Фӕлхатгонд ӕгъдау 33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстМоисейы арфӕтӕ израилӕгтӕн 1 Йӕ мӕлӕты размӕ Моисей, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг, израилӕгтӕн арфӕ ракодта. 2 Уый загъта: «Дунедарӕг Синайӕ рацыди, Сеиры сӕрмӕ ныррухс ис, Йӕхи раргом кодта мин-мин сыгъдӕгимӕ Параны хӕхты сӕр, Йӕ рахизфарс — Ӕгъдауы арт. 3 Уарзон Ын сты Йӕ адӕм. Йӕ къухы — ӕппӕт сыгъдӕджытӕ. Ӕрзоныг кодтой Дӕ разы, Дӕ алы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнынц. 4 Моисей нын радта Ӕгъдау, Йаковы дзыллӕйы исбон. 5 Уыди уый паддзах Йешуруны, Израилы хӕдзарвӕндӕгтимӕ-иу адӕмы фӕтӕгтӕ куы ’рбамбырд сты, уӕд. 6 Ма амӕлӕд Рувим, цӕрӕд, йӕ байзӕддӕгтӕ чысыл ма уӕнт! 7 Иудӕйы тыххӕй загъта: „Фехъус, Дунедарӕг, Иудӕйы хъӕлӕс ӕмӕ йӕ ӕрбакӕн йӕ адӕммӕ. Йӕхи хъаруйӕ уый йӕхи хъахъхъӕны. Феххуыс ын кӕн йе знӕгты ныхмӕ“. 8 Левийы тыххӕй загъта: „Дӕ тумим ӕмӕ Дӕ урим — йӕ зӕрдӕ Дыл чи нӕ ивы, Массайы кӕй бафӕлвӕрдтай, Меривайы доны был кӕмӕн уайдзӕф кодтай, уыцы кувӕг лӕгмӕ. 9 Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадӕй, нӕ сӕ зонын, зӕгъгӕ, чи дзуры, йе ’фсымӕры чи нӕ нымайы, йӕ цоты чи нӕ хъуыды кӕны, уыдонӕн Дӕ дзырд сӕйрагдӕр у, Дӕ Фидыдӕй сын зынаргъдӕр ницы ис. 10 Уыдон амонынц Де ’гъдӕуттӕ Йаковӕн, Дӕ фӕдзӕхстытыл ахуыр кӕнынц Израилы; буд судзынц Дӕ разы, иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕвӕрынц Дӕ нывондхӕссӕныл. 11 Арфӕ ракӕн, Дунедарӕг, йӕ хъаруйӕн ӕмӕ йын йӕ хъуыддӕгтӕ фӕрӕстмӕ кӕн. Ныффалгӕрон ын кӕн йӕ фыдгулты, цӕмӕй йе знӕгты бон растын мауал суа“. 12 Бениамины тыххӕй загъта: „Дунедарӕгӕн уарзон чи у, уый ӕдасӕй цӕрдзӕни Хуыцауы раз — Йӕ арм ыл Уый дары кӕддӕриддӕр, йӕ фӕсчъылдым лӕууы“. 13 Йосефы тыххӕй загъта: „Дунедарӕджы арфӕйӕ ӕфсӕст у йӕ зӕхх ӕрвон ӕртах ӕмӕ дӕлдзӕхы арфӕй цӕуӕг суадӕтты донӕй; 14 уӕз кӕнынц йӕ зӕххӕн хурӕй ӕфсӕст ӕмӕ мӕйӕ рӕвдыд бӕркӕдтӕ; 15 рагон хӕхтӕ ӕмӕ ӕнусон къуылдымты цыбӕйлаг лӕвӕрттӕ; 16 зӕххы хуыздӕр хуынтӕ ӕмӕ йе ’ппӕт бӕркад. Сындзкъутӕры ӕргом Чи рацыд, Уый арфӕ ракӕнӕд Йосефӕн, ӕфсымӕрты хуыздӕрӕн! 17 Уый — галы фыццаг цӕуӕт, фидыцджын, хъӕддаг галы сыкъатау — йӕ сыкъатӕ. Фелвасдзӕни сыл адӕмты, зӕххы кӕрӕттӕм дӕр аххӕсдзӕн. Уыцы сыкъатӕ — Ефремы фӕдонтӕ дӕсгай минтӕй, Менассиайы байзӕддӕгтӕ — мингӕйттӕй“. 18 Зевулоны тыххӕй загъта: „Ды, Зевулон, райгӕйӕ цу дӕ цӕуӕнты, райгӕйӕ цӕр, Иссахар, дӕ цатырты! 19 Хохы сӕрмӕ хондзысты уыдон адӕмы, ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нывӕндтӕ хӕсдзысты, уымӕн ӕмӕ фурды бӕрӕчет ӕмӕ змисы ӕмбӕхст хӕзнатӕй цӕрдзысты“. 20 Гады тыххӕй загъта: „Арфӕгонд у Гад, йӕ къабӕзтӕ фӕйнӕрдӕм чи айтыгъта! Уый домбайау йӕ амӕттаджы мӕкъуыстӕг рарӕдувы, йӕ тыл ын ныппары. 21 Равзӕрста йӕхицӕн хуыздӕр хай — бӕстыхицауы хай; адӕмы фӕтӕгтӕ куы ӕрбамбырд сты, уӕд сӕххӕст кодта Дунедарӕджы раст фӕндон, Израилы тыххӕй Йӕ тӕрхон“. 22 Даны тыххӕй загъта: „Дан у лӕппын домбай, Башаны хохӕй ӕргӕпп кӕны“. 23 Неффалимы тыххӕй загъта: „Неффалим Дунедарӕгӕй арфӕгонд у, ныгуылӕн ӕмӕ хуссар йӕхи уыдзысты“. 24 Асиры тыххӕй загъта: „Ӕфсымӕрты арфӕгонддӕр — Асир, йе ’фсымӕртӕн уарзон, сойы йӕ къӕхтӕ ныгъуылдзысты уымӕн. 25 Ӕфсӕн ӕмӕ ӕрхуыйӕ — де ’вдузӕнтӕ, дӕ хъару цӕргӕбонты — ӕвидигӕ“. 26 Йешуруны Хуыцауӕн ӕмбал нӕй. Йе стырады дӕм уӕлӕрвты Уый ӕврӕгътыл тындзы ӕххуысмӕ. 27 Ӕнусон Хуыцау — де ’мбӕхсӕн, Йе ’нусон ӕрмтты дӕ хӕссы. Фӕсурдзӕни дын де знӕгты ӕмӕ зӕгъдзӕн: „Ныццӕгъд сӕ!“ 28 Цӕрдзӕни ӕдасӕй Израил, хибарӕй цӕрдзӕнис Йаков, арвӕй ӕртӕх кӕм лӕдӕрсы, уыцы хор ӕмӕ сӕны бӕстӕйы. 29 Тӕхудиаг дӕ ды, Израил! Кӕм ис сымахӕн ӕмбал, Дунедарӕг йӕ хъахъхъӕнӕг, йӕ уарт ӕмӕ йӕ кады кард кӕмӕн у, уыцы адӕм? Сымахӕн уе знӕгтӕ ӕрныллӕг уыдзысты уӕ разы, сымах та сын сӕ фӕсонтыл къахӕй лӕудзыстут». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia