Фӕлхатгонд ӕгъдау 26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстХоры сӕртӕ — Дунедарӕгӕн 1 Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕхмӕ куы бацӕуат, уӕхи йӕ куы бакӕнат ӕмӕ дзы куы ’рбынӕттон уат, 2 уӕд, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн уӕ хай кӕй кӕны, уыцы зӕххӕй тыллӕг куы сисай, уӕд ын йӕ сӕртӕй чыргъӕды ахӕсс, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уырдӕм. 3 Сауджынтӕй дзы кӕй баййафай, уымӕн зӕгъ: „Абон ӕз хъусын кӕнын Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, кӕй ӕрбацыдтӕн, Дунедарӕг, махӕн ӕй ратдзӕн, зӕгъгӕ, нӕ фыдӕлтӕн цы бӕстӕй зӕрдӕ бавӕрдта, уырдӕм“. 4 Сауджын райсдзӕн чыргъӕд ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, нывондхӕссӕны раз сӕвӕрдзӕн. 5 Ды та-иу зӕгъ Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз: „Мӕ фыдӕлтӕ уыдысты цӕугӕцардгӕнӕг арамейӕгтӕ. Армыдзагӕй Мысырмӕ фӕхаудтой, уым ӕрцардысты, ӕмӕ сӕ мыггаг даргъ-уӕрӕх ацыди, бабирӕ сты ӕмӕ хъаруджын адӕм систы. 6 Фӕлӕ нын мысырӕгтӕ хорз нӕ уыдысты, ӕфхӕрдтой нӕ, уӕззаудӕр цы куыст ис, ууыл нӕ ӕфтыдтой. 7 Сдзынӕзтам Дунедарӕгмӕ, нӕ фыдӕлты Хуыцаумӕ, ӕмӕ нын Дунедарӕг фехъуыста не ’рдиаг. Уый нын федта нӕ фыдбылызтӕ, нӕ фыдӕбӕттӕ ӕмӕ не ’фхӕрд. 8 Йӕхи къухӕй нӕ ракодта Мысырӕй Дунедарӕг, Йӕ арм ныл дардта, стыр тас ныл ӕфтыдта, ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ нын уынын кодта, афтӕмӕй. 9 Ӕрбакодта нӕ ацы ранмӕ ӕмӕ нын, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы зӕхх радта. 10 Ӕмӕ мӕнӕ ӕрбахастон, Дунедарӕг, Ды мын кӕй радтай, уыцы зӕххы тыллӕгӕн йӕ сӕртӕ“. Ӕмӕ сӕ ӕрӕвӕр Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз, ӕмӕ дӕ сӕрӕй ныллӕг акув Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн. 11 Райӕд дӕ зӕрдӕ, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕуӕн ӕмӕ дӕ бинонтӕн цы бӕркӕдтӕ радта, уыдонӕй. Цин кӕнут: ды дӕр, левит дӕр ӕмӕ уе ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг дӕр. Ӕртыккаг аз — дӕсӕймаг хайы аз 12 Ӕртыккаг аз, дӕсӕймаг хӕйтты аз, де ’ппӕт тыллӕгӕн йӕ дӕсӕймаг хай куы рахицӕн кӕнай ӕмӕ йӕ левит, ӕрцӕуӕггаг, сидзӕр ӕмӕ сидзӕргӕсӕн куы раттай, цӕмӕй ӕххормаг ма уой дӕ сахары, 13 уӕд зӕгъ Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз: „Рахицӕн кодтон мӕ хӕдзарӕй уаз хай ӕмӕ йӕ, Ды мын куыд бафӕдзӕхстай, афтӕ левит, ӕрцӕуӕггаг, сидзӕр ӕмӕ сидзӕргӕсӕн радтон. Дӕ фӕдзӕхстытӕй иу дӕр нӕ ферох кодтон, иуы сӕрты дӕр дзы нӕ ахызтӕн. 14 Мӕ хъыджы сахат дзы нӕ бахордтон, фӕчъизи дӕн, афтӕмӕй йӕ нӕ рахицӕн кодтон, мардӕн дзы рухсаг нӕ загътон. Дунедарӕджы, мӕ Хуыцауы, ныхасмӕ хъуыстон, алцӕмӕй дӕр Дын Дӕ фӕндон ӕххӕст кодтон. 15 Ӕркӕс нӕм уӕдӕ уӕларвӕй, Дӕ уаз бадӕнӕй! Арфӕ ракӕн Дӕ адӕмӕн, Израилӕн, стӕй, махӕн ӕй раттынӕй нӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдтай ӕмӕ нын кӕй радтай, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы зӕххӕн“. 16 Абон уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, зӕгъы, цӕмӕй ацы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдты сӕрты ма хизат. Ӕнувыдӕй ӕмӕ сӕ зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнут! 17 Дунедарӕгӕн загътат сымах абон, уӕ Хуыцау кӕй у, Йӕ фӕндӕгтыл кӕй цӕудзыстут ӕмӕ Йын Йӕ фӕтк, Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Йӕ уагӕвӕрдтӕ кӕй ӕххӕст кӕндзыстут, кӕй Йӕм хъусдзыстут. 18 Дунедарӕг та загъта сымахӕн, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ Йе ’взӕрст адӕм кӕй уыдзыстут ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕнат. 19 Цӕмӕй уӕ, кӕй сӕвзӕрын кодта, ӕппӕт уыцы адӕмтӕй уӕлдӕр сӕвӕра, кад, намыс ӕмӕ уӕ ӕппӕт хӕрзты аккаг скӕна, ӕмӕ, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, уаз адӕм уат». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia