Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Фӕлхатгонд ӕгъдау 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Ног уӕлахизтӕ

1 Фездӕхтыстӕм ӕмӕ Башанмӕ фӕндагыл ацыдыстӕм; Ог, Башаны паддзах, йе ’ппӕт ӕфсадимӕ нӕ ныхмӕ хӕстмӕ ралӕууыд Едреийы.

2 Ӕмӕ мын загъта Дунедарӕг: „Ма дзы тӕрс. Ӕз дын ӕй йе ’ппӕт ӕфсад ӕмӕ йӕ бӕстӕимӕ дӕ къухмӕ ратдзынӕн, ӕмӕ Сигонӕн, аморӕгты паддзахӕн, Хешбоны хицауиуӕг чи кодта, уымӕн куыд бакодтай, амӕн дӕр афтӕ бакӕндзынӕ“.

3 Уыйадыл нын Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, Башаны паддзах Огы йе ’ппӕт ӕфсадимӕ нӕ къухмӕ радта, ӕмӕ сӕ ныццагътам, удӕгасӕй дзы никӕйуал ныууагътам.

4 Уыцы заман ын йӕ сахартӕ дӕр иууылдӕр басастам; мах кӕй нӕ бацахстам, иу ахӕм дӕр дзы нал баззад — ӕртиссӕдз сахары, Арговы алфамбылӕйттӕ иууылдӕр, Огы паддзахад Башаны.

5 Иууылдӕр уыдысты, сӕ алыварс бӕрзонд систӕ кӕмӕн уыд, ахӕм ӕхгӕд сахартӕ, кулдуӕрттӕ ӕмӕ ӕвдузӕнтимӕ. Уыдонӕй уӕлдай ма басастам, бырутӕй ӕхгӕд чи нӕ уыд, бирӕ ахӕм сахартӕ дӕр.

6 Ӕлгъыстаг сӕ фӕкодтам, Хешбоны паддзах Сигонӕн куыд бакодтам, афтӕ; сахартӕн сӕ цӕрджыты ныццагътам — нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, сывӕллонӕй.

7 Фос ӕмӕ дзы мулкӕй цыдӕриддӕр уыди, уыдон та райстам ӕфтиагӕн.


Саст бӕстӕтӕ

8 Уыцы заман Иорданы фаллаг фарс дыууӕ амораг паддзахӕй мах байстам ацы зӕхх: Арноны донӕй Ермоны хохы онг:

9 (Ермон сидойнӕгтӕ хонынц Сирион, аморӕгтӕ — Сенир),

10 уӕлвӕзы сахартӕ иууылдӕр, Галаад ӕмӕ Башан ӕнӕхъӕнӕй — суанг Салха ӕмӕ Едреийы онг (паддзах Огы сахартӕ Башаны).

11 Рефаимтӕй ма фӕстагмӕ ӕрмӕстдӕр Ог, Башаны паддзах, баззади. Йӕ хуыссӕнуат уыдис ӕфсӕйнагӕй конд, йӕ дӕргъ — фараст ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — цыппар ӕлмӕрины. Уый ныр дӕр ис аммонӕгты зӕххыл, Раввайы.

12 Уӕды заман цы зӕхх байстам, уый Арноны был Ароерӕй райдайы; Галаады хӕхбӕсты ӕмбис ӕд сахартӕ ӕз Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕн радтон.

13 Галаадӕй ма цы баззади, йемӕ — Башан ӕнӕхъӕнӕй, паддзах Огы зӕхх, уый та Менассиайы байзӕддӕгты ӕмбисӕн радтон. (Аргов ӕмӕ йӕ алфамбылӕйттӕ иууылдӕр, Башанимӕ иумӕ, раздӕр хуыдтой рефаимты зӕхх.)

14 Иаир, Менассиайы фырт, йӕхи бакодта Аргов ӕмӕ йӕ алфамбылӕйттӕ иууылдӕр, суанг гешурӕгтӕ ӕмӕ маахайӕгты арӕнтӕм, йӕхи номӕй сӕ рахуыдта ӕмӕ ма абоны онг дӕр Башан хонынц Хаввот-Иаир.

15 Махирӕн ӕз радтон Галаад.

16 Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕн схай кодтон зӕххытӕ Галаадӕй Арноны дон (Арноныл цӕуы сӕ арӕн) ӕмӕ Йавочы доны онг (уыцы доны фале та аммонӕгты зӕхх ис).

17 Ноджы ма сын радтон Аравӕ Иорданы онг, Киннеретӕй Аравӕйы (Мард) денджызы онг ӕмӕ скӕсӕнӕрдыгӕй — суанг Фасгайы фӕхстӕм.

18 Загътон уын ӕз уӕд: „Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, радта сымахӕн ацы зӕхх, цӕмӕй йӕ уӕхи бакӕнат. Уӕдӕ, хӕстхъомтӕ, араст ут уе ’фсымӕрты, израилӕгты, разӕй, гӕрзифтонгӕй.

19 Ӕрмӕст уӕ устытӕ, уӕ сабитӕ ӕмӕ уӕ фос та (ӕз зонын, куыд бирӕ фос уӕм ис, уый), цы сахартӕ уын радтон, уыдоны баззайӕнт,

20 цалынмӕ Дунедарӕг уе ’фсымӕртӕн дӕр сымахау ратта ӕнцой ӕмӕ сын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Иорданы фале цы зӕхх дӕтты, уый сӕхи бакӕной, уӕдмӕ. Уый фӕстӕ уӕ алчидӕр ӕрбаздӕхдзӕн, цы зӕхх ын схай кодтон, уырдӕм“.

21 Йешуайӕн дӕр загътон уӕд: „Дӕхи цӕстӕй федтай, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ацы дыууӕ паддзахӕн цытӕ бакодта, уый. Ды цы паддзахӕдты сӕрты фӕцӕйцӕуай, уыдонӕн се ’пӕттӕн дӕр Дунедарӕг афтӕ бакӕндзӕн.

22 Ма сӕ тӕрсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг хӕцы уӕ фарс“.


Дунедарӕг Йӕхи атигъ кодта Моисейы куывдыл

23 Ӕмӕ скуывтон уӕд ӕз Дунедарӕгмӕ:

24 „Дунедарӕг Хуыцау! Ды мӕнӕн, Дӕ цагъарӕн, фенын кодтай Де стырад ӕмӕ Дӕ хъомыс! Кӕм ис арвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр ахӕм хъомысджын хуыцау, Ды кӕй аразыс, ахӕм хъуыддӕгтӕ саразын кӕмӕн бантыса?

25 Уӕдӕ мӕ бауадз Иорданыл ахизын ӕмӕ уыцы бӕркадджын бӕстӕ, уыцы рӕсугъд хӕхтӕ ӕмӕ Ливан фенын!“

26 Фӕлӕ мӕм Дунедарӕг смӕсты ис сымах тыххӕй, нӕ мӕм байхъуыста. Уый мын загъта: „Ӕгъгъӕд у! Уый кой Мын мауал скӕн!

27 Фасгайы хохы сӕрмӕ ссу ӕмӕ дӕ цӕст ахӕсс ныгуылӕн ӕмӕ цӕгатыл, хуссар ӕмӕ скӕсӕныл, фен сӕ, уымӕн ӕмӕ ды Иорданы фаллаг фарсмӕ нӕ бахиздзынӕ.

28 Йешуайӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй фидар лӕууа ӕмӕ ма фӕцуда; ацы адӕмы разӕй уый ацӕудзӕн ӕмӕ, ды дардӕй кӕй фендзынӕ, уыцы зӕхх сын уый байуардзӕн“.

29 Ӕмӕ ӕрлӕууыдыстӕм мах Бет-Пеормӕ хӕстӕг дӕлвӕзы.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan