Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Фӕлхатгонд ӕгъдау 25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Надӕй бафхӕрыны тыххӕй

1 Исчи искӕимӕ фӕбыцӕу ис, зӕгъгӕ, уӕд сӕ тӕрхоны раз ӕрлӕууын хъӕуы: уадз ӕмӕ хъуыддаг ӕвзӕрст ӕрцӕуа ӕмӕ рабӕрӕг уа, раст чи у ӕмӕ зылын чи у, уый.

2 Кӕд зылынджын нӕминаг уа, уӕд тӕрхонгӕнӕг бардзырд раттӕд, цӕмӕй йын ӕй йӕ цӕстыты раз радӕргъ кӕной ӕмӕ йын, йӕ азыммӕ гӕсгӕ цас ӕмбӕлы, уал цӕфы ныккӕной.

3 Дыууиссӕдз цӕфы фаг у. Уымӕй фылдӕр нӕ, науӕд де ’фсымӕр фӕхудинаг уыдзӕн дӕ цӕстыты раз.

4 Найгӕнӕг галӕн йӕ дзых ма бӕтт.


Ӕвӕстагӕй чи амард, уыцы лӕджы идӕдзы тыххӕй

5 Ӕфсымӕртӕ иумӕ цӕрынц, ӕмӕ сӕ иу амарди, фырт та йын нӕ баззади, зӕгъгӕ, уӕд ын йӕ идӕдзы хъуамӕ иннӕ ӕфсымӕр ракура.

6 Фыццаг сын цы лӕппу райгуыра, уый цыма мард ӕфсымӕры фырт у, афтӕ нымад ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ мард ӕфсымӕрӕн израилӕгты ’хсӕн йӕ ном нӕ фесӕфдзӕн.

7 Фӕлӕ уыцы лӕг йӕ чындзы ракурыныл разы куынӕ уа, уӕд чындз рацӕуӕд сахары кулдуары размӕ, хистӕртӕм, ӕмӕ зӕгъӕд: „Мӕ тиуы нӕ фӕнды, йе ’фсымӕры ном Израилы ’хсӕн ма фесӕфа, уый, мӕн ракурыныл разы нӕу“.

8 Уӕд хистӕртӕ хъуамӕ фӕдзурой лӕгмӕ ӕмӕ йемӕ ӕрныхас кӕной. Уый сӕ коммӕ нӕ бакасти, нӕ мӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, цӕхгӕр ныллӕууыди,

9 уӕд йе ’фсымӕры идӕдз бацӕуӕд, хистӕрты раз ын йӕ дзабыр йӕ къахӕй раласӕд, йӕ тӕккӕ цӕсгомыл ын бату кӕнӕд ӕмӕ зӕгъӕд: „Йе ’фсымӕры хӕдзар ногӕй рацаразын кӕй нӕ фӕнды, уымӕн мӕнӕ афтӕ бакӕнынц“.

10 Уыйадыл уыцы лӕджы хӕдзарвӕндагыл Израилы ’хсӕн, „бӕгъӕввӕдты мыггаг“, зӕгъгӕ, уыцы ном сбаддзӕн.


Иргъӕвӕг сылгоймаджы тыххӕй

11 Дыууӕ нӕлгоймаджы хыл кӕнынц ӕмӕ сӕ иуы ус йӕ лӕджы фервӕзын кӕныны тыххӕй, чи йӕ нӕмы, уымӕ бацыд ӕмӕ йын йе ’рдон буархаймӕ ӕнӕфсармӕй фӕлӕбурдта, зӕгъгӕ,

12 уӕд, дӕ цӕст дӕр ма фӕныкъул, афтӕмӕй йын йӕ къух атӕхын кӕн.


Ӕнӕзӕрдӕхудт сӕудӕджеры тыххӕй

13 Дӕ хызыны дыууӕ алыхуызон уӕзбарӕны ма уӕд, сӕ иу — стырдӕр, иннӕ — къаддӕр.

14 Дӕ хӕдзары дыууӕ алыхуызон бӕрцбарӕн мигӕнӕны ма уӕд, сӕ иу — стырдӕр, иннӕ — къаддӕр.

15 Дӕ уӕзбарӕнӕн хъуамӕ уа раст ӕмӕ бӕлвырд уӕз, дӕ барӕн мигӕнӕнӕн — раст ӕмӕ бӕлвырд бӕрцуат. Уӕд бирӕ фӕцӕрдзынӕ, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл:

16 ахӕм митӕ чи кӕны, уыдонӕй алчидӕр, алы фӕлитой дӕр, ӕлгъаг у Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн.


Хуыцауы фӕндон у амалекӕгтӕй маст райсын

17 Мысырӕй куы рацыдыстут, уӕд уын уыцы фӕндагыл амалекӕгтӕ цы бакодтой, уый дӕ рох ма уӕд.

18 Куы уыл бамбӕлдысты, уӕд уыл чъылдымӕрдыгӕй сӕхи ныццавтой ӕмӕ, йӕ бон цӕуын кӕмӕн нал уыд ӕмӕ фӕсте чи баззад, уыдоны ныццагътой: сымах фыр фӕлладӕй бастадыстут, уыдон та Хуыцауӕй нӕ фӕтарстысты.

19 Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымах куы фервӕзын кӕна уӕ алыварс знӕгтӕй ӕмӕ уын исбонӕн кӕй радта, уыцы зӕххыл уӕ куы ’рбынӕттон кӕна, уӕд-иу уӕ ма ферох уӕнт амалекӕгтӕ — сӕ кой дӕр-иу сын фесафут зӕххыл.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan