Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Фӕлхатгонд ӕгъдау 34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Моисейы мӕлӕт

1 Уыйадыл ссыди Моисей Моавы дӕлвӕзтӕй Невойы хохмӕ, Йерихоны бакомкоммӕ чи ис, уыцы Фасгайы сӕрмӕ. Ӕмӕ йын фенын кодта Дунедарӕг бӕстӕ кӕрӕй-кӕронмӕ — Галаадӕй Даны онг,

2 Неффалимы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй, Ефрем ӕмӕ Менассиайы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй, Иудӕйы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй, суанг ныгуылӕны денджызы онг,

3 Негев дӕр, Йерихон дӕр, Пальмӕты сахартӕ, суанг Цоары онг.

4 Загъта йын Дунедарӕг: «Уый дын, уӕ байзӕддӕгтӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн кӕй тыххӕй басомы кодтон, уыцы бӕстӕ. Дӕ цӕстӕй дын ӕй фенын кодтон, фӕлӕ йӕм дӕ къах нӕ бавӕрдзынӕ».

5 Ӕмӕ амарди уым, Моавы бӕстӕйы, Моисей, Дунедарӕджы цагъар, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ.

6 Дӕлвӕзы йӕ бавӕрдтой, Моавы, Бет-Пеоры бакомкоммӕ, фӕлӕ кӕм, уый абон дӕр бӕлвырд ничи зоны.

7 Моисейыл уӕд цыди сӕдӕ дыууын азы, фӕлӕ цӕстӕй дӕр ӕмӕ хъаруйӕ дӕр нӕма фӕцудыдта.

8 Дӕс ӕмӕ ссӕдз боны сау фӕдардтой израилӕгтӕ Моисейыл: фӕкуыдтой ӕмӕ йыл фӕхъыг кодтой Моавы дӕлвӕзы.

9 Моисей Нуны фырт Йешуайыл йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ Йешуа уӕлзондӕй схайджын ис. Израилӕгтӕ йӕ коммӕ кастысты ӕмӕ, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ кодтой.

10 Уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕ уыдис израилӕгты ’хсӕн Моисейы ӕмсӕр, Дунедарӕг лӕгӕй-лӕгмӕ кӕимӕ дзырдта, ахӕм пехуымпар.

11 Дунедарӕджы фӕндонӕй уый цы ’вдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ равдыста Мысыры — фараонӕн, йӕ цагъартӕн ӕмӕ йын йӕ бӕстӕн цытӕ бакодта!

12 Моисейы хъомысӕн ӕмӕ йӕ диссаджы хъуыддӕгтӕн ӕвдисӕн уыдис ӕгас Израил.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan