӕхи айтыгътой Иорданӕй хурыскӕсӕнӕрдӕм,

48 Арноны былгӕрон Ароерӕй Сионы хохы онг, Ермон дӕр ма йӕ хонынц.

49 Иорданӕн йӕ фаллаг фарс, скӕсӕнӕрдыгӕй цы дӕлвӕз ис, уый дӕр уыдонмӕ хауы суанг Фасгайы рӕбынмӕ, денджызы онг.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan