Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Фӕлхатгонд ӕгъдау 28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Хуыцауы хорзӕхтӕ

1 Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, коммӕ куы кӕсай ӕмӕ уын кӕй дзурын, Йӕ уыцы фӕдзӕхстытӕ бӕстон куы ӕххӕст кӕнай, уӕд уӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕппӕт адӕмтӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн.

2 Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, коммӕ куы кӕсай, уӕд дыл мӕнӕ ацы арфӕтӕ иууылдӕр ӕрцӕудзысты.

3 Арфӕгонд уыдзынӕ сахары, арфӕгонд уыдзынӕ быдыры.

4 Арфӕгонд уыдзысты дӕ зӕнӕг ӕмӕ дӕ зӕххы тыллӕг, де стуртӕ ӕмӕ дӕ фысвосы цӕуӕт.

5 Арфӕгонд уыдзысты дӕ чыргъӕд ӕмӕ дӕ арынг.

6 Арфӕгонд уыдзӕн дӕ рацыд ӕмӕ дӕ бацыд.

7 Дунедарӕг уын лидзӕг фӕкӕндзӕн уе знӕгты: иу фӕндагыл уӕ ныхмӕ ралӕудзысты, авд фӕндагыл та уӕ разӕй лидздзысты.

8 Арфӕгонд уыдзысты Дунедарӕгӕй уӕ хордӕтты бӕркад ӕмӕ уӕ алы къухвӕллой, арфӕгонд уыдзыстут алцӕмӕй дӕр, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уым.

9 Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын куы ӕххӕст кӕнат ӕмӕ Йӕ фӕндӕгтыл куы цӕуат, уӕд уӕ Дунедарӕг, куыд уын расомы кодта, афтӕ Йӕ уаз адӕм скӕндзӕн.

10 Ӕмӕ фендзысты уӕд ӕппӕт дунейы адӕмтӕ, Дунедарӕджы ном кӕй хӕссут, уый ӕмӕ уӕ тӕрсдзысты.

11 Алы хорзӕхӕй уӕ схайджын кӕндзӕн Дунедарӕг: зӕнӕг, фос ӕмӕ уӕм тыллӕг бирӕ уыдзӕн, Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы зӕххыл.

12 Байгом кӕндзӕн Дунедарӕг сымахӕн Йӕ фарны хӕзнадон — арв, ӕмӕ афоныл уардзӕн къӕвда уӕ зӕххыл, ӕмӕ арфӕгонд уыдзӕн Дунедарӕгӕй уӕ алы къухвӕллой. Бирӕ адӕмтӕн дӕтдзыстут ӕфстау, фӕлӕ уӕхӕдӕг хӕсагур никӕмӕ цӕудзыстут.

13 Дунедарӕг уӕ скӕндзӕн къӕдзил нӕ, фӕлӕ сӕр, сымах бынӕй нӕ, фӕлӕ уӕле уыдзыстут, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕм куы хъусат ӕмӕ сӕ, ӕз уын куыд дзурын, афтӕ куы ӕххӕст кӕнат,

14 цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсын, уымӕй рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр куынӕ фӕзилат, ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл куынӕ адзӕгъӕл уат ӕмӕ сӕм кувын куынӕ райдайат, уӕд.


Хуыцауы азар

15 Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, коммӕ куынӕ кӕсат ӕмӕ, абон уын ӕз кӕй дзурын, ӕппӕт уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ фӕтк куынӕ ӕххӕст кӕнат, уӕд та уыл мӕнӕ ацы ӕлгъыстытӕ ӕрцӕудзысты.

16 Ӕлгъыст уыдзынӕ сахары, ӕлгъыст уыдзынӕ быдыры.

17 Ӕлгъыст уыдзысты дӕ чыргъӕд ӕмӕ дӕ арынг.

18 Ӕлгъыст уыдзысты дӕ зӕнӕг ӕмӕ дӕ зӕххы тыллӕг, де стуртӕ ӕмӕ дӕ фысвосы цӕуӕт.

19 Ӕлгъыст уыдзӕн дӕ рацыд ӕмӕ дӕ бацыд.

20 Дунедарӕджы ӕлгъыст дӕ баййафдзӕн ӕмӕ, цӕмӕдӕриддӕр бавналай, дӕ къухты алы фыдӕбон дӕр дын уыдзӕн маст ӕмӕ фыдбылызы хос. Дӕ фыдракӕндты аххосӕй, Мӕныл дӕхи кӕй атигъ кодтай, уый тыххӕй рӕхджы фесӕфдзынӕ, мыггагыскъуыд фӕуыдзынӕ.

21 Дунедарӕг уыл рын сыстын кӕндзӕн ӕмӕ, уӕхи бакӕнынмӕ кӕдӕм цӕут, уыцы зӕххыл уӕ кой дӕр нал фӕзындзӕн.

22 Дунедарӕг уыл бафтаудзӕни тарниз, тӕфсӕг ӕмӕ тӕвдниз, ӕнтӕф ӕмӕ хусрӕстӕг, уыраугӕ дымгӕ уыл рауадздзӕн, хъуына уыл схӕцын кӕндзӕн, ӕмӕ бабын уыдзыстут.

23 Уӕ сӕрмӕ арв фестдзӕн ӕрхуы, уӕ къӕхты бын зӕхх — ӕфсӕн.

24 Къӕвдайы бӕсты уын Дунедарӕг уӕ зӕххыл рыг ӕмӕ фӕнык ӕруарын кӕндзӕн, ӕмӕ уӕ цалынмӕ быныскъуыд фӕкӕна, уӕдмӕ нӕ банцайдзӕни уыцы уарын.

25 Дунедарӕг уӕ лидзӕг фӕкӕндзӕни уе знӕгты разӕй: иу фӕндагыл сӕ ныхмӕ ралӕудзыстут, авд фӕндагыл та сӕ разӕй лидздзыстут. Уӕ хъысмӕтӕй ӕппӕт дунейы адӕмтӕ дӕр ныккӕрздзысты.

26 Уӕ мӕрдтыл уын тӕхаг мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕ ӕмбырдтӕ кӕндзысты, ӕмӕ сӕ асурӕг нӕ уыдзӕн.

27 Дунедарӕг дын мысырӕгты хуызӕн дӕ буар сынкъ ӕмӕ цъутхал фестын кӕндзӕн, хӕлмагӕй дӕ ницыуал зындзӕн, хордзоны тугнизӕй хъӕрздзынӕ ӕмӕ дын хос нӕ уыдзӕн.

28 Дӕ зонд дын фӕцӕуын кӕндзӕн Дунедарӕг, саугуырм бауыдзынӕ, кӕм дӕ ӕмӕ цы дӕ, уый дӕр нал ӕмбардзынӕ.

29 Саугуырмау бон-сихорафон дӕ развӕндаг уырзӕй сгардзынӕ. Дӕ хъуыддӕгтӕй ницы фӕрӕстмӕ уыдзӕн, ӕдзухдӕр дӕ ссӕнддзысты ӕмӕ стигъдзысты, ӕмӕ дын сӕрылхӕцӕг нӕ уыдзӕн.

30 Сылгоймагимӕ бафидаудзынӕ, фӕлӕ дӕ усаг ӕндӕры бауыдзӕн. Хӕдзар сараздзынӕ, фӕлӕ дзы ӕндӕр чидӕр ӕрцӕрдзӕн. Сӕндон скӕндзынӕ, фӕлӕ дзы тыллӕг не ’рӕмбырд кӕндзынӕ.

31 Дӕ цӕстыты раз дын дӕ гал аргӕвддзысты, фӕлӕ дзы ды нӕ фӕхъӕстӕ уыдзынӕ. Дӕ хӕрӕг дын байсдзысты, ӕмӕ дын ӕй фӕстӕмӕ нал ратдзысты. Де знӕгты амӕттаг бауыдзысты дӕ фысвос, ӕмӕ дын ничи баххуыс кӕндзӕн.

32 Дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ ӕцӕгӕлон адӕмы хай бауыдзысты. Бонӕй-бонмӕ дӕ цӕстытӕ ныуурс уыдзысты, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, фӕлӕ дӕ бон ницы уыдзӕн.

33 Дӕ зӕххы тыллӕг ӕмӕ дӕ къухты фӕллой дын, кӕй никуы зыдтай, уыцы адӕм хӕрдзысты, ды та дӕ бонтӕ ссӕст ӕмӕ ӕфхӕрдӕй тондзынӕ.

34 Ӕмӕ сӕрра уыдзынӕ, ӕппӕт уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ.

35 Дунедарӕджы азарӕй дӕ уӕрджытӕ ӕмӕ дӕ зӕнгтӕ рафаддзысты, ӕмӕ сын хос нӕ ардзынӕ, сӕрӕй къӕхтӕм сынчъытӕй нал зындзынӕ.

36 Уӕхи дӕр ӕмӕ, уӕхицӕн паддзахӕй кӕй сӕвӕрат, уый дӕр Дунедарӕг акӕндзӕни, сымах дӕр кӕй нӕ зонут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, ахӕм адӕмы ’хсӕнмӕ, ӕмӕ уыцы ран ӕндӕр хуыцӕуттӕн — бӕлӕстӕ ӕмӕ дуртӕн — лӕггад кӕндзыстут.

37 Дунедарӕг уӕ цы адӕмтӕм фӕкӕна, уыдон-иу уӕ хъысмӕтӕй ныккӕрздзысты, ӕмбисондӕн уӕ хӕсдзысты ӕмӕ уыл худдзысты.

38 Бирӕ мыггаг байтаудзыстут быдыры, фӕлӕ дзы хор бирӕ нӕ сисдзыстут — мӕтыхтӕ йӕ аныхъуырдзысты.

39 Сӕндӕттӕ скӕндзыстут ӕмӕ сӕм зилдзыстут, фӕлӕ нӕдӕр сӕн фендзыстут, нӕдӕр дзы уӕ рӕбыны ӕрӕвӕрдзыстут — зулчъытӕ сӕ бахӕрдзысты.

40 Уӕ бӕстӕйы оливӕ бӕлӕстӕ бирӕ уыдзӕн, сой та — стӕм, уымӕн ӕмӕ сӕ дыргътӕ азгъӕлдзысты.

41 Фырттӕ ӕмӕ чызджыты хицау бауыдзыстут, фӕлӕ уемӕ нӕ баззайдзысты — уацары сӕ акӕндзысты.

42 Уӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ уӕ зӕххы тыллӕг иууылдӕр зулчъыты амӕттаг бауыдзӕн.

43 Уе ’хсӕн цы ’рцӕуӕггӕгтӕ ис, уыдон уӕ цуры уӕлдӕрӕй-уӕлдӕр кӕндзысты, сымах та — дӕлдӕрӕй-дӕлдӕр.

44 Уыдон сымахмӕ нӕ, фӕлӕ сымах уыдонмӕ уайдзыстут ӕфстаугур. Уыдон уыдзысты сӕр, сымах та — къӕдзил.

45 Ацы ӕлгъыстытӕ уыл иууылдӕр ӕрцӕудзысты. Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, коммӕ кӕй нӕ кастыстут, Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Йын Йӕ фӕтк кӕй не ’ххӕст кодтат, уый тыххӕй уӕ фӕдыл ӕфтыд уыдзысты ӕмӕ уӕ уӕгъд не суадздзысты, цалынмӕ бындзагъд фӕуат, уӕдмӕ.

46 Уӕхицӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр уыцы ӕлгъыстытӕ ӕвдисӕйнаг ӕмӕ рагфӕдзӕхст уыдзысты тъымы-тъымамӕ.

47 Алцыдӕр уӕм парахатӕй куы уыди, уӕд цингӕнгӕйӕ ӕмӕ райгӕйӕ уӕ Хуыцауӕн кӕй нӕ лӕггад кодтат,

48 уый тыххӕй, дойны ӕмӕ сыдӕй мӕлгӕйӕ, бӕгънӕг ӕмӕ гӕвзыккӕй, Дунедарӕг уӕ кӕй ахӕсты фӕкӕна, уыцы знӕгтӕн лӕггад кӕндзыстут. Цалынмӕ бынсӕфт фӕуат, уӕдмӕ уӕ уыдон ӕфсӕн ӕфсондзы бын дардзысты.

49 Дунедарӕджы фӕндӕй уыл арвы кӕронӕй цӕргӕсау сӕхи ныццӕвдзысты, се ’взаг дӕр кӕмӕн не ’мбардзыстут, ахӕм адӕм,

50 зӕрондӕй дӕр чи нӕ фефсӕрмы уыдзӕн ӕмӕ ӕвзонгӕн дӕр чи нӕ батӕригъӕд кӕндзӕн, ахӕм къӕйных адӕм.

51 Уӕ фос ӕмӕ уын уӕ зӕххы тыллӕг аныхъуырдзысты, ӕмӕ бацарӕфтыд уыдзыстут. Хоры гага, сӕны цъыртт ӕмӕ уын оливӕйы сойы ӕртах нал ныууадздзысты, уе стуртӕ ӕмӕ фысвосӕй уӕ ӕнӕхай фӕкӕндзысты, ӕмӕ фесӕфдзыстут.

52 Уыдон уӕ уынгӕг кӕндзысты уӕ бӕстӕйы алы сахары дӕр, цалынмӕ, уӕ зӕрдӕ кӕуыл лӕууы, уыцы бӕрзонд ӕмӕ фидар гӕнӕхтӕ ӕрызгъӕлой, уӕдмӕ. Ӕрхъула кӕндзысты, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй радта, уыцы бӕстӕйы алы сахарыл дӕр.

53 Знаг уӕ цъысыммӕ куы батӕра, уӕд уӕ хъӕбултӕн, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй радта, уыцы фырттӕ ӕмӕ чызджытӕн сӕ фыд хӕрынмӕ ӕрцӕудзыстут.

54 Хъал цардыл ахуыр чи уыди, уыцы уӕздан лӕг бирӕгъы каст кӕндзӕни йе ’фсымӕрмӕ, йӕ бинойнагмӕ, ӕгас ма йын чи уа, уыцы хъӕбултӕм.

55 Йӕ хъӕбулты фыдӕй никӕмӕн бахай кӕндзӕн, йӕхӕдӕг ыл рабаддзӕн, уымӕн ӕмӕ уӕ сӕргой фӕкӕндзысты уе знӕгтӕ, уӕ сахартӕ иууылдӕр цъысымы бахаудзысты, ӕмӕ уын ӕндӕр бахӕринаг ницы уыдзӕн.

56 Йӕ фыр буцӕй ӕмӕ йӕ фыр хъалӕй зӕххыл дӕр чи нал хӕцыд, уыцы сылгоймаг бирӕгъы каст кӕндзӕни йӕ моймӕ, йӕ лӕппу ӕмӕ йӕ чызгмӕ;

57 аргӕ-арын йӕ хуылфӕй цы ’мбайлаг рацӕуы, уымӕ, стӕй йӕ ноггуырд сабитӕм. Сусӕгӕй сӕ бахӕрдзӕн, уымӕн ӕмӕ уӕ уе знӕгтӕ сӕргой фӕкӕндзысты, уӕ сахартӕ иууылдӕр цъысымы бахаудзысты.

58 Ацы чиныг цы Ӕгъдауыл дзуры, уый бӕстон куынӕ ӕххӕст кӕнат ӕмӕ Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, куынӕ тӕрсат,

59 уӕд Дунедарӕг сымахыл дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтыл дӕр стыр бӕллӕхтӕ ӕруадздзӕн, ӕмӕ сын кӕрон нӕ уыдзӕн, уӕззау ӕмӕ, бирӕ чи хӕссы, ахӕм низтӕ уыл ӕфтаудзӕн ӕдзухдӕр.

60 Ӕмризӕджы кӕмӕй ризут, уыцы мысыраг низтӕ уыл ныххӕцын кӕндзӕн, ӕмӕ уын сӕ фервӕзӕн нӕ уыдзӕн.

61 Ӕгъдауы чиныджы кӕй тыххӕй нӕй фыст, Дунедарӕг ма уыл ахӕм цӕфтӕ дӕр ӕруадздзӕн, ахӕм низтӕ дӕр ма уыл бафтаудзӕн, ӕмӕ мыггагыскъуыд фӕуыдзыстут.

62 Арвы стъалытау сбирӕ уыдзыстут, фӕлӕ уӕ удӕгасӕй, стӕмтӕй уӕлдай, ничи баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, коммӕ нӕ кастыстут.

63 Йӕ хорзӕхтӕ уыл куы калдта ӕмӕ уын уӕ мыггаг куы бирӕ кодта, уӕд куыд ради Дунедарӕг, афтӕ райдзӕни Уый, куы уӕ цӕгъда ӕмӕ уӕ мыггагыскъуыд куы кӕна, уӕд дӕр. Уӕхи бакӕнынмӕ цы зӕхмӕ цӕут, уырдыгӕй фӕхаудзыстут.

64 Зӕххы цъары иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ уӕ ныххӕлиу кӕндзӕн Дунедарӕг дунейы ӕппӕт адӕмты ’хсӕн ӕмӕ, уӕхӕдӕг дӕр кӕмӕн ницы зонут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн дӕр ӕнӕзонгӕ чи уыдысты, уыцы хуыцӕуттӕн — дуртӕ ӕмӕ бӕлӕстӕн — лӕггад кӕндзыстут.

65 Фӕлӕ уыцы адӕмты ’хсӕн дӕр ӕнцой не ссардзыстут, уӕ къӕхты фӕллад дзы не суадздзыстут. Дунедарӕджы фӕндӕй уӕ зӕрдӕтыл ризӕг бахӕцдзӕн, уӕ цӕстыты цӕхӕр бамынӕг уыдзӕн, бастайдзысты уӕ удтӕ.

66 Дӕ уд ма дӕ мидӕг ӕнӕбары тӕпп-тӕпп кӕндзӕн, де ’хсӕвтӕ ӕмӕ дӕ бонтӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕрвитдзынӕ, ӕмӕ дӕ ныфс нӕ уыдзӕни сомбонӕй.

67 Боныгон ӕхсӕвмӕ бӕлдзынӕ, ӕхсӕвыгон та — бонмӕ, дӕ зӕрдӕйы цы тас уа ӕмӕ дӕ цӕстӕй цы уынай, уый адӕргӕй.

68 Ӕз уын афтӕ кӕмӕй загътон, нал ӕй фендзыстут, зӕгъгӕ, раст уӕ уыцы фӕндагыл уӕ наутыл аздахдзӕни Дунедарӕг фӕстӕмӕ Мысырмӕ. Нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй уыцы ран уымӕ бӕлдзыстут, цӕмӕй уӕ исчи йӕхицӕн цагъайраг скӕна, фӕлӕ уӕ хъуыдыгӕнӕг нӕ уыдзӕн».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan