Фӕлхатгонд ӕгъдау 32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 «Ӕрыхъус, арв, ӕз дын цы зӕгъон, уымӕ; ӕрыхъус, зӕхх, мӕ ныхасмӕ: 2 Цы зонын, уый фемӕхсдзӕни уарынау; уыдзӕни мӕ дзыхы дзырд сӕууон ӕртӕхау, нӕудзарыл тӕрккъӕвда ӕрцӕуӕгау, кӕрдӕгыл саха ныккӕлӕгау. 3 Дунедарӕджы ном стаудзынӕн! Кад кӕнут нӕ Хуыцауӕн! 4 Уый у Къӕдзӕх. Ӕнӕлаз у Йӕ алы хъуыддаг дӕр, Йӕ алы фӕндаг дӕр — рӕстаг. Иузӕрдион у Уый, ницы Йӕм ис сайдӕй, рӕстаг у ӕмӕ раст тӕрхон кӕны. 5 Ӕгоммӕгӕс ӕмӕ хъахбай фӕлтӕр Йӕ разы сӕхи сӕгад кодтой ӕмӕ Йын нал бӕззынц хъӕбултӕн. 6 Ӕнӕзонд ӕмӕ ӕнӕсӕр адӕм, Дунедарӕгӕн афтӕ фидут Йӕ хӕрзтӕ? Ӕви Уый уӕ Фыд, уе Сфӕлдисӕг нӕу? Ӕви уӕ Уый нӕ равзӕрын ӕмӕ нӕ рантысын кодта? 7 Ӕрхъуыды-ма кӕн рагзамантӕ, раздӕры фӕлтӕрты хабӕрттӕ. Бафӕрс-ма дӕ фыды, ӕмӕ дын ракӕндзӕн сӕ кой; уӕ зӕрӕдты-ма бафӕрс, ӕмӕ дын радзурдзысты уыдон. 8 Иууылбӕрзонд адӕмтӕн хӕйттӕ куы лӕвӕрдта ӕмӕ иу адӕмы иннӕмӕй куы хицӕн кодта, уӕд сын сӕ арӕнтӕ Хуыцауы фыртты нымӕцмӕ гӕсгӕ снысан кодта. 9 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы исбон — Йӕ адӕм, Йаков Дунедарӕджы у. 10 Ӕдзӕрӕг ран ӕй ссардта ӕмӕ йыл хъӕддаг ӕрнӕджы Йӕ арм дардта, цӕсты гагуыйау ӕй хъахъхъӕдта. 11 Цӕргӕс йӕ ахстон куыд хъахъхъӕна, йӕ лӕппынты сӕрмӕ куыд зилдух кӕна, афтӕ йӕ базыртӕ айтыгъта ӕмӕ сӕ фелвӕста ӕмӕ ахаста. 12 Афтӕ Дунедарӕг дӕр уыдоны иунӕгӕй размӕ кодта, кӕйдӕр хуыцау нӕ уыди семӕ. 13 Систа сӕ Уый зӕххы бӕрзӕндтӕм ӕмӕ сӕ быдыры тыллӕгӕй хаста, айнӕгӕй сын мыд лӕмӕрста, къӕдзӕхӕй — оливӕйы сой, 14 ӕхсырысӕртӕ, сӕгъы ӕхсыр сын дардта, башайнаг нард стуртӕ ӕмӕ фысвосы фыдӕй, ӕвзаргӕ мӕнӕуӕй сӕ хаста, сӕнӕфсиры тугӕй сын сӕ дойны уагъта. 15 Афтӕмӕй Йешуруныл хуыз фӕхӕцыд, ӕмӕ зӕвӕтдзӕгъдӕн систа. Снард сты, сӕ цармы нал цыдысты ӕмӕ коммӕ нал кастысты. Сӕхи атигъ кодтой се Скӕнӕг Хуыцауыл, ныууагътой сӕ ирвӕзӕн Къӕдзӕхы. 16 Кӕйдӕрты фӕзмгӕйӕ, цы гуымирытӕ сарӕзтой, уыдонӕй Йын Йӕ маст ссыгътой, се ’лгъӕгтӕм сын смӕсты ис. 17 Нывӕндтӕ Дунедарӕгӕн нӕ, фӕлӕ дӕлимонтӕн, ӕрӕджы чи фӕзындис ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ кӕй нӕ зыдтой, уыцы гуымирытӕн хастой. 18 Цы Къӕдзӕх уӕ ныййардта, Уый ныууагътат, Кӕй фӕрцы рантыстыстут, Уыцы Хуыцауы ферох кодтат. 19 Дунедарӕг уый куы федта, уӕд фыр мӕстӕй атигъ кодта Йӕхи Йӕ фырттӕ ӕмӕ Йӕ чызджытыл. 20 Загъта: „Ме ’ргом сӕ аздахдзынӕн ӕмӕ, сӕ кӕрон цӕмӕ ӕрцӕудзӕн, уый фендзынӕн. Мӕнгард фӕлтӕр сты уыдон, сӕ хӕс кӕмӕй ферох ис, ахӕм цот. 21 Сӕхицӕн гуымирытӕ сарӕзтой, смӕсты Мӕ кодтой, ӕмӕ Ӕз та афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ адӕм схонӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыдонмӕ хӕлӕг кӕндзысты. Уадз ӕмӕ уыцы ӕнӕфенд адӕммӕ мӕстӕй судзой. 22 Уымӕн ӕмӕ Мӕ маст афтӕ фыцы, ӕмӕ йӕ пиллон арт мӕрдтыбӕсты тарфмӕ дӕр ӕнхъӕвзы, зӕхх ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ныхъуыры, хохрӕбынтӕ арауы. 23 Ӕз сыл Мӕ фыдбылызтӕ бафтаудзынӕн, Мӕ фӕттӕ сыл схардз кӕндзынӕн. 24 Стонгӕй мӕлдзысты, тӕвднизӕй сӕйдзысты, рын сыл сыстдзӕни. Сырды ссыртыл ӕфтыд фӕуыдзысты, калмы маргӕй цагъды кӕндзысты. 25 Усгур лӕппу ӕмӕ чындздзон чызг, дзидзидай саби ӕмӕ урссӕр зӕронд дуарӕн ӕдде цыргъагӕй цагъды кӕндзысты, хӕдзары мидӕг та — фыр тӕссӕй. 26 Бӕргӕ сӕ ныццӕгъдин Ӕз, адӕмы ’хсӕн сӕ кой дӕр нал уаид, 27 фӕлӕ сыл се знӕгтӕ фӕхуддзысты. Фыдгултӕ сӕхицӕй ныхъхъал уыдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты, уый дам сын Дунедарӕг нӕ, фӕлӕ мах бакодтам афтӕ. 28 Уымӕн ӕмӕ уыдон сӕрӕй ӕххӕст не сты ӕмӕ ницы ӕмбарынц. 29 Зондджындӕр куы уаиккой, уӕд ӕй ӕмбариккой, разӕй сӕм цы кӕсы, уый. 30 Сӕ Хъахъхъӕнӕджы куынӕ бафӕндыдаид, Дунедарӕг сӕ куынӕ раттаид, уӕд ма искуыдӕр афтӕ уыдис, ӕмӕ иу адӕймаг мины йӕ разӕй айса, дыууӕйӕ та дӕс мины лидзӕг фӕкӕной?“ 31 Сӕ хъахъхъӕнӕг нӕ Хъахъхъӕнӕджы хуызӕн кӕй нӕу, уымӕн не знӕгтӕ сӕхӕдӕг сты ӕвдисӕн! 32 „Уымӕн ӕмӕ сӕ сӕнӕфсир Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сӕнӕфсиры тала у, йӕ гагатӕ — марг, йӕ цупӕлттӕ — маст. 33 Калмы, сау калмы марг — сӕ сӕн. 34 Исты Мӕм уыдӕттӕ ӕвӕрд не сты, бӕрӕг ран сӕ нӕ бафснайдтон? 35 Мӕ бар уадзут маст исын, аккаг сын фӕуыдзынӕн Ӕз, иу афон фӕцуддзысты. Сӕ кӕрон ӕрхӕццӕ ис, рӕхджы сӕ баййафдзӕни сӕ адзал“. 36 Дунедарӕг Йӕ адӕмы сӕрыл рахӕцдзӕни, Йӕ цагъартӕн фӕтӕригъӕд кӕндзӕни, сӕ хъару басаст ӕмӕ сӕрибарӕй, цагъарӕй царӕфтыд кӕнынц, уый куы фена, уӕд. 37 Зӕгъдзӕни: „Кӕм сты сӕ хуыцӕуттӕ, сӕ зӕрдӕ кӕуыл дардтой, уыцы фидӕрттӕ? 38 Сӕ нывӕндты фиу ӕмӕ сын-иу сӕ кувинаг сӕнӕй чи ацахуыста, уыдон? Ӕххуысмӕ уӕм растӕнт ӕмӕ уӕ фервӕзын кӕнӕнт, уыдон рахӕцӕнт уӕ сӕрыл!“ 39 Кӕсут уӕдӕ: уый Ӕз дӕн! Ӕз — Иунӕг Хуыцау! Ӕз маргӕ дӕр ӕмӕ ӕгас дӕр, цӕвгӕ дӕр ӕмӕ дзӕбӕх дӕр Мӕхӕдӕг кӕнын, ӕмӕ Мӕ къухӕй ничи никӕй фервӕзын кӕндзӕн! 40 Уӕларвмӕ Мӕ къух сисгӕйӕ, Ме ’нусондзинадӕй сомы кӕнын: 41 Мӕ цӕхӕркалгӕ кард куы сцыргъ кӕнон ӕмӕ тӕрхон кӕнынмӕ куы бавналон, уӕд Ме знӕгтӕн аккаг фӕуыдзынӕн, Мӕ фыдгултӕн схос кӕндзынӕн. 42 Мӕ фӕттӕ срасыг уыдзысты тугӕй, Уацайрӕгтӕ ӕмӕ мӕрдты фыдӕй, сӕ тугӕй бафсӕддзӕн мӕ кард, йӕ балхонты сӕртӕ сын анымайдзӕн! 43 Муртаттӕгтӕ, цин кӕнут Йӕ адӕмимӕ, уымӕн ӕмӕ Уый Йӕ цагъарты туг райсдзӕни, Йе знӕгтӕн аккаг фӕуыдзӕни ӕмӕ Йӕ адӕмы бӕстӕ ссыгъдӕг кӕндзӕни». 44 Ӕрбацыди Моисей ӕмӕ Нуны фырт Йешуаимӕ ацы зарӕджы ныхӕстӕ адӕмӕн рафӕзмыдта. 45 Ӕмӕ сӕ ӕппӕт Израилӕн куы фехъусын кодта Моисей, 46 уӕд загъта: «Ацы ныхӕстӕ уӕ зӕрдыл бадарут ӕмӕ сӕ уӕ цотӕн амонут, цӕмӕй ацы Ӕгъдау бӕстон ӕххӕст кӕной. 47 Уымӕн ӕмӕ уыдон сымахӕн хуымӕтӕджы ныхӕстӕ не сты — уӕ цард сӕ мидӕг ис. Сӕ фӕрцы, уӕхи бакӕнынмӕ цы бӕстӕм цӕут, уым, Иорданы фале, бирӕ фӕцӕрдзыстут». Дунедарӕджы тӕрхон Моисейӕн 48 Тӕккӕ уыцы бон Дунедарӕг загъта Моисейӕн: 49 «Аваримы хӕхтӕм фӕцу. Моавы, Йерихоны бакомкоммӕ, цы хох ис — Нево, уырдӕм ссу ӕмӕ Ханааныл, израилӕгтӕн кӕй хай кӕнын, уыцы бӕстыл дӕ цӕст ахӕсс. 50 Уыцы хохмӕ куы ссӕуай, уӕд уым амӕлдзынӕ ӕмӕ дӕ сыджытыл бафтдзынӕ, де ’фсымӕр Аарон Оры хохыл куыд амард ӕмӕ йӕ сыджытыл куыд бафтыдис, афтӕ. 51 Сымах Мыл Меривайы доны был, Кадешы, Цины ӕдзӕрӕг быдыры, кӕй фӕгуырысхо стут израилӕгты ’хсӕн, Ӕз уаз кӕй дӕн, уый сын кӕй нӕ фенын кодтат, уый тыххӕй уын афтӕ нывгонд у. 52 Израилӕгтӕн цы бӕстӕ дӕттын, уый дардӕй фендзынӕ, фӕлӕ уыцы бӕстӕм цӕугӕ нӕ бакӕндзынӕ». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia